ПЛИТЫ Фатимæ, ХИПУ-йы журналистикæйы хайады 3-аг курсы студент

Ирыстоны ног фæлтæрæн сæ ахсджиагдæр фарстытæй иу вæййы куыст ссарын. Уæлдæр ахуырад райсыны  æмæ фидæны  дзæбæх бынаты кусыны фæндтимæ бирæтæ ахуыр кæнынмæ ацæуынц фæсарæйнаг университеттæм.

Дыгъуызты Кристинæйы сабибонтæй фæстæмæ йæ цард фæнды бабæттын медицинæимæ. Ацы професси равзæрста, уымæн æмæ йæ фæнды, фыццаджыдæр, йæ бинонты æнæниздзинад бахъахъæнын, стæй та Хуссар Ирыстоны медицинæйы рæзтыл бакусын. Би­рæ тыхтæ æмæ рæстæг радта, цæмæй бахауа Петербурджы Кировы номыл Æфсæддон-медицинон академимæ. Æхсæвæй-.йæхи фæлварæнтæм цæттæ кодта. Уæрæсейы ахуыр кæнын, цæрын Дыгъуызты Кристинæйæн æнцон нæу. Уым ахуыргæнджытæ студенттæй домынц стыр зонындзинæдтæ æмæ дисциплинæ.

Йæ ахуыры фæндагыл цы зындзинæдтимæ сæмбæлд, уыдоны сæрты ахызти йæ бинонты ‘рдыгæй моралон æххуысы фæрцы.

Йæ ахуыр куы фæуа, уæд æй фæнды фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын æмæ нæхи республикон рынчындоны кусын.

“Æфсæддон университеты ахуыр кæнын æнцон нæу, уæлдайдæр та медицинæйы фадыджы, фæлæ мæ ныфс ис, мæ Ирыстонæн æмæ мæ бинонтæн исты пайда æрхæсдзынæн, уый мæнæн у мæ сæйраг мотиваци. Мæ кæстæртæн та мæ бон у зæгъын: Кæд æмæ цæттæ не стут зын куыстмæ, уæд медицинæйы фæдыл ма ацæут”, – радзырдта  Дыгъуызты Кристинæ.

Нæ дыккаг хъайтар Тадтаты Алинæ скъолайы фæстаг бонты онг нæма зыдта, цавæр дæсныйад равзара, уый. Йæ зæрдæмæ цыдис кинонывтæм кæсын, къамтæ исын. Æмткæй сфæлдыстадон архайд уарзы. Уымæ гæсгæ ныхъхъуыды кодта режиссеры куыстыл. Бирæ рæстæг бахардз кодта ахуыры уагдон ссарынæн  æмæ хъæугæ гæххæтытæ æрæмбырд кæнынæн. Паддзахадон æххуысимæ фæлварæнтæ радта Мæскуыйы  Æппæтуæрæсейон Паддзахадон Кинематографийы университетмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыр кæнын дзы  æнцон нæу. Лекцитæ фæцæуынц райсомæй суанг изæрмæ. Фæлæ йæ хъуыдыйы дæр нæй фæстæмæ æнæ сахуыр кæнгæйæ æрыздæхын. Стæй йæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ йын стыр æххуыс сты йе ‘ввахс адæм æмæ йæ бинонтæ.

Тадтаты Алинæ йæ ахуыры фæстæ фæнд кæны фæстæмæ Ирыстонмæ æрыздæхын. Йæ цард æй фæнды снывонд кæнын Къостайы номыл Драмон Театрæн. Фидæны та йæ хъуыдыйы ис, рæзгæ цы зонындзинæдтæ райста, уыдон фæлтæрæн дæттын. “Ирыстоны абон, хъыгагæн, театралон режиссертæ нæ фаг кæны. Афтæмæй та паддзахадæн йæ цæсгом, фыццаджыдæр, у национ театр. Ацы профессийыл ахуыр кæнынмæ куы нæ ацыдаин, уæд æй мæхæдæг мæхицæн нæ ныххатыр кодтаин, – зæгъы Алинæ.

P.S. Респонденттæн сæхи куырдиатмæ гæсгæ сæ нæмттæ ивд æрцыдысты.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.