Æфсымæрон Абхазы уавæры тыххæй фæстиуджытæ аразын иуæй нырма раджы у, иннæмæй та стыр бæрнон хъуыддаг у, фæлæ хъуыддаг æрцыди æмæ цæуы, зæгъгæ, уæд хи ницыуынæг скæнын дæр цас раст у.
Фыццаджыдæр уал æрымысын æмбæлы Абхаз æмæ Ир кæрæдзийæн цы бавæййынц уый, æмæ ацы ран канд хъысмæтты æнгæсдзинадыл нæ цæуы дзырд. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ канд мæнмæ нæ, цыма мах бирæ цæмæйдæрты стæм баст Абхазы адæмимæ. Æз нæ дзурдзынæн, зæрдæйæ зæрдæмæ нын цы бастдзинад ис, уый фæдыл, фæлæ ацы фарстыл хъуыдыты аххосæй æз сæмбæлдтæн Абхазаг æхсæнадон архайæг æмæ аналитик Давид Дасанияйы уацыл «Сравнение абхазского языка с осетинским». Уацы автор лæмбынæг æвзары дыууæ æвзаджы æнгæсдзинæдтæ, Абайты Васойы иртасæн куыстытыл æнцойгæнгæйæ. Бæрæг у, ирон адæммæ йæ хъарм ахаст истæй фæрцы куы равдисид, уый йæ кæй фæнды. Уыйадыл сарæзта ахæм хатдзæгтæ¸ зæгъгæ, ацы дыууæ æвзаджы бирæ ис æнгæс дзырдтæ. Æцæг академион æвзагзонынады уый фæдыл ницы бæлвырд зонæнтæ ис.
Бастдзинæдты кой куы кæнæм, уæд ма æрæджы Абхазы сæйраг сахар Сухумы уæвгæйæ, æз ныхас кодтон бæстæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Вахтанг Абхазоуимæ. Уый æргом басасти, ирон литературæйы ныртæккæ цы цæуы, уымæн кæй ницы зоны. Ацы ныхæстæ Вахтанг загъта стыр хъыгзæрдæйæ, æмæ йæ бафæндыд, цæмæй журнал «Фидиуæг»-ы редакциимæ «сног кæнæм нæ раздæры æмгуыстад». «Советон дуджы мах æнгомæй архайдтам, тæлмац кодтам кæрæдзи уацмыстæ æмæ сæ мыхуыр кодтам нæ литературон журналты», – загъта уый. Ууыл сразы стæм, æмæ нырæй фæстæмæ фидар кæндзыстæм нæ ахастытæ литературæйы къабазы, кæд уый ныры дуджы бирæ ницы дæтты, уæддæр.
Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг хæлардзинадæн фаг не сты æнкъарæнтæ дæр, æмæ мах та канд æнкъарæнтæ нæ бæттынц кæрæдзийыл. 1992-93 азты Абхазмæ гуырдзиаг гарзджын тыхтæ куы ныббырстой, уæд сæм фыццаг æххуысмæ æрбацыдысты ирон хæстон лæппутæ. Уыдон удуæлдайæ хъахъхъæдтой нæ адæмты æхсæн хæлардзинад, æмæ фыццаджыдæр та не ʻфсымæрты сæрибардзинад æмæ сæ цард. Ирон лæппутæ уæды дуджы фæмард сты цалдæрæй. Уыдон æхсæн Цоциты Таймураз, Мæргъиты Ацæмæз, Сиукъаты Джемал, Еналдыты Дима, Леоны ордены кавалертæ Роберт Петров æмæ Козаты Робин.
