ХИПУ-йæ юбилейы къæсæрыл

Интервью ХИПУ-йы æхсæнадæмон журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, доцент, университетон газет «ЮОГУ-пресс»-ы сæйраг редактор ХЪОДАЛАТЫ Хансиатимæ.

— Куыд æмбæлы уæ газет университеты юбилейыл?

— Кæд нæ рауагъд егъау нæу, йæ гуырахст (А4 форматæй 8 фарсы) æмæ йæ тиражæй (100 экземпляры онг), уæддæр ын уæзгæ нысаниуæг ис университеты царды: цыдæриддæр нæм цымыдисон æмæ ахсджиагæй æрцæуы — алцыдæр дзы бынат ссары. Хуссар Ирыстоны иунæг уæлдæр ахуыргæнæндоныл 90 азы сæххæсты бон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр цау у, æмæ уымæ гæсгæ уæхскуæзæй бакуыстам, цæмæй рæстæгыл сцæттæ кодтаиккам юбилейон номыр.

— Цы æрмæджытæ йæм æрцыд хаст?

— Бæрæгбонон рауагъдæн йæхи профессионалон закъæттæ ис: уый хъуамæ уа рæсугъд фæлыст, бирæнымæц къамтимæ, йæ текстон æрмæджытæ хъуамæ уой æнцонкæсæн æмæ сæ стилистикæйæ сæхимæ æлвасой газеткæсæджы. Уыцы принциптæм гæсгæ арæзт у нæ юбилейон номыр дæр.

Титулон сыфыл сарæзтам коллаж нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны фыццаг бæстыхай æмæ абоны корпусы къамтæй æмæ йæ сфæлындзыдтам ирон æмæ уырыссаг тырысагъуыз уадздзæгтæй: уый дзурæг у иумиагæй Уæрæсейы Федерациимæ нæ фидарбастдзинадыл дæр, æмæ 2008 азы августы Фондзбонон хæсты фæстæ нæ сыгъд университеты бæстыхай ногæй Уырысы фæрцы кæй сæндидзын кодтам, ууыл дæр.

Дыккаг фарсы уæллаг хай райдайы нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланы арфæйæ ХИПУ-йæн. Йæ бынмæ та йын радтам университеты структурæйы афыст: куыд æй зонæм, афтæмæй нæм ис фондз факультеты, 24 кафедрæйы æмæ 13 дæсныйады, афтæ ма бирæнымæц административон дæлхæйттæ.

Æртыккаг фарсыл уæлейæ ис нæ ректор Тедеты Вадимы арфæ университеты юбилейы цытæн. Уый бынмæ цæуы информаци студентты нымæцы тыххæй боны æмæ фæсаууонмæ хайадты, фыццаг курсыты æмæ а. д. Ам ма базонгæ уæвæн ис, хуыздæр ахуыргæнинæгтæ цы стипендитæ фæисынц, уыдонимæ дæр.

ХИПУ-йы юбилейы сæраппонд газеты сæ бæрæгбонон хъуыдытæ загътой нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны зындгонд рауагъдонтæй иу-цалдæр, уыдоны нымæцы РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леонид, Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты профессор Джиоты Алеся, поэтессæ, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Че-хойты Оля, Хуссар Ирыстоны адæмон зарæггæнæг Бекъойты Вано æмæ æндæртæ. Университетæн ма зæрдиаг арфæ ракодтой йæ абоны ахуыргæнинæгтæ дæр.

Сæрмагонд бынат газеты фæрстыл ахсы редакцион уац нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны истори æмæ йæ райрæзты этапты тыххæй. Хъыгагæн, газетон формат фадат нæ дæтты алцæуыл аххæссын æмæ ныффыссынæн, фæлæ мах нæ цæст иумиагæй ахастам ахуыргæнæндоны цардвæндагыл, лæмбынæгдæр та ныффыстам ректортæ Цыбырты Алыксийы фырт Людвиг, Кокойты Исахъхъы фырт Теймураз æмæ нæ абоны къухдариуæггæнæг Тедеты Ботазы фырт Вадимы уæхскуæз куысты тыххæй.

Афтæ ма газеты фенæн ис бирæнымæц къамтæ университеты цардæй æмæ цæстуынгæ информаци университеты уæвæг центртæ, клубтæ, музейтæ æмæ æндæр ахæмты тыххæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы аз юбилейон у университетон клуб «Аполлон»-æн дæр. Уый охыл интервью райстам клубы абоны сæрдар, фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Къадзты Олесяйæ. Уыцы æрмæг та бакæсæн ис рауагъды 11-æм фарсыл.

— Номхуындæй йыл чи бакуыста газеты бæрæгбонон номырыл?

