Ацы аз 19-æм январы зынгæ ахуыргонд, филологон зонæдты кандидат, хæларзæрдæ, хæдæфсæрм, æгъдауджын сылгоймаг, Ирыстоныл æнувыд чи уыдис, уыцы дзæнæттаг Цхуырбаты Замирæ Дмитры чызджы райгуырдыл сæххæст 90 азы æмæ уый цытæн Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты актон залы уагъд æрцыд мемориалон зонадон конференци. Номарæн конференцимæ æрбацыдысты институты кусджытæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ журналисттæ.

Цхуырбаты Замирæйы номарæн конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый цыбыртæй æрдзырдта Цхуырбиан Ирыстонæн æвæджиауы стыр лæггæдтæ кæй бакодта æмæ стыр хуынтæ кæй æрбахаста зонадмæ, æппæт уыдæттыл. Гаглойты Роберт ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, 18-æм марты Ереды трагедийыл 30 азы кæй сæххæст, афтæ ма кæй у стыр ахуыргонд Абайты Васойы мæлæн бон дæр, уый. «1991 азы 18-æм марты Ереды хъæуы гуырдзиæгтæ фыдмардæй амардтой 12 æнæаххос, сабырцæрæг бæлццоны æмæ цасфæнды азтæ ма рацæуа, уæддæр уыцы стыр трагеди махæй ма хъуамæ уа рох. Ереды трагеди ссис иууыл æбуалгъдæр æмæ тæссагдæр цаутæй сæ иу Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы æмæ йæ дзурын хъæуы нæ сомбоны фæлтæрæн», – банысан кодта Гаглойты Роберт. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой Ереды трагедийы амæттæгты, Абайты Васо æмæ Цхуырбаты Замирæйы рухс нæмттæ.

Мемориалон зонадон конференцийы Цхуырбаты Замирæйы цард æмæ зонадон архайды тыххæй доклад бакаст ХИЗИИ-йы зонадон нымæрдар, филологон зонæдты кандидат, профессор Битарты Зойæ. Уый йæ доклады банысан кодта, зæгъгæ, Цхуырбиан цы зонадон фæндæгтыл рацыд, уыдон иууыл лæгъз æмæ æнцонвадат нæ уыдысты, фæлæ йын кæй бантыст тынг бирæ. «Цхуырбаты Замирæ уыд стыр диссаджы адæймаг. Уый зонады цы фæллой ныууагъта, уыдон æнæмæнгæй хъуамæ зоной нæ сомбоны фæлтæр, адæм. Замирæ уыдис зæнæджы кæстæр. Йе ‘фсымæртæ æмæ йæ хо Уæлгъайæ иста цæвиттон. Уый дæр уыдонау уыд æргомзæрдæ, мæнгдзинадæн æнæбарон, хæдæфсæрм, хæларзæрдæ, æгъдауджын ирон сылгоймаг, кæцы æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн Ирыстоны. Замирæ кæддæриддæр стыр бæрндзинадимæ æххæст кодта йæ зонадон куыст. Уыцы бæрндзинад та фæбæрæг Ирыстонæн, ирон филологийæн хъæуæг зонадон куыстытæ кæй бакодта, уымæй. Цхуырбаты чызг Хуссар Ирыстоны пединституты уырыссаг æвзаджы хайад каст фæцис 1952 азы æмæ уый фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Тбилисы паддзахадон университеты уырыссаг филологийы факультетмæ. Ахуыр дзы кодта иттæг хорз æмæ йæ сырх дипломыл фæцис. 1958-æм азы стыр æнтыстытимæ каст фæцис аспирантурæ дæр æмæ куы рбаздæхт Цхинвалмæ, уæд кусын райдыдта нæ педагогон институты, студенттæн амыдта рагон славяйнаг æвзаг. Бирæ дзы нæ афæстиат, бакуыста дзы дыууæ азы бæрц. 1956 азы зонад-иртасæн институты сфæнд кодтой Æмбарынгæнæн дзырдуат саразын. Ахæм дзырдуат тынг кæй хъуыдис цæгаты дæр æмæ хуссары дæр, уый та лæмбынæг æмбæрстой нæ зонадон кусджытæ æмæ уæд Замирæ бацыдис зонад-иртасæн институтмæ, цæмæй дзырдуат саразыны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахастаид. Ацы ран кусын куы райдыдта, уæд æнтыстджынæй бахъахъхъæдта диссертаци уырыссаг æмæ ирон æвзаджы синтаксисы темæйыл. Тынг бирæ ныффыста уый фæстæ дæр ацы темæйыл. Æз ма студент куы уыдтæн, уæд 1962 азы нæ институты ацы залы уыд егъау зонадон æмбырд, цыран ногæй дзырд цыдис дзырдуат саразыныл. Хайад дзы иста Абайты Васо дæр æмæ уый бафæндыд, цæмæй Хуссар Ирыстонæй Цхуырбаты Замирæ æмæ Гæбæраты Никъала  дзырдуатæн уой редактортæ. Фыццаг том уыдис Никъалайы бæрны, дыккаг – Замирæйы æмæ æртыккаг та та Цæгатирыстойнаг ахуыргæндтæ Цагъаты Настя æмæ Тахъазты Харум æй хъуамæ сарæзтаиккой.

