Афтæ чи дзуры, зæгъгæ, алы куыст дæр куыст у, æз дæр дæн уыдон фарс. Уымæн æмæ цыфæнды чысыл куыстæй дæр, куы йæ бауарзай æмæ йæ куыд æмбæлы, афтæ куы æххæст кæнай, уæд дзы дæхицæн дæр скад кæндзынæ æмæ, кæд стыр бынтæ нæ, уæддæр дзы сараздзынæ дæ цард.

Нæ горæты ис цалдæр нывисæны. Уыдонæй алчи дæр йæ куыст æххæст кæны, чи сæм æрбацæуы уыдон домæнтæ хынцгæйæ. Мæ абоны уацы ракæндзынæн уыдонæй сæ иу, нырмæ дæр адæмы ’хсæн, йæ хорз куысты тыххæй йæ кой кæмæн айхъуыст, уыцы, Дыгъуызты Виталийы кой.

Витали райгуырд, рæзт æмæ схъомыл нæ горæты. Сабийæ йæ абонмæ чи зоны, уыдонæй иу дæр нæ зæгъдзæнис æмæ Витали йе ’мкарæнтæй хицæн кодта истæмæй. Уыдонау рæзт, цыд скъоламæ æмæ æнæзивæгæй æххæст кодта, скъоладзауы раз цы хæстæ уыд, уыдон. Витали куыд стыр кодта, афтæ æргомдæр кодта йæ принципиалондзинад, фæлæ уыимæ нæ сæфт йе ’фсæрм æмæ уæздандзинад дæр. Райдайæн кълæсты ахуыргæнгæйæ дæр йе ‘мбæлтты хсæн зынын райдыдтой, галиудзинæдтæй æхцон-дзинад чи иста ахæмтæ, фæлæ се ’хсæн, кæд знæгтæ нæ агуырдта, уæддæр ахæмтæн нæ барста, нæ сын тæригъæд кодта бауайдзæф, бафхæрынæй. Уыцы хорз миниуджытæ йын банкъардтой йæ ахуыргæнджытæ, æрвылхатт дæр дзы уыдысты буц æмæ сæрыстыр. Виталийæн йæ ахуыргæнджытæм уыд иттæг хорз ахаст, фæлæ дзы арæхдæр æрымысы Гасситы Татьянæ, Виленчик Юри æмæ ма цалдæр ахуыргæнæджы.

Витали скъолайы иттæг хорз нысæнттыл нæ ахуыр кодта, фæлæ йæ зонындзинæдты æмвæзад рæстæмбисæй бæрзонддæр уыд. Предметтæй уæлдай фылдæр йæ хъус дардта æмæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ æвдыста химийæ. Уый та уымæн æмæ бирæ уарзта алыгъуызон фæлварæн æмæ формулæтæ æххæст кæныны куыстытæ. Куыд алы æвзонг æмбæстагмæ, афтæ Виталимæ дæр уыд стыр тырнындзинад скъолайы фæс-тæ уæлдæр ахуырдзинад райсынмæ. Кæд ын уыдис бирæ хорз фадæттæ искуы дæм ацæуынæн, уæддæр уæлдæр ахуырдзинад кæм райса, уый йын скъуыддзаг уыд рагæй. Дзырдта-иу: «Кæм ис Ирыстонæй хуыз-дæр бынат!» — сæххæст йæ бæллиц. Бацыд æмæ хорз нысæнттыл каст фæци Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институт. Райста историйы ахуыргæнæджы дæсныйад, фадат ын уыдис, цæмæй куыстаид нæ республикæйы скъолатæй искæцыйы, хæдзарадон æмæ хицауадон куыстуæтты, фæлæ иу рæс-тæджы банкъардта, ахæм куыстытæ йæ сæхимæ кæй не ’лвасынц, уый æмæ æххæст кæнын райдыдта, чысылæй бирæ цы куыст уарзта, уый — нывисæджы куыст.

Витали ацы куыст æххæст кæны ныр 36 азы. Кусы Модæты ательейы агъуысты. Кæд йæ куысты уавæртæ сты фæхуыздæркæнинаг, уæддæр уый йæ ист æмæ арæзт нывты гъæдыл мæгуырауæрдæм не ’ндавы. Аразгæ та алыгъуызон нывтæ кæны. Æрвылмæй дæр æм æрба-цæуы 150 адæймагæй фылдæр, фæлæ уыдонæй иу дæр Виталийæ хъæстагæй нæ аздæхы. Кæд дзы бирæты домæнтæн кæрон дæр нал вæййы, уæддæр Витали уый тыххæй мæсты никæмæ свæййы, фæлæ ма рæвдз вæййы ахæмтыл уæлдай рæстæг бахардз кæнынмæ дæр. Никуы вæййы афтæ дæр æмæ заказгæнæг æрбацыд æмæ йæ заказ ма уа цæттæ.

Виталимæ абон цы бирæ хорз миниуджытæ ис, уыдонæй, йæхæ-дæг куыд зæгъы афтæмæй, стыр-дæр нысаниуæг дæтты, адæмимæ хæларæй цæрын кæй зоны, уымæн. Уый та уымæн æмæ царды нæ аразы рæдыдтытæ. Искуы, исты афтæ куы нæ саразы, кæнæ ныхасæй искгæй куы фæхъыг кæны, уæддæр зоны йæ рараст кæнын, нæ базивæг кæны хатыр ракурынмæ æмæ йæм хъыгæй ничи баззайы. О, фæлæ фæстаг рæстæджы куыстмæ, стæй хæдзармæ здæхгæйæ дæр смæсты вæййы бирæ кæмæдæрты æмæ уæд фехæлы йæ зæрдæйыуаг. Æмæ куыд ма хъуамæ мæсты кæна, иутæн горæт срæсугъд æмæ схорз кæныны тыххæй æхсæв дæр нал ис, аннæтæ та сын, буц æмæ сæрыстыры бæсты, сæ куыстмæ кæсынц æнæмæты, бынтон ницыйы цæс-тынгасæй. Нæ ауæрдынц куыстуæтты кусджытæ, паддзахады разамонджыты æнтыстытыл. Фæнды йæ, цæмæй алы æмбæстаг дæр, стырæй-чысылæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй æмбарой æмæ аргъ кæной, ныртæккæ æмæ дарддæрдæр нæ горæты арæзт цы цæудзæнис, уыдонæн. Æппæт дæр арæзт цæуы махæн, нæ кæс-тæртæн, уыдоны кæстæртæн æмæ арæзт цы цæуы уый халгæ æмæ æвзæртæ ма хъуамæ кæнæм, фæлæ хъахъхъæнгæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.