Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц куыстуарзаг, цардфæразон адæймагæй, хохы цъуппыл дæр йæхи фæдардзæн, зæгъгæ. Уый мæ тынгдæр бауырныдта, æрæджы иу æмбæстаджы бæстон куыстытæ куы федтон хи цæстæй, йæ æнувыд архайды фæстиуджытæн хатдзæгтæ куы сарæзтон, уæд. Уæдмæ дæр йемæ зонгæ куыднæ уыдтæн, фæлæ уæддæр афтæ æнувыд у нæ радтæг зæххыл, æхцондзинад дзы фæисы, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Сывæллоны бонтæй фæстæмæ Джиоты Инал йæ зæрдæмæ арф айста зæхмæ уарзондзинад æмæ йыл абоны онг дæр у æнувыд æмæ иузæрдион.

Гуыргæ Знауыры районы Уелиты хъæуы ракодта 1934 азы. Æрмæст 5 къласы сахуыр кодта скъолайы, стæй йын царды гæвзыкк уавæртæ фадат нал радтой дарддæры ахуырæн. Мæгуыр рæстæг уыд, бирæтæн кæрдзын бахæрынæн дæр нæ фаг кодта. Уыцы мæгуырдзинадæй цух нæ уыдысты чысыл Иналы бинонтæ дæр æмæ царды уæз æнæ æрæнцайгæ нæ фæци йæ уæхсчытыл. Фæлæ æвзонг лæппуйы ныфс нæ саст, куыд хъомыл кодта, афтæ тынгдæр æххуыс кодта йæ ныййарджытæн, цух нæ зад хæдзарон куыстытæй. Хæрзæвзонгæй ацыд Къуайсамæ æмæ дзы шахтеры уæззау куыст фæкодта 8 азы. Уый фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ, ам райста зæххы фадыг æмæ дзы сарæзта дыууæуæладзыгон хæдзар. Бакодта бинонты кой дæр – йæ цард сиу кодта йæхиау куыстуарзаг æмæ сæрныллæг сылгоймаг Бураты Назирæимæ. Дыууæ уарзæгой удæн фæзынд хъæбултæ æмæ ноджы тынгдæр бавнæлдтой сæ цард аразынмæ. Джиойы фырт фæллой кодта æндæр æмæ æндæр бынæтты, фæлæ уæддæр хъæууонхæдзарадон уæз-зау фыдæбоныл йæ зæрдæ никуы сивта. 2008 азы августы хæсты размæ, горæты цæргæйæ дæр кодта фосдарды куыст. Уыд сæм 5 хæрз-мыггаг хъуг æмæ 4 та – дзæргъытæ. Сæрды мæйты сæ дардта йæ райгуырæн Уелиты хъæуы, куы-иу фæуазæлттæ кодта, уæд та-иу сын сæ бынат аивта горæтмæ. Ам дæр ын арæзт уыд, зымæгдæргъы йæ фос кæм уыдаиккой, ахæм скъæт æмæ хуыдон, æмкъæйттæ сæ нæ уагътой зылдцух æмæ рæзт сæ продуктивондзинад. Ацы фос сæм фесты цалдæр азы, уыдон фæрцы хуыздæр кодта сæ материалон уавæр, уыимæ сæ къух рог кодтой фæлхасгæнджытæн дæр.

