Фынддæс азы размæ Беслæны скъолайы чи бацарæфтыд, уыдон нæмттæ мысын кæй хъæуы, уый та чи нæ зоны. Æниу сæ рох та чи кæны? Уыцы зæрдæйы хъæдгæмттæн схос кæнæн никуы ис. Фæлæ та, охх, æрвыл хатт куыд сног вæййынц уыцы судзгæ хъæдгæмттæ. Беслæны трагедийыл фыст иунæг æрмæгмæ дæр, иунæг къаммæ дæр æнæ цæссыгæй кæсæн нæй. О, уыцы æнæхайыры мысинæгтæ…

Уыцы дудгæбонты Беслæны 1-æм скъоламæ хæстæг бацæуæнтæ нæ уыд æмæ адæм хæдзæртты зæрдæхæлдæй телевизортæм кастысты. 3 сентябры мæгуыр амынæттыл сæ хуыцау куы рахатт, рынчындæттæм сæ скъæфын куы райдыдтой, уæд мах дæр нæ сыхæгтимæ нæхи аппæрстам Китайаг фæзы Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ. Уым цы диссæгтæ федтам, уыдонæн хуымæтæг ныхæстæй зæгъæн нæй. Тагъд æххуысы, стæй æндæр машинæтыл скъæфтой цæфты рынчындонмæ, фæлæ дзы бирæ удæгасæй нал æрбахæццæ. Урс халатджынтæй иутæ мидæмæ скъæфтой  цæфты, иннæтæ мæрдты сусæг ахизæныл ластой моргмæ. Фæлæ сæ бирæтæ базыдтой. Адæм уыдысты æррайы хуызæн, лæбурдтой мидæмæ, алчи агуырдта йæ хъæбулы, йæ хионы… Алырдыгæй хъуыст кæуын. Ахæм уавæр уыд иннæ рынчындæтты дæр. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы бон рынчындæттæ райстой 800 адæймаджы бæрц.

 Уый фæстæ бæстæ ныссабыр.  330 адæймагæй фылдæрыл сæ рухс дуне баталынг, ницыуал сæ рыст, нал сын уыд дойны дæр, уыдонæй 186 сывæллоны, 66 бинонтæй фæхъуыд 2-6 адæймаджы онг, 17 сабийы баззадысты бынтон сидзæрæй. Дзæуджыхъæуы рынчындæтты дзы чи хос кодта, уыдонæн се ʻппæтыл дæр фæ-зылдтæн уый фæстæ æмæ мын дзырдтой сæ диссæгтæ. Уыдон куыд куыдтой, афтæ семæ куыдтон æз дæр.

Цал хатты æрымысын Тохъмайты дыууæ фаззоны Аслан æмæ Сосланы, уал хатты мæ цæссыг нал фæуромын. Адон иурæстæджы мæ хойы лæппуимæ уыдысты нæхи санаторитæй иуы. Мах-иу нæ лæппумæ куы бацыдыстæм, уæд-иу сæ алы хатт дæр федтам, кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой, æдзухдæр уыдысты иумæ. Афтæ æмхуызон уыдысты æмæ йæ нæ зыдтам, чи сæ кæцы у. Махмæ уый худæг каст, рæвдыдтам сæ. Ныр уæлмæрды дæр фæрсæй – фæрстæм хуыссынц, баззадысты æнустæм астаздзыдæй. Теракты фæстæ, дам, сæ сæ ныййарæг мад дæр нал базыдта, сæ дзаумæтты бызгъуыртæй сæ сбæрæг кодтой.

