Фæстаг рæстæджы эксперттæ æмæ политологтæ сæ хъус лæмбынæг дарынц уæрæсейаг-туркаг ахастытæм.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фарон уæрæсейаг бомбазгъалæг СУ-24-йы инцидент цæхгæр фæивта дыууæфарсон ахастыты динамикон рæзты уаг, товарæрзылд фылдæрæй фылдæр куы кодта æмæ экономикон бастдзинæдтæ куы уæрæх кодтой уæды кæрæдзийæн пайдайы стратегион портнерондзинад ивд æрцыд  конфронтацион трендты рæзтæй.

СУ-24-йы инцидент райхъал кодта зæронд, уæды рæстæджы уæвæг ныхмæдзыдтæ æмæ сын радта ног импульс. Уый хауд Хæххон-Хъарабахы конфликты алыварс ныхмæвæрд хъуыдытæм æмæ Кипр æмæ Сирийы алыварс уавæрмæ. Ахастытæ фæхуыздæр сты, дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ телефонæй куы аныхас кодтой, уæдæй фæстæмæ.

Турчы цæры дæсгай мин ирæттæ. Æмæ дыууæфарсон ахастытæ кæй февзæр сты, уый тыхсын кодта, куыд Уæрæсе æмæ Турчы æмбæстæгты, афтæ Ирыстоны æмбæстæгты дæр. Мах адзырдтам Турчы цæрæг ирæтты диаспорæйы Сæрдар Хъуысаты Садреттинмæ, æмæ нын уый радзырдта йæ хъуыдытæ, уавæр куыд рæзы, уый тыххæй.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Турк стыр рæдыд хъуыддаг сарæзта уæрæсейаг  бомбазгъалæджы æрæппарыны тыххæй. Ныр туркаг хицауиуæгад бамбæрстой сæ рæдыд, æмæ сæ саразгæ хъуыддагыл фæсмон кæнынц. Мæнæн тынг æхсызгон у, уæрæсейаг-туркаг ахастытæ кæй фæхуыздæр сты æмæ дарддæр кæй рæзынц. Уый нысаниуæгджын  цау у. Мæн уырны уый, æмæ тагъд рæстæджы арæзт æрцæудзæн æнæвизæйон режим, æмæ нын уый фадат дæтдзæн,  æнæ бар райсгæйæ, нæ райгуырæн Ирыстонмæ ацæуынæн», – загъта уый.

Йæ райдианæй фæстæмæ  мах банысан кодтам, зæгъгæ, дыууæфарсон ахастыты фев-зæрдæр кæнынæн фæахъаз Сирийы кризис дæр. Уыцы фарсты фæдыл Туркаг хицауиуæгады позици тынг хицæн кодта  Уæрæсейы позицийæ, æмæ мах бафарстам Хъуысаты Садреттины, зæгъгæ, уыцы позици Туркæн йæ-хицæн тæссаг у, æви нæ.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый тæссаг у Туркæн. Уым ис бирæ хъазджытæ, æниу, мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй, конфликт аскъуыддзаг кæныны проект æрнывыл кæнын афтæ æнцон нæ уыдзæн», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Хъуысаты Садреттин.

РХИ-йы информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.