— Нæ коллектив чысыл у, æдæппæт стæм фондз адæймаджы, фæлæ нæ алчидæр йæ хайбавæрд хæссы иумиаг хъуыддагмæ. Ацы номырыл дæр бакуыстам мæ уацхæсджытæ — Остъаты Зæринæ æмæ Хъодалаты Марияимæ иумæ. Компьютерон æгъдауæй нын æй æрæмбырд кодта æмæ йæ сфæлындзыдта Никонова Маринæ. Цæстуарзон техникон æххуыс ма нын бакодта ХИПУ-йы типографы хистæр Бекъойты Ацæмæз. Йæ рæстæджы ма немæ куыста дизайнер Плиты Динæ дæр, фæлæ стæй ахызт чингуытыл куыстмæ.

— Цахæм уыдис университетон газетæн йæ рацыды истори?

— Газетон журналистикæйыл ныр 400 азæй фылдæр цæуы. XX æнусы астæу, телеуынынады фæзындимæ, дзыллон коммуникацийы специалисттæй бирæтæ дзырдтой, ома, газетæн бирæ цæрæнбон нал ис. Ныртæккæ мах цæрæм 21 æнусы — ног технологиты дуджы, фæлæ абоны бон дæр мыхуыры цæуы тынг бирæ газеттæ, æмæ сын ис егъау аудитори. Ныртæккæ алы серьезон уæлдæр ахуыргæнæндонæн дæр ис йæхи газет кæнæ журнал, цыран февдыстæуы йæ алыварсон архайд. Махмæ æппæты фыццаг ахуырадон газет рацыд, 1994 азы нæм журналистикæйы дæсныйад куы бакодтой, уæд уый хæдфæстæ. Хуындис «Вестник ЮОГУ». Йæ сæйраг редактор уыд дзæнæттаг Туаты Шота. Фæстæдæр уыцы куыст адарддæр кодта журналистикæйы кафедрæйы ахуыргæнæг Челехсаты Иринæ. Уый рæстæджы та газет хуындис «Фæсивæд». Нæхи аппаратурæ нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ номыртæ мыхуыр цыдысты университетæн æддæ. 2007 азы ацы рæнхъыты авторы сæргълæудæй цæуын райдыдта студентон газет «Сомбон». Мыхуыр та-иу нын æй ныккодтой фæсивæдон газет «Республикæ»-йы аппаратурæйыл. Газет уадзыны хъуыддаджы нын стыр æххуыс кодта университеты уæды ректор Кокойты Теймураз. Уыцы аз ма ХИПУ-йы 75 азы цытæн рацыд «Сомбон»-ы тематикон номыр — газет «Альма-матер». Уый уыдис Хуссар Ирыстоны фыццаг хуызджынгъæдон рауагъд. Студентон газет ссис стартон фæзуат нæ факультеты бирæнымæц рауагъдонтæн, кæцытæ абоны бон æнтыстджынæй кусынц дзыллон информацийы алы æмæ алы фæрæзты канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы дæр.

2013 азы ХИПУ-йы ректор Тедеты Ботазы фырт Вадим куы ссис, уæд уый дæр фыццаградон хъусдард аздæхта университетон газет рауадзыны хъуыддагмæ. Алы уавæр дæр нын арæзт æрцыд, æмæ уыцы аз декабры нæхи типографы мыхуыры рацыд газет «ЮОГУ-пресс»-ы фыццаг номыр. Конд у аст фарсæй, у хуызджын. Цæуы мæй иу хатт — куыд мыхуырæй, афтæ электронон хуызы дæр. Йæ сæйраг тематикæ сты университеты царды æппæты ахсджиагдæр цаутæ, факультетты æмæ дæлхæйтты æрцæугæ хабæрттæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ университеты уазджытимæ интервьютæ, афтæ ма нæ иумиаг «хæдзар» — ХИПУ-йы креативон «цæрджыты» сфæлдыстад. Газеты æдзухон рубрикæты ’хсæн ис ахæмтæ: «ЮОГУ-йы тугдзавд», «Хъуыддагон бастдзинæдтæ», «Информбюро», «Ноу-хау», «Кады фæйнæг», «Чат-колонкæ» æмæ бирæ æндæртæ. Нæ газеты ма журналистикæйы дæсныйады студенттæ æрвылаз дæр рацæуынц сæрдыгон ахуырадон æмæ кондадон практикæ.

— Дæ зæрдæ цы зæгъы Хуссар Ирыстоны университетæн йæ юбилейы бон?

— Æрмæстдæр хорздзинæдтæ: даргъ, амондджын ахуырадон æмæ зонадон фæндаг, бирæнымæц аккаг студенттæ, ног ахадгæ æнтыстытæ æмæ æнæмæнгдæр — адæмы хорзæх!..

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.