Кæнæ Цгъойты фарастаздзыд чызг Алинæ. Йæ мад та æндæр скъолайы куыста ахуыргæнæгæй. 1-æм скъолайы ахуыр кодтой йæхæдæг дæр æмæ йæ фыдыфсымæры дыууæ сывæллоны дæр. Уыцы бон сæ уырдæм акодта йæ фыдыфсымæры ус. Уымæн йæ бон куыд уыд, афтæ хъахъхъæдта æмæ рæвдыдта йæхиуæттимæ Али-нæйы дæр. Сывæллæттæ аирвæзтысты цæфтæй, йæхæдæг уым баззад. Алинæйы срæмыгъды уылæн фæхаста залы иннæ къуыммæ æмæ ницыуал базыдта. Иуафон йæхи æрæмбæрста, йæ хъæдгæмттæй калд туг, кæйдæр тыхджын къухтæ йæ систой æмæ фæцæйхастой, фæлæ йæ ирвæзынгæнæг, “Альфа”- йы æфсæддоныл, нæмыг сæмбæлд æмæ та дыууæйæ дæр ахаудтой. Иуафон та Алинæ йæхи æрæмбæрста, фæлæ ницы уыдта. Тыххæйты йæхиуыл схæцыд, йæ уæлæ уыд дунейы мæрдтæ амад, сæ тугæй ноджы ныххуылыдз æмæ сывæллоны бон нæ баци уырдыгæй рабырын. Уый фæстæ æрчъицыдта рынчындоны, скодтой йын цалдæр операци. Алинæйæн йæ хъæдгæмттæ раджы сдзæбæх сты, фæлæ йæ зæрдæйы хъæдгом абон дæр риссы. Цæрæнбонты йæ хъæуы реабилитацийы курсытæ цæуын, психологты æххуыс. Æмæ цас сты уыдон хуызæттæ, цас?! Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма ацы дудгæбæттæ хæрз æрæджы æрцыдысты, афтæмæй агæпп кодта фынддæс хъизæмайраг æмæ фæсмоны азы. Нæ гыццыл хуртæ тæригъæддагæй цæмæн фесæфтысты, ау, уыцы фыдбылызæй сæ бахизæн нæ уыд!? Иууыл зындæр та у, нæ бирæ фарстытæн дзуапп кæй нæй, уый. 

Уый фæстæ Беслæны хæлд скъолайы ныхмæ арæзт æрцыд стыр ног райдзаст скъола. Бирæты фæндыд, цæмæй ног скъола нырæй фæстæмæ пырх скъолайы бæсты хæсса  1-æм номыр, фæлæ адæмы фылдæр хайы нæ бафæндыд. Фæлæ йæ скодтой, амынæтты ирвæзынгæнгæйæ цы дæс æфсæддоны фæмард “Альфа” æмæ “Вымпел”-æй, уыдоны номыл. Ныртæккæ скъолайы бæстыхайыл конд сты сæ къамтæ.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ДАУЫРӔ

АГУР-ИУ  МÆ

(Беслæны сабиты номарæн)

Зад мæнæргъы цупæлттæй æрзæбул…

 Мауал ку! Нæ фесæфтис дæ хъæбул:

 Фыны дæм цæудзæнис уый æргомæй.

 Ма – иу фæтæрс! Сдзур – иу æм йæ номæй.

“Агур – иу мæ æрдзы алы хуызты,

 Агур – иу мæ мады зæрдæрысты,

Агур – иу мæ стъалыты æрттывды,

Агур – иу мæ риумæ тынг нылхъывды!”

Сойджын сæрд куы ʻрæвæрдта йæ уæргътæ,

 Дард бæстæм куы атахтысты мæргътæ,

 Зæххæй арвмæ стъалытæ уæд лыгъд,

 Чи сын зоны, чи, бæлвырд сæ хыгъд?!.

 “Агурут нæ дидинæгджын фæзты,

 Агурут нæ фæндырты хъæлæсты,

 Агурут нæ уарыны хæл-хæлы,

 Агурут нæ сабиты кæл-кæлы!”

 Пиллон арты уарзон Ир куы сыгъди,

 Зæххæй арвмæ стъалытæ куы лыгъди,

 Фурды дæттæй нал баззад æртах…

 Ма нын тæрсут! Нæ амардыстæм мах!

  “Агурут нæ дымгæйæн йæ футты,

  Агурут нæ не ‘мгæртты бахудты,

  Агурут нæ сусæнæн йæ хъармы,

  Агурут нæ къухрайсæджы армы!”

 Зад мæнæргъы къутæртæй æрзæбул.

 Мауал ку! Нæ фесæфтис дæ хъæбул,-

Фыны дæм цæудзæнис уый æргомæй

 Ма – иу фæтæрс! Сдзур – иу æм йæ номæй!

“Агур – иу мæ дидинæгджын фæзты,

 Агур – иу мæ фæндыры хъæлæсты.

 Доны хæл – хæл Иры кæмттæй хъуысы,

 Ссардзынæ мæ мады хъарм хъæбысы!”

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.