Дыууæ адæмы æхсæн хæлардзинад æнæфæцудгæ скæнынæн ма, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг ахсджиаг хъуыддаг у дыууæ бæстæйы кæрæдзи хæдбардзинад кæй банымадтой, стæй 19 сентябры 2005 азы хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл цы бадзырд сарæзтой, уый. Бадзырд фидаргонд æрцыд йæ сæвзæрдæй иу афæдзы фæстæ дыууæ бæстæйы парламенты дæр. Дыууæ бæстæйы æхсæн дипломатон ахастытæ та арæзт æрцыд 15 февралы 2006 азы. 2008 азы нæ адæмтæ иумæйаг хъарутæй лæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ. 2015 азы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон къух æрфыстой кæрæдзимæ æнæ визæтæй балцы цæуыны тыххæй бадзырдыл. Фæлæ ма дзы ис иу ахсджиаг бадзырд, дыууæ бæстæйыл ахсджиаг хæс чи æвæры: Кæд дыууæ бæстæйæ искæйы зæхмæ знаг бабырса, уæд уый нымад уыдзæн иумæйаг знагыл.
Уæдæ ма æфсымæрдзинады ахастытæн æндæр цы хъæуы? Мæнмæ гæсгæ фаг сты утæппæт бадзырдтæ, цæмæй нæ адæмты хæлардзинады дон дæр ма атæдза, не ʻхсæн æрду дæр ма ауайа. Фæлæ абон рæстæг афтæ сæмтъеры, æмæ куыдз йæхионы дæр нал ары. Цæвиттон, Абхазы ныртæккæ цы æхсæнадон-политикон хæццæдзинад ис, ууыл бирæтæ асагъæс кæныны бæсты, (уæлдæр цы бадзырдтæ ранымадтон, уыдон амындмæ гæсгæ) се ʻрттæ цæгъдынц æмæ дзурынц, Уæрæсейы ныхмæ систы, зæгъгæ. Фыццаджыдæр уал фидарæй зонын хъæуы, Абхазы зæххыл Уæрæсейы ныхмæ зæрдæйыуаг иу адæймагмæ дæр кæй нæй. (Уый хъуамæ дæхи цæстæй фенай). Кæд дзы ис бæлвырд æхсæнадон хъаугъатæ, уæддæр уый у æнæниз æмбæстагон æхсæнады царды нысан.
Мæнмæ гæсгæ, абхазæгтæ, незамантæй нырмæ дæр фесæфæн кæмæн нæ уыд, уыдон æнæхъуаджы дзырддаг не скæндзысты искæцы хъуыддаг, кæд æмæ йын ницы бындур ис, уæд.
Абхазæн, куыд паддзахад, афтæ йæ уидæгтæ аивгъуыдтой незаманты арфмæ. Йæ историмæ йын уæлæнгай æркæсын фаг нæу, уымæн æмæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма дуне куы сæвзæрд, Абхаз дæр уæд йемæ равзæрд. Ахæм диссаджы рагон адæмæн куыднæ хъуамæ уа сæ хиæмбарынад? Ис сын хæдбындур зондахаст æмæ цæстæнгас дунейы цаутæм, адæмты æхсæн ахастытæм. Уыимæ иумæ къæдзæхау фидар лæууынц сæ хæдбардзинады фæндагыл. Мæнмæ гæсгæ, Уæрæсейы ныхмæ дзурынц, зæгъгæ, уый æнæрхъуыды æмæ рæузонд ныхас у. Цæмæй ацы адæмы тохы аххосаг раст бамбарай, уый тыххæй сæ уды сагъæс хъуамæ дæхимæ райсай, æмæ уый та йæ бон у æрмæст уарзæг æмæ аудæг зæрдæйæн. Политикæйы фæндагыл та, æмбæстагон æхсæнад куы райгуыры, уæд цæуылдæр кæуын райдайы, саби дзулыл куыд фæкæуы, афтæ. Абхазаг адæмы æмбæстагон змæлд та диссаг цæмæн хъуамæ уа, кæд нæм демократи æмæ сæрибарæй дзурыны бартæ ис, уæд? Цы диссаг у, рагон æмæ куырыхон кавказаг сахъ лæппутæм цыдæртæ хардзау куы фæкæсой сæ царднывæзты, уæд? Æви сæрибар ныртæккæ цæстмæхъусæй худинагдæр у?
