Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцыд зынгæ ахуыргонд-иранист, филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер Гæбæраты Никъала Ясоны фырты ном. Ацы хабарыл æхсызгонæй сæмбæлдысты иууылдæр, уымæн æмæ ирон æвзаджы иртасынадмæ йæ хайбавæрдæн саргъгæнæн дæр нæй.
1-æм астæуккаг скъолайы къæсæрæй 2024 азы бакъахдзæф кодтой 50 фыццагкъласоны. Цытджын линейкæйы рæстæджы скъолайы директор Гобозты Русудан раарфæ кодта ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн ног ахуыры азы райдианы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбон райдайдзæн æхсызгон хабарæй. «Ацы аз 15 азы æххæст кæны, не скъолайæн бындур æвæрд куы æрцыд, уыцы боныл. Нæ юбилейон боны цытæн нæ уагдонæн лæвæрд æрцыд зынгæ ахуыргонд Гæбæраты Никъала Ясоны фырты ном. 2024 азы профессоры райгуырдыл сæххæст 100 азы. Мах хъуамæ кадимæ хæссæм йæ ном. Уый фыццаг бынаты æвæрдта ирон æвзаджы рæзт æмæ йыл куыста æвæллайгæйæ», — загъта уый.
Гобозты Русудан ма куыд банысан кодта, афтæмæй скъолайæн профессоры ном радтыны фæдыл йæ фæндон фехъусын кодта педагогон советы. «Уыд алыгъуызон хъуыдытæ, уыдис дзы æндæр кандидатурæтæ дæр, фæлæ ахуыргæнджытæн сæ фылдæр рахæцыдысты мæ фæндоны фарс. Бахатыдыстæм Цхинвалы администрацийы цур æмбæлон къамисмæ. Къамисы уæнгтæ æркастысты нæ фарстамæ æмæ нын горæты администрацийы коллеги сæххæст кодта нæ куырдиат. Баззадыстæм сæ райгондæй», — банысан кодта Гобозты Русудан.
ХИПУ-йы профессор Битарты Зойæ æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттæ скъолайы сæ лекциты рæстæджы дзырдтой Никъала Ясоны фырты цардвæндаджы, ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæм йæ хайбавæрды, патриотизм, мадæлон æвзаджы рæзты фарстаты йæ бæрзонд æмбæстагон позициты тыххæй. Уый фæстæ, дам, мæм сæвзæрд хъæппæрис скъолайы йæ номæй схоныны тыххæй.
Ахуыргонд РХИ-йы паддзахадон те-лерадиокомпани «Ир»-ы уагъта сæрмагонд алæвæрд «Не ’взаг — нæ хæзна», зæгъгæ. Уый дзырдта, зæгъгæ, æнæ æвзаг дуне нæ цæры. Адæм, зæгъ, се ’взаг куы фесафой, уæд наци нал уыдзæн. Адæмы, дам, æвзаг иу кæны.
Ацы аз январы мæйы ахуыргонды райгуырдыл 100 азы сæххæсты цытæн мысæн изæры йæ фырт Гæбæраты Андрей банысан кодта, зæгъгæ, «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ыл Никъала йæ коллегæтимæ фæкуыстой 40 азы бæрц æмæ абоны онг 4 томæй мыхуыры рацыд æрмæстдæр дыууæ. Иу хорз уыд æмæ уыцы дыууæ томы уæддæр рухс федтой йæ удæгасæй. Фæлæ æнхъæлмæ кæсæм иннæ дыууæ томы рацыдмæ дæр. Æмæ мæнæ хорз хабар — мыхуыры рацыд «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ы 3-æм том филологон зонæдты кандидат, профессор Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ. Дзырдуаты æртыккаг хай бацæттæ кодта Цхуырбаты Валентин. Фæлæ, хъыгагæн, цардæй ахицæн æмæ нæ федта йæ куысты фæстиуджытæ. Дзырдуаты ти-раж у 1000 экземпляры.
Профессоры æввахс хиуæттæ — йæ фырт Андрей æмæ йæ чындз Гаглойты Лианæ куыд загътой, афтæмæй 1-æм астæуккаг скъолайæн балæвар кæн-дзысты Гæбæраты Никъалайы хисæрмагонд библиотекæйы чингуытæ, афтæ ма йæ диссертаци цы мыхуыргæнæн машинкæйыл ныммыхуыр кодта, уый дæр. «Куы нын сæ радтой, уæд райдайдзыстæм æрмæджытæ æмбырд кæнын æмæ сараздзыстæм къуым. Йæ ном нæ уагдонæн лæвæрд кæй æрцыд, уый нæ бирæ цæмæйдæрты хæсджын кæны. Къласон сахæтты скъоладзаутæ иртасдзысты Никъала Ясоны фырты архайд, организаци кæндзыстæм алыгъуызон мадзæлттæ», — загъта уый.
Афтæ ма план кæнынц скъолайæн ахуыргонды ном кæй радтой, уый цытæн официалон мадзал ауадзын. Фидæны фæнд кæнынц скъолайы мемориалон фæйнæг сæвæрын æмæ ахуыргонды ном бюстæй сæнусон кæнын.
***
Гæбæраты Никъала зынгæ хайбавæрд бахаста ирон æвзаджы æмæ культурæйы рæзтмæ. Уыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады сæргълæууæг. Афтæ ма уыд Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры хусссайраг ирæтты культурон антропологийы хайады сæйраг зонадон кусæг. Ныммыхуыр кодта 100 публикаци æмæ дæсгай монографитæ, уыцы нымæцы ирон æвзагæй скъолайы программæты æмæ ахуыргæнæн чингуытæ. Бирæ азты дæргъы уый ирон æмæ уырыссаг филологи амыдта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдæтты.