Августы мæй æнустæм баззайдзæнис нæ мысынады, уæлдайдæр та ам чи баззадысты, уыцы бæрцыл цæрджытæн. Растдæр уыцы мæйы, аст азы размæ нæхиуыл бавзæрстам цыбыр, цалдæрбонон, фæлæ æвирхъау хæст. Растдæр уыцы мæй, аст азы размæ, уыцы хæстæй дыууæ къуырийы бæрц куы рацыд, уæд та ныл æрцыд æгæрон стыр æхсызгон хабар – нæ хæдбардзинад нын банымадта Уæрæсейы Федераци. Йæ хæдфæстæ къухтæ æрфыстæуыд дыууæ хæдбар, æмбар бæстæйы ‘хсæн хæлардзинады æмæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл, кæцы уæрæх дуæрттæ байгом кодта нæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæмы сабыр цард æрбæстон кæнынæн.

Уыцы азты дæргъы, уæлдайдæр та фæстаг азты бирæ сарæзтæуыд, цæмæй нæ пырх æмæ сыгъд горæт, хъæутæ сæндидзыдтаиккой. Мæн фæнды æрмæстдæр нæ горæты уынгты кой ракæнын. Æмæ та ногæй цæстытыл ауайынц августы хæсты бонты фæстæ цахæм уавæры уыдысты, уый. Нал уыдис уыдоныл цæуæн, рудзгуыты æвгты згъæлæнтæй, фæлдæхт бæлæстæй, се згъæлст цæнгтæй. Амыты-уымыты знаджы пырх хæстон техникæ, адæймæгты мæрдтæ… Чъизи, æнуд тæфæй улæфæн нæ уыд. Зын, фæлæ уæддæр æхцон уыд, уымæн æмæ тыхгæнæг тард æрцыдис.

Адæм цадæггай хизын райдыдтой сæ ныккæндтæй æмæ змæлын райдыдтой сæ хæстдзагъд горæты уынгты. Раст у, йæ уынгтæн афтæ стыр зиан нæ рачындæуыд, цас разианчындæуыд йæ бæстыхæйттæн, æмæ цалдæр бонмæ Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджыты æххуысæй сæ раздæры хуыз райстой. Фæлæ Уæрæсейы Федераци ууыл не ‘рлæууыд. Нæ бæстæты ‘хсæн цы бадзырд арæзт æрцыд, уый бындурыл Уæрæсе йæхимæ райста пырх республикæйы сæндидзын кæныны хæс. Æмæ æрæвнæлдæуыд нæ горæты уынгтæн дæр дыккаг цард радтынмæ. Уыдон æрмæст хæрзарæзт нæ цæуынц, фæлæ уал цалынмæ ацы куыстытæм æрæвналынц, уæдмæ раивынц зæххы бынты цæуæг æппæт коммуникациты дæр.

Райдианы ацы куыстытæ нывыл нæ цыдысты, зæгъæн ис, нæ дзы уыд фæтк, æмæ мах æвдисæн уыдыстæм, нæхиуыл æвзæрстам, мæйгæйтты куыд хызтыстæм къахт траншейты сæрты, хур бонты рыджы æмæ къæвда бонты та цъыфы ахизæнтæ куыд нæ уыд нæ уынгты. Фæлæ æппæт уыдæттæ ныр фæстейæ баззадысты, æмæ абон нæ горæты сæйрагдæр уынгты цæугæйæ, адæймаг æхцондзинад исы йæ рæсугъд æмæ аивдзинадæй.

Иу хъуыддаг у уынджы схæрзарæзт, сасфальт кæнын, æндæр хъуыддаг та у ахæм хæрзарæзт уынгмæ кæсын. Æмæ мах,   горæты цæрджытæ, æрвылбон дæр уынæм, куыд аудынц сæ сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадыл æмбæлон службæты кусджытæ. Ам бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы горæты цæрджытæн сæхицæн дæр. Зæгъæн ис, æмæ уынгты æнæран æппæрст бырæттыл цæст кæй нал схæцы. Арæх фенæн вæййы ахæм ныв дæр, æмæ ныййарæг йæ сывæллоны къухы сæлдæджы цъар кæнæ æндæр ахæм æппаринаг исты куы вæййы, уæд æй бырæтты асыкмæ куыд барвиты. Уый æхсызгон хъуыддаг у – сывæллоны æхсæнадон бынаты хи куыд дарын хъæуы, ууыл ахуыр кæнын.

Хæрзарæзт уынгтæ нæ горæты фылдæрæй фылдæр кæнынц. Централон хайæ уыдон цæуынц кæрæттæм. Æрмæст аивгъуыйгæ дыууæ азы хæрзарæзт æрцыдысты 18 уынджы. Ацы аз та сæм хъуамæ бафта ноджыдæр 11 уынджы. Уыдонæй бирæтæ ныридæгæн арæзт фесты. Æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Ныртæккæ активон куыст цæуы Гаглойты Владимиры, Горькийы, Фæскомцæдисы, Хуыбылты Валерийы æмæ Тугъанты Махарбеджы уынгты. Æмæ уый та у нæ республикæйы разамынад ахадæн мадзæлттæ кæй исы, Уæрæсейæ райсгæ финансон фæрæзтæй нысанмæздæхтæй кæй пайда кæны, уый фæстиуæг.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ горæты уынгты хæрза-рæзтады фæдыл æппæт куыстытæ дæр кæй æххæст кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой», кæцыйæн йæ къухдариуæггæнæг у Лалыты Мурат. Кусгæ та сæ, сæйраджыдæр, кæнынц бынæттон цæрджытæ.

Рæзы, нæ цæстыты раз, рæсугъддæр кæны нæ уарзон горæт Цхинвал. Æмæ уый та у нæ хæдбардзинад нын чи бонымадта æмæ абон стыр бæрæгбон кæй фæрцы нысан кæнæм, уыцы Стыр Уæрæсейы цæстуарзон æххуысы руаджы.

Уадз, макуыуал бавзарæт нæ адæм хæсты тасдзинад, йæ хъизæмæрттæ æмæ сабыр царды гæнах амайæг уæт кæддæриддæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.