Фæлæ Хуссар Ирыстоны хæстæн йæ кæрон нæ зынд. Ноджы тынг фæкарз 2008-æм азы августы гуырдзиаг лæгсырдтæ сфæнд кодтой ирон сабырцæрæг адæмы бынтондæр скуынæг кæнын. Æвыдæй нæ баззад нæ горæты Гæззаты Вадимы уынджы 15-æм хæдзар дæр. Фæллойгæнæг адæймаджы фæллой уысммæ зынджы амæттаг баци æмæ бинонтæ зæрдæдзурæнты фесты. Фæлæ Уæрæсейы æфсымæрон æххуысы фæрцы æндидзын райдыдтой пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæ дæр, уыцы æххуыс фæхæццæ Джиоты бинонтæм дæр. Æмæ та уыимæ иумæ дыууæ куыстуарзаг æмкъайы ныр та æрæвнæлдтой зæххы куыстмæ. Фæлæ нæй зæхх, сæ хæдзаргæрон зæххы фадыг сын банымайдзынæ цалдæр къахдзæфæй. О, фæлæ сын уый нæ разынд ныхдур, зестæй саразын кодта, сæ дæргъ æмæ уæрх цалдæргай метртæ кæмæн сты, ахæм мигæнæнтæ, стæй зест æмæ хъæдæй арæзт гарзæгтæ. Уыдон байдзаг кодта сыджытæй, æрласта йæ йæхи хæдтулгæйыл Къуернеты хъæуæй. Мæр æнæ хъацæнтæй зæрдæйы фæндиаг тыллæг нæ ратдзæн, бынæттон хъацæнтæй та йæм фæкаст Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты П. Ацы хъацæнджын мæр ын балæггад кодта 7 азы æмæ йæ ацы аз ногæй раивта.

Ног хъацæнджын мæры куыд бынæй, афтæ дыккаг уæладзыджы йæ хæдзары алфæмбылай уыцы гарзæгты байтыдта æмæ ныссагъта алыгъуызон хъæууонхæдзарадон культурæтæ, уыцы нымæцы хъæдур, сырх цæхæра, басгæрдæг, къабускæ, хъонтхора, пъамидор, джитъри æмæ æндæртæ. Цъæх хъæдуры хуымæй рухс кæны зæрдæ, хæрдмæ хъилтыл фæцыдысты. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы байтыдта 250 иуæджы, базылдысты сæм хорз æмæ æввахс рæстæджы æрбалæудзæн се фснайыны афон. Тыллæгæрзад уыдзæн 100 килограммæ æввахс. Æрмæст пъамидоры садзæнтæ та ныссагъта 400 иуæджы, фæлхас-гæнджытæн та дзы ауæй кодта 1000 иуæджы цыппæргай сомтыл. Ныртæккæ пъамидоры татхатæй рухс кæны зæрдæ, сæ иутæ калынц дидинæг, иннæтыл разад гагатæ, ис дзы ахæмтæ, кæцытæ армы зынтæй цæуынц æмæ тагъд райдайдзысты рæгъæд кæнын. Цъæх хъæдындз ауæй кодта 250 къонайы, æндæр мыггаджы хъæдындзы тыллæг æфснайынмæ та бавналдзæн ацы æввахс бонты. Хæрдмæ фæцыдысты æмæ ‘рзæбул сты егъау настæ. Иннæ ахæм та рагбæззаг къабускæйы хуымтæ сты. Сæ сыфтæ айтыгътой дардыл, рæстæджы цыдимæ сæхи мидæмæ æрбайсынц æмæ кæнынц тымбылæй тымбылдæр. Рацæудзæн ма иу мæй, æмæ æрбалæудзæн сæ тыллæг æфснайыны рæстæг. Фарон аз Джиойы фыртмæ сыгъдæг сæн уыд 300 литры. Къаддæр нæ уыдзæн йæ нозт ацы фæззæг дæр, уымæн æмæ йæм цы алыгъуызон сæнæфсиры сорттæ ис, уыдон сты тынг зад. Ахæм хъæздыг тыллæг кæй æрзайын кæны, уый у, æмбæлон зылд кæй æййафынц, уый фæрцы. Рæстæгæй рæстæгмæ джитърийы хуымтæ бапырх кæны сылыйæ, пысулæхсæн сапоны донæй та къабускæйы хуымтæм базилы, нæ сæ уадзы донцух дæр.

Джиойы фырт мæ йæ бæркадджын æмæ хъæздыг хуымтимæ куы зонгæ кодта, уæд алы культурæйыл дæр цин кодта æмæ ради, йæ цæстытæ фырцинæй цæхæртæ калдтой. Уый у зæхкусæг лæджы æнувыд куысты фæстиуæг. Æз дæр нæ фæрæдыдтæн, мæ уацæн цы сæргонд радтон, уымæй, уымæн æмæ хъæууон нæлгоймаг горæты цæргæйæ дæр æнувыд æмæ иузæрдионæй баззад нæ радтæг зæххыл.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.