Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы радон 10-æм номыр.

Прозаик, драматург, Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Туаты Дауыты райгуырдыл сæххæст 120 азы. Дауыт 1940 азы 21 апрелæй 1964 азы 19 июлмæ цы боныг фыста, уый рауагъдад «Ир» цæттæ кæны чиныджы хуызы рауадзынмæ. Йæ юбилейы цытæн журнал мыхуыр кæны боныгæй хицæн нывтæ, йæ цардвæндагыл дзурæг къамтæ.

Прозæйæ журналы мыхуыр цæуы Цомартаты Изæтбегы роман «Зынгхуыст бæллицтæ»-йы æртыккаг чиныг. Райдайæн мыхуыр æрцыд журналы 8-æм æмæ 9-æм номырты.

«Ног тæлмацтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Ингеборга Бахманы æмдзæвгæты цикл «Сæрды уаргъ», немыцаг æвзагæй Золойты Аркадийы тæлмац.

«Мах дуг»-ы равдыст»-ы журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты Ирыстоны кувæндæтты нывтимæ.

Рубрикæ «Критикæ æмæ библиографи»-йы бын мыхуыр цæуы Тъехты Тамерланы уац «Фарны лæджы зонды мæсыг».

«Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы Бететы Фатимæйы æмдзæвгæты цикл «Зæрин фæззæг».

Дзгойты Маринæйы аргъау «Æвдадзы хос»  журналкæсæг бакæсдзæн рубрикæ «Бакæсæм нæ хурты хуртæн»-ы бынмæ.

Езеты Андрейы таурæгътæ: «Бердзенаг», «Хурсасты дзуар» «Стыр калм», «Æнæбын цад» æмæ æндæртæ мыхуыр æрцыдысты рубрикæ «Адæмон сфæлдыстад»-ы бын.

Журнал ма мыхуыр кæны «Хъæлдзæг хабæрттæ», афтæ ма «Мæйы цаутыл афæлгæст дæр.

Нæ уацх.