БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ: «МАХÆЙ АЛКÆЙЫ ДÆР ФÆНДЫ, ЦÆМÆЙ НÆ БÆСТÆТÆН, УÆРÆСЕЙÆН ÆМÆ ДУНЕЙÆН ДÆР УА ХОРЗ ФИДÆН»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент хайад райста Ялтайы IV Æхсæнадæмон экономикон форумы цытджын æгъдауæй байгом кæныны церемонийы. Форумы хайадисджытæн æмæ уазджытæн арфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта форумы бæстæтæ-хайадисджытæн уæрæх перспективæтæ кæй ис Республикæ Хъырым æмæ, иумиагæй сисгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмгуыстад уæрæхдæр кæныны хъуыддаджы.

«Махæй алчидæр уыны, Хъырым размæ куыд цæуы: æртахтыстæм диссаджы сноггонд аэропортмæ, арæзт цæуы ног фæндаг Керчы донбакæлæныл, æмæ уазæгдоны рудзгуытæй куы ракæсай, уæд та фендзынæ, куыд рæзы  хъæууон хæдзарад.

Æргом сты перспективæтæ Хъырыммæ инвестицион проекттæ æмæ Хъырымæй нæ республикæтæм проектты фæдыл бадзырдтæ. Перспективæ зыны форумæн йæхи номæй дæр, махæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй йæ бæстæтæн, Уæрæсейæн æмæ æнæхъæн дунейæн уа хорз фидæн. Хуыцау нын бирæ азтæ радтæт, цæмæй цæрæм ацы хорз дунейы», – загъта Президент.

Форумы хайад исынц  70 бæстæйæ фылдæры делегацитæ. Республикæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксенов, форумы гом кæныны рæстæджы банысан кодта, уæрæсейаг Хъырым тагъд кæй рæзы æмæ фехъусын кодта, форумы куысты рæстæджы кæй уынаффæ кæндзысты Уæрæсейы Федерацийæн ахсджиаг фарстатыл, афтæ ма æвдыст æрцæу-дзысты, фæстаг азты къухты цы æнтыстытæ бафтыд, уыдон дæр.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ форумы фæстиуæг алчидæр федта аэропорт «Симферополь»-мæ æртæхгæйæ. Мах æй хъуыды кæнæм, æхсæнадæмон аэропорт «Симферополь»-ы арæзтады тыххæй бадзырдыл къух кæй æрфыстæуыд дыууæ азы размæ Ялтайы æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты, æмæ йын абон мах йæ фæстиуджытæ уынæм.

Нæ уазджытæй бирæтимæ фембæлгæйæ  сын мах уынæм сæ хорз зæрдæйы уаг æмæ ныфс, форумæн кæй уыдзæнис хорз фæстиуджытæ. Бузныг нæ хæлæрттæн, форумыл иузæрдыг кæй стут, кæй æххуыс кæнут уæрæсейаг Хъырымæн», –  загъта Сергей Аксенов.

Форумы куыст аххæсдзæн 21 апрелмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, транспорт æмæ сæудæджерады комитеты сæрдар Бекъойты Геннади, Уæрæсейы Федерацийы РХИ-йы Æххæстбарджын æмæ уæлвæткон минæвар Гасситы Знауыр.

Форумы фæлгæтты план цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн суагъæйыл къухтæ æрфыссын.

ФЕМБÆЛД СИРИАГ АРАБАГ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ДЕЛЕГАЦИИМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент фембæлд Сириаг Арабаг Республикæйы делегациимæ, йæ сæргъ экономикæ æмæ мидæггагон базарады министр Самер Аль Халил, афтæмæй.

Фембæлд уагъд æрцыд Ялтайы IV Æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты.

«Мах нæ хъус дарæм, Сириаг Арабаг Республикæйы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ. Хуссар Ирыстоны адæм уын уæ рис сæ зæрдæмæ æввахс исынц, æмбарынц, цы зындзинæдтыл æмбæлут, уыдон. Ныфс мæ ис, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, сириаг адæм ногæй кæй цæрдзысты сабырад æмæ фæрныгады, æмæ уын Уæрæсейы Федераци кæй æххуыс кæны, уый дæр ахъаз кæндзæн уымæн», –  загъта Президент.

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, Сириимæ ахастытæ   рæзын кæныны фæндон æмæ сæм радта хонæн гæххæтт, цæмæй  Сириаг Арабаг Республикæйы Президент Башар Асад  бабæрæг кæна Хуссар Ирыстоны.

Йæ рады, Самер Аль Халил радзырдта, Сирийы цы уавæр ис, уый тыххæй.

