Президент  Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы культурæйы хæдзары иу хатæны хæрзарæзт кæнынц, дæргъвæтин рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы тренажерон зал.

«Куыстытæ æххæст кæнынц Ленингоры районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Ныридæгæн объектмæ ласынц арæзтадон æрмæджытæ», – фехъусын кодта Ленингоры районы администрацийы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжелæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хатæн ногæй цалцæг æрцæудзæн æнæхъæнæй.

«Астæрд ногæй ивынц, зæронд сæрстытæй сыгъдæг кæнынц къултæ, цалцæг кæнынц цар æмæ электроны рухсытæ, æвæрынц ног рудзгуытæ», – радзырдта Кокойты Анжелæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæджы хæдивæг Аулохты Батрадз банысан кодта, зæгъгæ, залы арæзт æрцæудзысты комфортон уавæртæ, ифтонг æрцæудзæн æмбæлон спортивон инвентарæй. Смонтаж сæ кæндзысты сентябры.

«Ныры онг нæм нæ уыд спортивон зал. Фæсивæд спортæй архайдтой Орчъосаны астæуккаг скъолайы спортивон залы. Уый та уыд æрмæстдæр физкультурæйы уроктæ уадзынæн. Ахуыр куынæ цыд, уæд-иу зал дæр æхгæд уыд», – банысан кодта Аулохты Батрадз.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртазы ныхæстæм гæсгæ, физикон культурæ æмæ спортæй архайынæн хæрзвадат уавæртæ саразын у районы администрацийы къухдариуæгады сæйрагдæр хæстæй сæ иу æмæ республикæйы сæргълæууæджы æххуысæн саргъгæнæн дæр нæй.  Уый бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн, районы проблемæтæм йæ хъус кæй дары, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, æппæт хæслæвæрдтæ дæр æмгъуыдмæ скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

ИА «Рес»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.