Æлборты Иналы Кады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй
Культурæйы фадыджы йе сфæлдыстадон æнтыстыты, музыкалон аивады рæзтмæ йæ егъау хайбавæрды æмæ йæ райгуырды боныл 80 азы сæххæсты цытæн Кады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Æлборты Инал Сограты фырт – Галаты Барисы номыл Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамблы хоры сæйраг солист.
Республикæ Хуссар Ирыстоны
Президент Гаглойты Алан
г.Цхинвал,
2023 азы 18 август
РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД
Гончаров Вадимы Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй
2008 азы августы ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы информацион блокадæ атоныны йæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Гончаров Вадим Викторы фырт.
Республикæ Хуссар Ирыстоны
Президент Гаглойты Алан
г.Цхинвал,
2023 азы 18 август