«Бауырнæт уæ, 2011 азæй фæстæмæ Сирийы цы хабæрттæ цæуы, уыдон æмбæстагон хæсты æвдисæнтæ не сты. Уыдон сты Сирийы ныхмæ æддагон агрессийы нысæнттæ. Радикалон идеологийыл хæст сæдæгай мин æххуырстытæ æрцыдысты 80 бæстæйæ фылдæрæй, цæмæй легитимон хицауады ныхмæ рацæуой æмæ нæ бæстæйы скуынæг кæной», -загъта Самер Аль Халил.

Сириаг Арабаг Республикæйы экономикæйы æмæ мидæггагон базарады министры ныхæстæм гæсгæ, Сирийы адæм æмæ къухдариуæгад куынæ баиу уыдаиккой, уæд сын терроризм сæ бæстæ скуынæг кодтаид.

«Нæ хæлæртты æххуысæн, кæцытæ нæ фарсмæ æрбалæууыдысты, уыдоны æхсæн Уæрæсейы Федераци, ис стыр нысаниуæг терроризмы ныхмæ фæлæууыны хъуыддаджы.

Æмæ мах нымайæм, кæй лæууæм нæ бæстæйы экономикæ ногæй сфидар кæныны фыццаг къахдзæфты къæсæрыл. Уый хуымæтæг этап нæу, ууыл хъæуы бирæ кусын. Фæлæ мах лæмбынæг нæ хъус дарæм ацы процессмæ, цæмæй хъæуæг фæстиуджытæ райсæм. Нæ хæстæй иу у нæ хæлæрттимæ æмгуыстады фæндагыл фидарæй цæуын.  Уыдон сæйраджыдæр сты базарады къабазы фарстатæ: импорт æмæ экспорт, афтæ ма инвестицион фадыджы дæр», – загъта Самер Аль Халил.

Уæрæсейы Федерацийы Сириаг Арабаг Республикæйы минæвар Ри-йяд Хаддад йæхи   ‘рдыгæй, бузныджы ны-хæстæ загъта фем-бæлды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ рæзыны кæныны пайдадзинады тыххæй.

«Ныфс мæ ис, дард-дæр Хуссар Ирыстоны æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы адæмы ‘хсæн хорз ахастытæ кæй уыдзæн», – банысан кодта Рийяд Хаддад.

Уый ма банысан кодта, Сири ныртæккæ кæй ис æххæст уæлахизы къæсæрыл æмæ фидарæй цæуы терроризм скуынæг кæныны фæндагыл.

«Сирийы æфсад фидарæй цæуы размæ æмæ йын ис стыр уæлахизтæ горæт Дамаскы провинцийы – Скæсæйнаг Гута æмæ Думайы. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сты Уæрæсейы æмæ Сирийы æмгуыстады фæстиуджытæ, æмæ нæ адæмы фидардзинад терроризмы ныхмæ», – загъта минæвар.

Дарддæр фембæлд уагъд æрцыд æхгæд дуæртты.

 

ФЕМБÆЛД ХЪЫРЫМЫ ПАДДЗАХАДОН

СОВЕТЫ СÆРДАРИМÆ

Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Хъырымы Паддзахадон Советы Сæрдар Владимир Константиновимæ. Фембæлд уагъд æрцыд Ялтайы æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, Хъырымимæ ахастытæ  рæзын кæныны тыххæй, уыцы нымæцы закъондæттынадон органты æхсæн дæр. Уый æрныхас кодта, 20 апрелы цы Суагъæйыл   æрфыстой къухтæ, уый фæдыл.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ацы документ бæрæг кæны æмгуыстад экономикæйы, культурæйы, ахуырад æмæ туристикон фадгуытæ райрæзын кæныны.

Дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр бафидар кодтой, цæттæ кæй сты кæрæдзийæн пайдайы экономикон æмгуыстадмæ культурæйы, ахуырад, æнæниздзинады къабæзты, афтæ ма Хъырымы территорийыл æнтыстджын инвестицион проекттæ реализаци кæнынмæ.

«Уымæй дарддæр ма ахъаз уаид æхсæнпар-ламентон æмгуыстад дæр», –  загъта Президент.

Йæ рады Владимир Константинов загъта,  Республикæ Хъырым кæй цымыдис кæны Хуссар Ирыстонимæ æхсæнпарламентон æмгуыстадмæ, æппæт къабæзты дæр ахастытæ сфидар кæнынмæ. Ахæм куыст, йæ ныхæстæм гæсгæ, ратдзæни «æмгуыстадæн кæрæдзийæн пайдайы фадæттæ».

 

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ СУАГЪÆЙ

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырым къухтæ æрфыстой фæндæтты тыххæй Суагъæйыл. Документыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксенов. Мадзал уагъд æрцыд Ялтайы IV-æм  Æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты.