Æз декан куы сдæн, уæд Замирæ уыцы рæстæджы æмбырд кодта топонимтæ æмæ æвæццæгæн иу хъæу дæр æмæ иу ком дæр нал баззадис, уый кæм нæ балæууыдис. Æрмæджы фæдыл та-иу цыдис йæхи чызг æмæ йæ хойы чызгимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг стыр æрмæг æртымбыл кодтой. Уымæн хъуыд рæстæг æмæ тыхтæ. Тынг мæ фæндыдис, цæмæй студенттæ базонгæ уыдаиккой ацы æрмæгимæ, ома, семæ куы бакуыстаит, уæд бирæ зонындзинæдтæ райстаиккой, фæлæ кæйдæрты нæ фæндыдис, цæмæй лекцитæ кастаид. Хъуыддаг бацыдис уæды ректор дзæнæттаг Джиоты Георгийы онг æмæ йæ райста куыстмæ. Мæн бахъуыд мæ мæгуыр чызгмæ Уæрæсемæ ацæуын æмæ уæдмæ Замирæ авд азы бæрц студенттæн каст уыцы лекцитæ. Уæды студенттæ йæ абон дæр æрæмысынц, куыд хорз æмæ хæларзæрдæ адæймаг, афтæ. Афтæ тынг уарзта фæсивæды æмæ-иу æм зонад-иртасæн институтмæ дæр уый фæстæ цыдысты. Замирæ топонимтыл кусгæйæ, ныффыста уацтæ дæр, кæцытæй спайда кодта Абайты Васо, афтæ ма нæ историктæ, этнографтæ дæр. Уый ныффыста диссаджы куыст «Топонимия Южной Осетии в письменных источниках», кæцыйы рауадзынæн уæды Гуырдзыстоны хицауад йæ разы æвæрдтой цæлх-дуртæ.

Замирæйæн Тбилисы нæ дæттой уыцы бар, цæмæй йæ куыст афтæ рахуыдтаит æмæ йын æндæр гæнæн куы нал уыд, уæд æй уыдон амындмæ гæсгæ рауагъта. Кæй зæгъын æй хъæуы, сылгоймаг ацы хъуыддагыл тынг маст кодта æмæ йæ алкæмæн-дæр хъаст кодта. Фæнды мæ зæгъын уый æмæ Замирæ аккаг зонадон бынтæ кæй ныууагъта махæн æмæ стыр пайда кæй хæссынц нæ адæмæн, уый. Уый фæдзæхста, цæмæй Дзиццойты Юри адарддæр кæна дзырдуат æмæ куыд федтам, афтæмæй йæ Дзиццойты фырт тынг хорз сарæзта. Цы адæммæ бафты дзырдуат, уыдон стыр бузныг вæййынц. Бантысæт Юрийæн иннæ томтæ дæр рауадзын. Кусы сыл уæхскуæзæй æмæ сæ, æвæццæгæн, тагъд рæстæджы фендзыстæм.

Замирæ ахæм хуымæтæг адæймаг уыд æмæ йемæ куы ныхас кодтаис, уæд нæ загътаис æмæ зонадон кусæг у», – банысан кодта докладгæнæг.

