Знауыры районы Уелит, Метъех æмæ Принеуы хъæутæм хæстæг  уыдис зынгсирвæзтытæ егъау хуымзæххытыл. Быдырты тыллæг уыдис æфснайд, фæлæ хус кæрдæг йæ кæнон кодта. Сæ аххосаг уыдис, хицæн адæймæгтæ быдыртыл арт кæй бафтауынц æмæ стæй йæ ахуыссын кæнын сæ бон кæй нал вæййы. Зынгсирвæзтыт æввахс бахæццæ Принеуы хъæумæ, фæлæ йын тас ницæмæй уыд. Зынгсирвæзтыты бынатмæ бацыдысты РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты зынгхуыссынгæнджытæ æд техникæ.

Дымгæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ зынгсирвæзт уыдис уæлдай зын ахуыссынгæнæн.

Зынгхуыссынгæнджытæн æххуыс кодтой Знауыры районы коммуналон хæдзарад дæр, ластой сæм дон.  Уымæй дарддæр ма зынгсирвæзт кæм æрцыд, уыцы быдырты алыварс тракторæй хуым кодтой, цæмæй ар дарддæр ма æнхъæвзтаид.

Ацы хабар æрцыдис 20-æм августы æмæ нæм дыккаг бон Уæлвæткон уавæрты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ма знон дæр уым уыд иу зынгхуыссынгæнæн машинæ æмæ сæ хъус дардтой, цæмæй зынгсирвæзт мауал фæзына.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.