Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй июлы мæйы Цæгат Ирыстон-Аланимæ реабилитацион улæфтмæ æрцыдысты Донецкы Адæмон Республикæйы фронтон районтæй 32 сывæллоны. Сывæллæттæ фыццаг бонтæй фæстæмæ сæхиуыл банкъардтой узæлд æмæ лæмбынæг хъусдард. Се ‘нæниздзинад уыд фæлтæрдджын дохтыртæ-реабилитологты къухты. Се ‘хсæн уыдысты Донбассы ирон бинонты сывæллæттæ дæр. Уыдонæн уый уыд сæ фыццаг балц сæ историон Райгуырæн бæстæмæ сорганизацигонд къорды сконды.

Сывæллæттæн ацы балц сæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, ахæм æхцондзинад дзы райстой æмæ сæ тæлмæнтæ ныффыстой уырыссаг географион æхсæнад «Донбасс»-ы. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæнадæмон æхсæнадон организаци «Землячество Алании»-йы сæрдар Бæззаты Еленæ.

Сывæллæттæн сарæзтой цымыдисон экскурситæ, федтой Цæгат Ирыстоны фенддаг бынæттæ.

«Æз фыццаг хатт ацыдтæн Цæгат Ирыстонмæ æмæ нæ фæфæсмон кодтон. Цыбыр рæстæгмæ йæ афтæ бирæ бауарзтон, æмæ ныр мæ зæрдæйы иу хай у Ирыстоны.

Ирыстон – Кавказы Сæйраг хохы дыууæ фарсы хæхты ‘хсæн бæстæ, гакъон-макъон фæндæгтæ, дзыхъхъытæ æмæ тæрфытæ, цæугæдæттæ æмæ хæххон къададæттæ, фæйлаугæ барцытимæ бæхтæ, бæгъ-бæгъгæнаг фысты дзугтæ, кæцытæн фенæн ис, æгæрыстæмæй трассæйы дæр æмæ нæ сæрмæ хæрзæввахс бæзджын мигътæ. Ирыстон у, уазæгуарзондзинады, кæфтытæ, зарджытимæ, уæливыхтæ æмæ дыргътæй йæ уазджыты чи суазæг кæны, ахæм диссаджы бæстæ…

Иу бон махæн, Дзæуджыхъæуы цур улæфæг Донецкы 32 сывæллон æмæ æнахъомæн, сыхаг «Фарн»-ы поселочы цæрджытæ сарæзтой æнæнхъæлæджы æцæг бæрæгбон. Уыцы бæрæгбон дыккаг бон дæр дарддæр кодта. Æрбахастой нын уыйбæрц дыргътæ, адджинæгтæ æмæ нæ фаг уыдысты цалдæр боны дæргъы. Лагеры æрдузы нын сарæзтой пикник зындгонд ирон адджын уæливыхтимæ. Цалынмæ мах цъæх нæууыл бадтыстæм æмæ адджын хæринæгтæй нæ мондæгтæ уагътам, уæдмæ нын бынæттон скъоладзаутæ радзырдтой сæхи тыххæй, зарыдысты æмæ нын кафыдысты, афтæ ма нын радтой мастер-къластæ. Уый уыд тынг хорз!

Айнæг къæдзæхты цъæх фæхсыты бын дурты уæрæх донвæдыл къададон уазал æмæ сатæг кæны кондиционерæй тыхджындæр. Æмæ цъæх æлыг та. Хосгæнæн æлыгæй мах кæрæдзи сахуырстам. Минералон дæтты гуырæнтæ, суадæттæ, бæрзонд бæлæстæ хæрдмæ фæцыдысты, хохы цъуппытыл мит 33 градусы хъарм боныгъæды – æппæт уыдæттæ адæймагмæ æвзæрын кæнынц фырцины æнкъарæнтæ, лæвар кæнынц æнцойад æмæ фидар ныфс.

Мах экскурситы уыдыстæм Цъæйы комы, Дыгургомы федтам Задалескы Нанайы мемориал. Радзырдтой нын йæ истори, зæгъгæ, Ирыстонмæ тыхæйисджытæ куы æрбабырстой, уæд ацы тыхджын сылгоймаг бынтон скуынæг кæнынæй бахызта бирæнымæц сывæллæтты æмæ æнахъомты, бамбæхста сæ хæхты. Тынг фæдис кодтам сылгоймаджы сгуыхтдзинадыл. Уыдыстæм Нары хъæуы, бацыдыстæм поэт, нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы музеймæ, уыдыстæм Дзæуджыхъæуы журнал «Ногдзау»-ы редакцийы. Уыдыстæм Урсдоны дæр. Нæхи надтам бæрзонд хæхты тæвд гуырæнты дæттимæ бассейнты, истам сондон-донгуыры æмæ йод-бромы ваннæтæ…

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы чи нæ уыд, уыдон ацæуæт ацы диссаджы республикæмæ, сулæфут уымы сæртæг уæлдæфæй, æхцондзинад райсут йæ алæ-мæттаджы æрдзы рæсугъддзинадæй. Æмæ сымах бахъуыды кæндзыстут ацы бынæттæ, бауарздзыстут сæ цæрæнбонтæм сæ фыццаг фендæй фæстæмæ.

