Æфсымæрон Абхазы уавæры тыххæй фæстиуджытæ аразын иуæй нырма раджы у, иннæмæй та стыр бæрнон хъуыддаг у, фæ­лæ хъуыддаг æрцыди æмæ цæ­уы, зæгъгæ, уæд хи ницыуынæг скæнын дæр цас раст у.
Фыццаджыдæр уал æрымысын æмбæлы Абхаз æмæ Ир кæрæ­дзи­йæн цы бавæййынц уый, æмæ ацы ран канд хъысмæтты æнгæс­дзинадыл нæ цæуы дзырд. Мæн­мæ афтæ кæсы, æмæ канд мæн­мæ нæ, цыма мах бирæ цæмæ­йдæрты стæм баст Абхазы адæ­мимæ. Æз нæ дзурдзынæн, зæр­дæйæ зæрдæмæ нын цы бастдзинад ис, уый фæдыл, фæлæ ацы фарстыл хъуыдыты аххосæй æз сæмбæлдтæн Абхазаг æхсæнадон архайæг æмæ аналитик Да­вид Дасанияйы уацыл «Сравнение абхазского языка с осетинским». Уацы автор лæмбынæг æв­зары дыууæ æвзаджы æнгæсдзи­нæдтæ, Абайты Васойы иртасæн куыстытыл æнцойгæнгæйæ. Бæ­рæг у, ирон адæммæ йæ хъарм ахаст истæй фæрцы куы равдисид, уый йæ кæй фæнды. Уыйадыл сарæзта ахæм хатдзæгтæ¸ зæгъ­гæ, ацы дыууæ æвзаджы би­рæ ис æнгæс дзырдтæ. Æцæг ака­демион æвзагзонынады уый фæ­дыл ницы бæлвырд зонæнтæ ис.
Бастдзинæдты кой куы кæнæм, уæд ма æрæджы Абхазы сæйраг сахар Сухумы уæвгæйæ, æз ны­хас кодтон бæстæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Вахтанг Абхазо­уимæ. Уый æргом басасти, ирон литературæйы ныртæккæ цы цæ­уы, уымæн кæй ницы зоны. Ацы ныхæстæ Вахтанг загъта стыр хъыг­­­зæр­­дæйæ, æмæ йæ бафæн­дыд, цæмæй журнал «Фидиуæг»-ы ре­дакциимæ «сног кæнæм нæ раз­дæры æмгуыстад». «Советон ду­джы мах æнгомæй архайдтам, тæл­мац кодтам кæрæдзи уацмыс­тæ æмæ сæ мыхуыр кодтам нæ литературон журналты», – загъта уый. Ууыл сразы стæм, æмæ ны­рæй фæстæмæ фидар кæндзыс­тæм нæ ахастытæ литературæйы къабазы, кæд уый ныры дуджы би­рæ ницы дæтты, уæддæр.
Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг хæлардзинадæн фаг не сты æн­къа­рæнтæ дæр, æмæ мах та канд æн­къарæнтæ нæ бæттынц кæрæ­дзийыл. 1992-93 азты Абхазмæ гуырдзиаг гарзджын тыхтæ куы ныббырстой, уæд сæм фыццаг æххуысмæ æрбацыдысты ирон хæстон лæппутæ. Уыдон удуæл­дайæ хъахъхъæдтой нæ адæм­ты æхсæн хæлардзинад, æмæ фыц­цаджыдæр та не ʻфсымæрты сæ­ри­бардзинад æмæ сæ цард. Ирон лæппутæ уæды дуджы фæ­мард сты цалдæрæй. Уыдон æх­сæн Цо­циты Таймураз, Мæргъиты Ацæ­мæз, Сиукъаты Джемал, Енал­­дыты Дима, Леоны ордены ка­ва­лертæ Роберт Петров æмæ Ко­за­ты Робин.
