15-æм августы Уæрæсейы æфсады А.В. Александровы номыл зард æмæ кафты академион ансамбль горæт Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы радта концерт.

Концертмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, нæ горæты цæрджытæ.

Ансамблы артисттæ мадзалы райдианы сæххæст кодтой æфсæддон зарджыты скъуыддзæгтæй конд уацмыстæ. Концерты музыкалон номыртæ æххæст кодтой Татьяна Королева, Кирилл Панфилов, Юстина, Данил Нестеренко, Владимир Старченко, ансамблы эстрадон къорд «Александров парк» æмæ æндæртæ.

Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæгæн стыр æхцондзинад æрхаста Алексей Миротинцев æмæ Дарья Сайкина ирон кафт «Хонгæ» кæй сæххæст кодтой, уый.

Мадзаламонæг Татьяна Королева банысан кодта, зæгъгæ, алы адæмы историйы дæр ис ахæм нысаниуæгджын бонтæ, кæцытæ адæймаджы зæрдæйы æвзæрын кæнынц тасдзинад. «Уыдон сты: 22 июнь, 25 декабрь, Хуссар Ирыстон æмæ махæн та – 8 август, – загъта Татьяна Королева. Уæд не  ‘фсады службæгæнджытæ хуссарирыстойнаг сабыруарзаг цæрджытимæ иумæ сæ цард лæвæрдтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Уыдонæн сæ нæмттæ никуы ферох уыдзысты махæй».

Уый фæстæ хæсты амæттæгты номыл сæххæст кодтой зарæг «Журавли».

Мадзалы кæрон Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ацы ансамблы коллектив хуссарирыстойнаг сценæмæкæсæгæн балæвар кодта диссаджы бæрæгбон. «Цымыдисон зарæг æмæ аив музыкæйы зæлтæ хъæлдзæг кæнынц адæймаджы зæрдæ, хорз кафт та адæймаджы уды уадзы хъармдзинад, уый мах банкъардтам абоны концерты. Уæрæх фæндагыл цæут æмæ уын ноджыдæр уæд стырдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ», – загъта М.Кулахметов.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр республикæйы Президент æмæ адæмы номæй бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ сын банысан кодта сæ бæрзонд профессионалондзинад.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын кæныны,  се сгуыхтдзинæдты, классикон музыкалон аивады рæзтмæ сæ хайбавæрды æмæ се сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй Уæрæсейы æфсады зард æмæ кафты академион ансамблы Гасситы Петр схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны Парламенты Кады грамотæйæ.

Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, булкъон А.В. Александровы номыл зард æмæ кафты ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Сергей Галкин дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæн æмæ адæмæн сæ хъусдарды тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны мах концерт фыццаг хатт радтам 2008 азы, зымæджы. Мах федтам хæст йæ фæстæ цы уæззау фыддзинæдтæ ныууагъта, æппæт уыдон. Ныр та уынæм, республикæ размæ кæй рацыд, æндидзы. Уый махæн у æхсызгон», – загъта  С. Галкин.

Банысан кæнын хъæуы, уый æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон нысан кæныны  сæраппонд  Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæ Хуссар Ирыстонмæ  кæй   фæхуыдта   А.В. Александровы номыл зард æмæ кафты академион ансамблы. Ацы  сфæлдыстадон коллектив зындгонд у куыд Уæрæсейы, афтæ бирæ æндæр бæстæты дæр.

Ансамблæн йæхицæн та трагикон боныл нымад цæуы 2016 азы 25 декабрь. Ацы бон авиакатастрофæйы сæ ансамблы артисттæй фæмард ис 64 адæймаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.