Мæ лирикон хъуыдытæ: Уæдæ ма афæлгæсут, цæст кæуыл не ʻххæссы, Апсныйы уыцы зæххытыл, абадут Сау денджызы был æмæ йын байхъусут йе ʻнусон таурæгътæм. Уæдæ ма æрыхъусут абхазаг адæмæн се ʻвзаджы зæлтæм, æмæ банкъарут, уыцы зæлты кæй хъуысы тызмæг денджызы абухын, æнæрцæф цæргæсы базырты пæр-пæр, бæрзонд къæдзæхты æхсæн кæмтты нæрын, тасгæ-уасгæ палмæты зæнгты къæс-къæс, хурæфсæст фæрнджын æрдзы æнус-æнусты айзæлд.
Куыд уыдзысты ахæм зæххыл цæрæг адæм рæузонд, куыд дзурдзысты сæ ахсджиаг æмдзугæнджыты ныхмæ. Цавæр бадзырд фехæлдтой Абхазы адæм? Кæд мыййаг сæ рагфыдæлтимæ бадзырд фехалын уыдонмæ зындæр кæсы æмæ сæ уыцы сусæгдзинад тыхсын кæны. Кæд мыййаг ацы рагон адæм сæ дадзинаты историон фæлтæрддзинад дарынц æмæ сæ фидæны хъысмæты æбæрæгдзинад тæрсын кæны.
Уæдæ æппæт адæттыл чи хъуамæ хъуыды кæна, чи сæ æмбара, мах, сæ æрдхæрдтæй раздæр? Мах семæ уыйбæрц бадзырдтæ саразæг, сæ тугхæстæг адæм (кæрæдзи сæрыл туг ныккалдтам), хъуамæ уыдон зонд, хъуыды æмæ тырнындзинад æппæт адæмтæй дæр хуыздæр æмбариккам. Æниу ахæм заманы политикон хæрзæгъдау халын дæр нæ фидауы, паддзахады мидхъуыддæгтæ йæхæдæг хъуамæ скъуыддзаг кæна, уымæн æмæ сæ æтте бакæсгæйæ раст чи бабмбардзæни, фæлæ дзы иу та æмзæрдæдзинад хуыйны. «Æз дæ хорз æмбарын», зæгъгæ, уый зæгъын ныл æнæмæнг æмбæлы. Афтæ куы нæ уа, уæд историйы сыфтыл фыст æрцæудзæн нæ иунæджы таурæгъ. Иунæг цы у, уый та нын хорз бацамыдтой нæ куырыхон фыдæлтæ се ʻмбисæндты фæрцы. Уыдон æй хъæды халонау мæгуыр хуыдтой. Бирæ рæнхъытæ фæфыста нæ уарзон Хетæджы фырт дæр ацы мæгуырдзинадыл: «Цæй мæгуыр дæ иунæг, дæ мад амæла!»
Æгæрыстæмæй ма йе ʻмдзæвгæ «Чи дæ?»-йы йæ ном иунæг схуыдта. Уымæй сныв кодта йæ хисæрмагонд фæлгонц, цæрæнбонты йе ʻмбæлццонæй чи баззади. Æмæ йын, æвæццæгæн, уымæй стырдæр маст ницы æрхаста. «Фæрсут-ма мæ, чи дæ, уæд иунæг – мæ ном…»
Къубалты Алыксандр дæр хъарæггæнæгау дзуры йæ хъайтары тыххæй:
– Гъе мæгуыр Хæсанæ! Гъе мæгуыр иунæг лæг,
Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт,
Æфсымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны…
Уæдæ мах дæр зæххы къорийыл хъуамæ хæлæрттæ æмæ æрвадæлтæ агурынмæ тырниккам, цæмæй нæ уды фидардзинад уа. Уырыссаг æмбисонд цæйау зæгъы, æфсымæр æфсымæры фæрцы тыхджын у, зæгъгæ.
Кæннод цы ахъаз сты гæххæттыл фыст бадзырдтæ, æрдхорд æрдхорды куы нæ æмбара, уæд?..
Годжыцаты Нелли