Фæндæтты тыххæй суагъæ арæзт æрцыд, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы кæй цымыдис кæнынц  дыууæфарсон базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстад  фæуæрæхдæр кæнынмæ, уый хынцгæйæ.

Документы нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Хъырымы Хицауадты ‘хсæн Сразыдзинадыл бакусын æмæ къухтæ æрфыссын.

Фæндæтты тыххæй суагъæйыл къухтæ æрфыссыны фæстæ фембæлдысты прес-сæйы минæвæрттимæ. Журналистты фарстатæн дзуапп кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, Республикæ Хъырымы Сæргълæууæгимæ кæй уынаффæ кодта алы фадыджы дæр ахастытæ райрæзын кæныныл.

«Уынаффæ кодтам экономикон æмгуыстад райрæзын кæныны фадæттыл, баныхас кодтам, цæмæй нæ амалиуæггæнджытæ ацæуой Хъырыммæ æмæ хъырымаг амалиуæггæнджытæ та æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ æмæ бынаты сахуыр кæной уæвæг фадæттæ. Мах ма план кæнæм æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады къабæзты æмгуыстад рæзын кæнын,   æввахс республикæты ‘хсæн куыд вæййы, афтæ», –  загъта Бибылты Анатоли.

Сергей Аксенов журналисттæн радзырдта, кæй бадзырдтой иумæйаг кусæгон къорд саразыныл.

«Мах бадзырдтам, кæй сараздзыстæм кусæгон къорд, кæцы кусдзæн ацы фарстатæ скъуыддзаг кæныныл æмæ æввахс рæстæджы æппæт фарстатыл  конкретонæй дзырд цæудзæн. Мах фыццаджыдæр кусдзыстæм экономикæйы фадыджы. Нæ къухтæ æрфысдзыстæм Сразыдзинадыл конкретон пункттимæ», – загъта Сергей Аксенов.

«Хъырымы бизнесментæ РХИ-йы кусынц æмæ мах дæр цæттæ стæм, Хъырымы бизнес чи размæ кæндзæн, ахæм бизнесменты иу къорд райсынмæ. Мах нырма фæндаджы райдианы стæм, фæлæ хъуыддаг æмбарæм æмæ архайдзыстæм», – банысан кодта Сергей Аксенов.

ХАЙАД РАЙСТА ПЛЕНАРОН РАБАДТЫ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста Ялтайы дунеон экономикон форум «Будущее мира. Будущее России»-йы пленарон рабадты.

Рабадты райдианы Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Козак бакаст УФ-йы Президент Владимир Путины арфæйы тел, цыран уый банысан кодта, зæгъгæ, «Ялтайы ногæй æмбæлынц алы æмæ алы бæстæты зынгæ политиктæ, амалиуæггæнджыты, экспертон зылдты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, цæмæй æруынаффæ кæной Хъырымы рæзты алыфарсон актуалон проблемæтыл, социалон-экономикон фадыджы æндæр фарстытыл. «Ныфс мæ ис, форум раздæрау кæй расайдзæн фæсарæйнаг партнерты стыр цымыдисдзинад, старт кæй ратдзæн экономикæйы бæрзондтехнологон фадгуыты, культурæ, экологи, туризм, арæзтады фадгуыты», – дзырдæуы телы.

Пленарон рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Хъырымы, иумиагæй Уæрæсейы рæзты фæндæгтыл.

Йæ  раныхасы Бибылты Анатоли радзырдта Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзты тыххæй, Уæрæсейы ‘рдыгæй æххуысы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны минералон доны æмæ сæнæфсиркуыстгæнæн рæзты фæдыл иумиаг проекттæ реализаци цæуынц Владимиры областы æмæ Республикæ Хъырымимæ, уымæй дарддæр нын, зæгъгæ, ис развæлгъау бадзырдтæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн базарадон-сæудæджерадон сразыдзинæдтæ саразыны тыххæй.

«Ацы форумы махæн уыд серьезон фембæлдтытæ, къухтæ фыст æрцыдысты Республикæ Хъырымимæ фæндæтты тыххæй Суагъæйыл, цыран мах банысан кодтам нæ æмархайды рæзты конкретон приоритеттæ: уый хауы экономикон æмæ социалон фадгуытæм, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады æмæ практикон æгъдауæй нæ республикæйы цардархайды æппæт фадгуытæм.

Диссаджы уырыссаг æмбисонд афтæ дзуры: «Зæгъ мын, де ‘мбал чи у, æмæ дын æй зæгъдзынæн, дæхæдæг чи дæ, уый». Махæн æууæнкджын æмæ стратегион партнер у Уæрæсейы Федераци. Уымæ гæсгæ, æз нымайын афтæ, æмæ ардæм чи æрцыд, уыдон кæрæдзийæн сты серьезон, ахсджиаг æмæ æууæнкджын хæлæрттæ», – загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.