Мах Донецкæй Цæгат Ирыстонмæ рацыдыстæм автобусыл райсомы 6 сахат æмæ 30 минутыл, Дзæуджыхъæуы уыдыстæм уыцы бон æрдæгæхсæвмæ æввахс. Фæстæмæ цыдыстæм тагъддæр – бахæццæ стæм 15 сахатмæ», – ныффыста йæ мысинæгтæ Уырыссаг географион æхсæнад «Донбасс»-ы скъоладзау Ева Шамардина.

«Æз фыццаг хатт уыдтæн Цæгат Ирытоны. Уый у æнахуыр бынат, рæсугъд æрдз, хæларзæрдæ адæм. Фæнды мæ ноджыдæр Ирыстонмæ æрцæуын. Чысыл, фæлæ сæрыстыр Алани ныр цæрæнбонтæм уы-дзæн мæ зæрдæйы. Кæдæмфæнды ма бацыдаиккам алыран дæр ныл æмбæлдысты рæдау фысымтау. Тынг уазæгуарзон сты ирон адæм. Стыр бузныг, ацы балц-аргъау нын чи сорганизаци кодтой, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Сымах æй, чизоны, хатгæ дæр нæ кæнут, цы стыр хорздзинад нын сарæзтат, уый. Ноджыдæр бузныг!», – радзырдта ахуырдзау Есения Богданова.

«Цæгат Ирыстон-Алани у диссаджы бынат, кæцы алкæйы зæрдæйы дæр  ныууадзы æнæферохгæнгæ тæлмæнтæ! Тынг райгонд дæн, мæ сывæллæттæн ацы диссаджы регионмæ ацæуыны фадат кæй фæцис, уымæй. Фæнды мæ æндæрты дæр базонгæ кæнон зæрдылдарæн къамтæ æмæ ацы балцы тыххæй мæ сывæллæтты цымыдисон радзырдтимæ. Ам æрдз адæймаджы дисы æппары йæ æгæрон рæсугъддзинадæй: хæххон пейзажтæ, сыгъдæг цæугæдæттæ, рæсугъд дæлвæзтæ аразынц хибардзинады æмæ гармонийы атмосферæ. Уæлдай тынгдæр бахъуыды кодтой бынæттон цæрджытимæ сæ фембæлдтытæ. Уыдон сæ райзæрдæйæ зонгæ кодтой сæ культурæ æмæ традицитимæ. Базонгæ сты «Фарн»-ы поселочы скъолайы сывæллæттæ æмæ къхудариуæгадимæ, афтæ ма йæ цæрджытæ Дауыраты Витали æмæ йæ хъæбулы хъæбул Альбертимæ.

Виталий Сосланы фырт сывæллæттæн балæвар кодта пикник, æмæ поселочы скъолайы сывæллæттæ та – концерт. Бынæттон къæбиц у хицæн темæ дисы бахауынæн. Сывæллæтты суазæг кодтой бирæ адджын æмæ хæрзад хæринæгтæй æмæ уыдонæй алкæцы дæр уыд æцæг кулинарон шедевр!

Афтæ ма банысан кæнын хъæуы регионы хъæздыг историон исады тыххæй дæр. Рагон аргъуантæ æмæ фидартæм экскурситæ сывæллæтты зæрдæты ныууагътой æнахуыр тæлмæнтæ. Балцы алы бон дæр йемыдзаг уыд ногдзинæдтæ æмæ ирд эмоцитæй. Сывæллæттæ аздæхтысты стыр райгондæй. Æгæрыстæмæй, сæ цæуын дæр нæма фæндыд», – ныффыста Светлана Майорова.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

2 комментария

  1. Исправьте, пожалуйста, фамилию автора, написавшей отзыв о поездке на странице “Русское географическое общество Донбасс”. Фамилия – Шамардина, а не Шмардина: https://vk.com/wall-216485604_192
    Спасибо!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.