Номарæн конференцийы ма Цхуырбаты Замирæйы куыст æмæ архайды тыххæй сæ мысинæгтæ загътой историон зонæдты доктор Дзаттиаты Руслан, историон зонæдты кандидаттæ Джиоты Мурат æмæ Дзиццойты Юри. Дзиццойты Юри банысан кодта, зæгъгæ, бирæ азты дæргъы фæкуыста Замирæимæ æмæ йæ кæй зыдта тынг хорз адæймагæй. «Куы йын ахъуыды кæнын йæ цард æмæ йæ куыстыл, уæд мæ цæстыты раз слæууы, иухатт зымæджы институтмæ æрбацыдтæн æмæ уынын, пальтойы куыд бадтис æмæ куыд куыста, уый. Мæнмæ гæсгæ, уæд махмæ цы адæм, цы интеллигенци уыдис, уыдон æндæрхуызон уыдысты. Дзырдуатыл куы куыста, уæд æрæмбырд кодта тынг бирæ æрмæг. Цæгат Ирыстонæн йæ территори Хуссар Ирыстонæй у дыууæ хаты фылдæр. Цæгаты топонимты дзырдуат рауагъта Цагъаты Анастасия æмæ дзы ис 7500 топонимы. Хуссар Ирыстонæн йæ территори дыууæ хаты къаддæр у æмæ дзы топонимтæ та фыст æрцыдис дыууæ хатты фылдæр. Уый у диссаг. Алчидæр æй æмбары, уыдон дæр нырма  кæронмæ фыст кæй не сты. Замирæ ныффыста «Тлигом». Стæй йæ систон æмæ йæ ныффыстон æз дæр æмæ ма Мæргъиты Ирбег дæр. Æз ныффыстон, Замирæмæ цы нæ ис, ахæмтæ. Замирæмæ ис мæ къухтæм цы не ‘рбахауд, уый æмæ Ирбег та ныффыста, мæнмæ дæр цы нæ ис æмæ Замирæмæ дæр, ахæм топонимтæ. Зæгъгæ ма ноджы цæрæг куы уаид стыр Тыли кæй хонынц, уым, уæд дзы уаид ноджы фылдæр æрмæг. Æмæ уым дæр æрзилын хъæуы. Замирæ, сылгоймаг уæвгæйæ, кæй фæзылдис уыцы кæмттыл, уыцы рæгътыл, уый диссаг у. Дзимыргоммæ куыд схаудис, ууыл ныр дæр дис фæкæнынц, уымæн æмæ бирæгъ æмæ арсæй уыд йедзаг. Ссыдис æмæ дзы æрмæг ныффыста. Мах хъуамæ нæ сæртæй ныллæг кувæм Замирæйæн. Æрцæудзæн рæстæг æмæ йын ахуыр кæндзыстæм йе сфæлдыстад. Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ Замирæйæн 1974 азы хъуамæ рацыдаит йæ чиныг «Топонимия Южной Осетии в письменных источниках». Гуырдзы йæ ныхмæ рацыдысты йæ ном æмæ йе ‘рмæджы тыххæй. Уыдис дзы, чи сгуырдзиаг ис, ахæм ирон мыггæгты тыххæй зонæнтæ æмæ йын уыдон исын кодтой. Замирæ сын нæ басаст, нæ сын бакуымдта. Ныццыдис Мæскуыйы иу топонимист Мурзаевмæ, йемæ фæныхас кодта, бамбæрста йæ. Стæй Мæскуыйæ фыстæг дæр æрцыд Тбилисмæ. Чиныджы редактор та йын уыд, ирæттæй йæ удхæссæг чи уыдта, уыцы Джондо Гвасалиа. Уый разныхасы йæхи къухæй бафыста, Хуссар Ирыстоны территори кæй у Шида Картлийы историон территори. Стæй авторæн загътой, зæгъгæ, дзы ацы къухæй фыст текст куы нæ уа, уæд Кремлæй куы фæдзурой, уæд дæр ын æй кæй нæ ныммыхуыр кæндзыстæм. Æндæр гæнæн ын нал уыд æмæ сразы ис. Фæлæ, мæгуыр, уый цас фæмæт кодта уыцы Гвасалиайы фысты тыххæй, уый бæрæг уыдис. Стыр куыст бакодта Замирæ, стыр фæд ныууагъта, адæмы зæрдæты баззад, куыд уæздан æмæ хорз сылгоймаг, афтæ. Мæнмæ дис каст иу хъуыддаг, иуæрдыгæй уыдис ахæм фидар æмæ йæ не ‘ркъæдз кодтаис цыфæнды хъуыддагæй дæр. Ныхас загътаит æмæ йæ нал фæзылдтаид. Иннæмæй та уыдис фæлмæнзæрдæ. Уайтагъд-иу йæ зæрдæ суынгæг. Адæймаджы мидæг ацы дыууæ миниуæджы куыд баиу сты, ууыл дис кодтон æмæ йæ абон дæр кæронмæ не ‘мбарын афтæ куыд ис гæнæн æмæ адæймаг уа фидар æмæ фæлмæн», – æрымысыд  Дзиццойты Юри.

Конференцийы ма бакастысты ахæм цымыдисон докладтæ: «Аланские инсигнии в западноевропейской литературе эпохи Ренессанса», истори æмæ этнологийы хайады зонадон кусæг Коцты Къоста, «Гоймаджы агурæнтæ Гæбулты Мелитоны роман «Цардиппæрд»-ы, ирон литературæйы историйы хайады хистæр зонадон кусæг, филологон зонæдты кандидат Биазырты Аллæ, ««Окна возможностей»  применительно к интеграционно-восстанови-тельному процессу Осетии (1989-1994)», ног æмæ ногдæр историйы хайады хистæр зонадон кусæг, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста æмæ «Эффективность экономических систем», – экономикæйы хайады зонадон кусæг Бекъойты Сослан.

Докладгæнджытæ ма дзуаппытæ радтой, цы фарстытæ сæм лæвæрд цыдис, уыдонæн.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.