1 февралы нæ республикæйы зонадон æхсæнад банысан кодта Зонады бон. Ацы бон Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты ауагъд æрцыдис зонадон конференци дæр. Конференцийы боны фæткмæ хаст æрцыдис æхсæз фарсты.

Конференцийы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Конференци, боны фæтк сфидар кæныны фæстæ бацæуæн ныхасæй байгом кодта зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. Уый бæстон æрдзырдта, ацæугæ 2017 азы сæ разы цы хæстæ лæууыд, куыд æххæст æрцыдысты, афтæ ма, ацы аз та цы куыстытæ сæххæст кæндзысты, уыдоны тыххæй. Роберты хъуыдымæ гæсгæ ацæугæ аз зонадон институт мæгуырау нæ бакуыста. Сæйрагдæр æнтыстыл нымайы, Уæрæсейы зонадон-иртасæн институттæ æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтимæ бастдзинæдтæ кæй сарæзтой, уый. Ахуыргонд ма æнтыстыл банымадта уый дæр, æмæ ацæугæ аз мыхуырмæ кæй бацæттæ кодтой цалдæр чиныджы. Конференцийы хайадисджытæн ма цины æнкъарæнтимæ загъта, зæгъгæ, ацæугæ аз, нæ фæсивæдæй зонадон куыстмæ йæ хъус чи дары, уыдонæй æртæйы кæй арвыстой Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нын кæд ацы фарсты республикæйы разамынад æххуыс кæна, уæд ма ахуырмæ не ‘взыгъд æмбæстæгтæй ноджыдæр арвитдзыстæм цалдæры.

Конференцийы йæ раныхасы Бибылты Анатоли та банысан кодта, зæгъгæ, Роберт цы æххуысы кой кæны, уый æххæст цæудзæнис. Уымæн æмæ уырнинаг у, мыхуырмæ цы чингуытæ бацæттæ кодтой, уыдон ахъаз кæй уыдзысты нæ адæм æмæ паддзахадæн. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, рауагъдады системæйы ис къорд цухдзинады æмæ ныфс бавæрдта, уыдон дæр тагъд скъуыддзаг кæй æрцæудзысты, уымæй. Зонадон институт цалдæр æвзонг адæймаджы ахуырмæ кæй арвыста, уый банымадта растыл æмæ загъта, зæгъгæ, кæд ма ис ахæмтæ æвзонг æмбæстæгтæй, кæцытæ, зонадон куыстмæ дарынц сæ хъус, уæд, зæгъгæ, табуафси, мах цæттæ стæм уæ фарсмæ балæууынмæ.

Президентмæ бахатыдысты, цæмæй æмбæлон дзуапп лæвæрд цæуа, нæ зæххыты, нæ эпосы нын сæхи чи хонынц, ахæмтæн. Уый фæдыл Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ахæм  дзурджытæн ахуырадимæ иумæйагæй ницы ис. Уыдон цасфæнды ма дзурой, уæддæр ацы фарсты тыххæй сæ хъуыдытæ раджы загътой зынгæ ахуыргæндтæ, уыцы нымæцы, уыдæттæ чи дзурынц, уыдоны ахуыргæндтæ дæр.

– Æвзаджы фæрцы кæнæм нæ цард, бастдзинæдтæ аразæм æндæр бæстæтимæ, ахуыр кæнæм нæ истори, культурæ æмæ æгъдæуттæ. Ахæм ныхæстимæ конференцийы йæ ныхас райдыдта зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады хистæр зонадон кусæг Тыбылты Инга. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ сты паддзахадон. Уырыссаг æвзагæй пайда кæнæм арæхдæр. Уымæн æмæ нæ хъуыд-дæгты фылдæр хай арæзт цæуы Уæрæсеимæ. Не ‘взагæй та хъахъ-хъæнæм нæ культурæ, æгъдæуттæ.

Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз та конференцимæ æрбахаста, 2008 азы хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатыртыл цы чиныг «Большая трагедия мальенкого народа» бацæттæ кодта æмæ рауагъта, уымæй цалдæр экземпляры. Цыбыртæй æрдзырдта, чиныг аразыны хъуыды йæм кæд æмæ куыд æрцыдис, куыд æй цæттæ кодта, уыдæттыл. Уый фæстæ конференцийы хайадисджытæн балæвар кодта фæйнæ чиныджы.

Конференцийы хайадисджытæн ма Зонады боны цытæн Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады арфæ бакаст министры æххуысгæнæг Багаты Мурат.

Зонадон-иртасæн институты истори æмæ этнографийы хайады зонадон кусæг Коцты Георги та конференцийы хайадисджытæн радзырдта  зæдты  тых æмæ ахасты, стæй   сæ фæзынд æмæ историйы тыххæй дæр.

Æхсæнадæмон ахастыты, дунеон политикæйы фæдыл конференцийы доклад сарæзта зонадон-иртасæн институты истори æмæ нырыккон историйы хайады хистæр зонадон кусæг Плиты Сослан. Йæ доклады Сослан лæмбынæг æрдзырдта, фæстаг цалдæр дæс азы дунейы æмæ Хуссар Ирыстоны дæр цы стыр ивындзинæдтæ æрцыдис æмæ уыдоны фæстиуæгæн цы æнамонддзинæдтæ æрцыдысты, уыдоны тыххæй. Банысан кодта, алыгъуызон конфликттæ арæхдæр цæй аххосæй æмæ куыд фæзынынц, стæй иуварс цы амæлттæй æрцæуынц, уыдæттæ.

«Скифирон-тæлмацгæнæг» – ахæм темæйыл конференцийы доклад сарæзта зонадон-иртасæн инс-титуты ирон литературæйы хайады кæстæр зонадон кусæг Квагинидзе Жаннæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Скифирон тæлмац кæнын райдыдта хæрзæвзонгæй æмæ куыд рæзт, афтæ рæзт йæ тæлмæцты гъæд дæр. Скифирон ратæлмац кодта А.Пушкин, В.Жуковский æмæ æндæр поэтты уацмыстæй. Уый ма ратæлмац кодта цалдæр фæсарæйнаг поэты уацмыстæй дæр.

Зонадон-иртасæн институты истори æмæ этнографийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег та конференцийы хайадисджытæн радзырдта Ирыстоны мæсгуыты хицæндзинæдты тыххæй. Кæд æмæ цæмæн арæзт æрцыдысты, се ‘хсæн цахæм хицæндзинæдтæ ис, цахæм бынæт-ты сæ арæзтой æмæ сæ чи арæзта, уыдæтты тыххæй. Уый фæстæ сдзуапп кодта, конференцийы хайадисджытæ йæм цы фарстытæ радтой, уыдонæн.

Фæндæгты фарсты тыххæй та конференцийы доклад сарæзта зонадон-иртасæн институты экономикæйы хайады кæстæр зонадон кусæг Бекъойты Сослан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ цы фæндаг цыд, уый хауы «Цæгат-Хуссар»-ы къæлидормæ. Ацы фæндагæн ис цалдæр къабузы. Зæгъæм, Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ къабуз байгом, уæд йæ пайда иннæ къабузтæм абаргæйæ уыдзæн бирæ фылдæр. Æрдзырдта, фæндаг куы байгом уа, уæд йæ пайда æмæ йæ зианы тыххæй дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.