Дыууæ адæмы æхсæн хæлардзинад æнæфæцудгæ скæнынæн ма, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг ахсджиаг хъуыддаг у дыууæ бæс­тæйы кæрæдзи хæдбардзинад кæй банымадтой, стæй 19 сентябры 2005 азы хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл цы бадзырд сарæзтой, уый. Бадзырд фидаргонд æрцыд йæ сæвзæрдæй иу афæдзы фæстæ дыууæ бæстæ­йы парламенты дæр. Дыууæ бæс­тæ­йы æхсæн дипломатон ахастытæ та арæзт æрцыд 15 февралы 2006 азы. 2008 азы нæ адæм­тæ иумæйаг хъарутæй лæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ. 2015 азы Абхаз æмæ Хус­сар Ирыстон къух æрфыстой кæ­рæдзимæ æнæ визæтæй бал­цы цæуыны тыххæй бадзырдыл. Фæ­лæ ма дзы ис иу ахсджиаг ба­дзырд, дыууæ бæстæйыл ахс­джи­аг хæс чи æвæры: Кæд дыууæ бæстæйæ искæйы зæхмæ знаг бабырса, уæд уый нымад уыдзæн иумæйаг знагыл.
Уæдæ ма æфсымæрдзинады ахастытæн æндæр цы хъæуы? Мæнмæ гæсгæ фаг сты утæппæт бадзырдтæ, цæмæй нæ адæмты хæ­лардзинады дон дæр ма атæдза, не ʻхсæн æрду дæр ма ауайа. Фæ­лæ абон рæстæг афтæ сæм­тъеры, æмæ куыдз йæхионы дæр нал ары. Цæвиттон, Абхазы ныр­тæк­кæ цы æхсæнадон-политикон хæццæдзинад ис, ууыл бирæтæ асагъæс кæныны бæсты, (уæл­дæр цы бадзырдтæ ранымадтон, уыдон амындмæ гæсгæ) се ʻрттæ цæгъдынц æмæ дзурынц, Уæрæ­сейы ныхмæ систы, зæгъгæ. Фыц­цаджыдæр уал фидарæй зонын хъæуы, Абхазы зæххыл Уæрæсейы ныхмæ зæрдæйыуаг иу адæ­й­магмæ дæр кæй нæй. (Уый хъу­а­мæ дæхи цæстæй фенай). Кæд дзы ис бæлвырд æхсæнадон хъа­угъатæ, уæддæр уый у æнæниз æм­бæс­тагон æхсæнады царды нысан.
Мæнмæ гæсгæ, абха­зæг­тæ, незамантæй нырмæ дæр фе­сæ­фæн кæмæн нæ уыд, уыдон æнæ­хъу­аджы дзырддаг не скæн­дзыс­ты искæцы хъуыддаг, кæд æмæ йын ницы бындур ис, уæд.
Абхазæн, куыд паддзахад, аф­тæ йæ уидæгтæ аивгъуыдтой не­за­манты арфмæ. Йæ историмæ йын уæлæнгай æркæсын фаг нæу, уы­мæн æмæ адæймагмæ афтæ кæ­сы, цыма дуне куы сæвзæрд, Аб­хаз дæр уæд йемæ равзæрд. Ахæм диссаджы рагон адæмæн куыд­нæ хъуамæ уа сæ хиæмбары­над? Ис сын хæдбындур зонда­хаст æмæ цæстæнгас дунейы ца­у­тæм, адæмты æхсæн ахасты­тæм. Уыимæ иумæ къæдзæхау фи­дар лæууынц сæ хæдбардзина­ды фæндагыл. Мæнмæ гæсгæ, Уæ­рæ­сейы ныхмæ дзурынц, зæ­гъ­гæ, уый æнæрхъуыды æмæ рæ­узонд ныхас у. Цæмæй ацы адæ­мы тохы аххосаг раст бамбарай, уый тых­хæй сæ уды сагъæс хъуамæ дæ­химæ райсай, æмæ уый та йæ бон у æрмæст уарзæг æмæ аудæг зæрдæйæн. Политикæйы фæндагыл та, æмбæстагон æхсæнад куы райгуыры, уæд цæ­уылдæр кæуын райдайы, саби дзу­лыл куыд фæкæ­уы, афтæ. Аб­хазаг адæмы æм­бæстагон змæлд та диссаг цæ­мæн хъуамæ уа, кæд нæм демократи æмæ сæрибарæй дзурыны бартæ ис, уæд? Цы дис­саг у, рагон æмæ куырыхон кавка­заг сахъ лæп­путæм цыдæртæ хар­дзау куы фæ­кæсой сæ царднывæз­ты, уæд? Æви сæрибар ныр­тæк­кæ цæст­мæхъусæй худинаг­дæр у?
Мæ лирикон хъуыдытæ: Уæдæ ма афæлгæсут, цæст кæуыл не ʻххæс­сы, Апсныйы уыцы зæххытыл, абадут Сау денджызы был æмæ йын байхъусут йе ʻнусон та­у­рæгътæм. Уæдæ ма æрыхъусут аб­хазаг адæмæн се ʻвзаджы зæл­тæм, æмæ банкъарут, уыцы зæл­ты кæй хъуысы тызмæг денджызы абухын, æнæрцæф цæргæсы ба­зырты пæр-пæр, бæрзонд къæ­дзæхты æхсæн кæмтты нæрын, тас­гæ-уасгæ палмæты зæнгты къæс-къæс, хурæфсæст фæрн­джын æрдзы æнус-æнусты айзæ­лд.
Куыд уыдзысты ахæм зæххыл цæ­рæг адæм рæузонд, куыд дзур­дзысты сæ ахсджиаг æмдзугæн­джыты ныхмæ. Цавæр ба­дзырд фе­хæлдтой Абхазы адæм? Кæд мый­йаг сæ рагфыдæлтимæ ба­дзырд фехалын уыдонмæ зын­дæр кæсы æмæ сæ уыцы сусæг­дзинад тыхсын кæны. Кæд мыййаг ацы рагон адæм сæ дадзинаты историон фæлтæрддзинад да­рынц æмæ сæ фидæны хъысмæ­ты æбæрæгдзинад тæрсын кæны.
Уæдæ æппæт адæттыл чи хъу­амæ хъуыды кæна, чи сæ æмбара, мах, сæ æрдхæрдтæй раздæр? Мах семæ уыйбæрц бадзырд­тæ саразæг, сæ тугхæстæг адæм (кæрæдзи сæрыл туг нык­калдтам), хъуамæ уыдон зонд, хъуыды æмæ тырнындзинад æп­пæт адæмтæй дæр хуыздæр æм­бариккам. Æниу ахæм заманы по­литикон хæрзæгъдау халын дæр нæ фидауы, паддзахады мид­хъуыд­­дæгтæ йæхæдæг хъуамæ скъуыд­дзаг кæна, уымæн æмæ сæ æтте бакæсгæйæ раст чи баб­м­­бардзæни, фæлæ дзы иу та æм­зæрдæдзинад хуыйны. «Æз дæ хорз æмбарын», зæгъгæ, уый зæ­гъын ныл æнæмæнг æмбæлы. Аф­тæ куы нæ уа, уæд историйы сыф­тыл фыст æрцæудзæн нæ иунæ­джы таурæгъ. Иунæг цы у, уый та нын хорз бацамыдтой нæ куырыхон фы­дæлтæ се ʻмбисæндты фæр­цы. Уыдон æй хъæды халонау мæ­гуыр хуыдтой. Бирæ рæн­хъытæ фæ­фыста нæ уарзон Хе­тæ­джы фырт дæр ацы мæгуырдзинадыл: «Цæй мæгуыр дæ иунæг, дæ мад амæ­ла!»
Æгæрыстæмæй ма йе ʻмдзæв­гæ «Чи дæ?»-йы йæ ном иунæг схуыд­та. Уымæй сныв кодта йæ хисæр­магонд фæлгонц, цæрæн­бон­ты йе ʻмбæлццонæй чи баззади. Æмæ йын, æвæццæгæн, уы­мæй стырдæр маст ницы æрхаста. «Фæрсут-ма мæ, чи дæ, уæд иунæг – мæ ном…»
Къубалты Алыксандр дæр хъа­рæг­­гæнæгау дзуры йæ хъайтары тых­хæй:
– Гъе мæгуыр Хæсанæ! Гъе мæ­гуыр иунæг лæг,
Æф­хæр­­дты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт,
Æф­сымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны…
Уæдæ мах дæр зæххы къорийыл хъуамæ хæлæрттæ æмæ æр­вадæлтæ агурынмæ тырниккам, цæмæй нæ уды фидардзинад уа. Уырыссаг æмбисонд цæйау зæ­гъы, æфсымæр æфсымæры фæр­цы тыхджын у, зæгъгæ.
Кæннод цы ахъаз сты гæх­хæт­тыл фыст бадзырдтæ, æрдхорд æрд­хорды куы нæ æмбара, уæд?..

Годжыцаты Нелли

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.