Зонындзинæдты бон – фыццæгæм сентябрь – республикæйы цæрджытæн рауад ирд æмæ зæрдылдаринаг. Скъолаты се ‘ппæты дæр ауагъдæуыд бæрæгбонон мадзæлттæ. Цытджын уазджыты хуызы дзы хайад райстой паддзахады уæлдæр минæвæрттæ, Хицауады уæнгтæ.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти уыд горæты æртæ скъолайы уазæг: Цхинвалы скъола-интернат, гимназ «Альбион» æмæ 6-æм астæуккаг скъолайы.

Уый раарфæ кодта ахуырадон уагдæтты коллективтæн, ахуыргæнинæгтæн æмæ сæ ныййарджытæн ног ахуыры азы райдианы цытæн æмæ ахуырадон процессы æппæт хайадисджытæн та загъта ног æнтыстыты æмæ æфтиæгты фæндиæгтæ: «Уадз æмæ уын ног ахуыры аз æрхæссæд бирæ æвæрццаг æнкъарæнтæ: ахуырдзаутæн, ахуыргæнджытæн æмæ сæ ныййарджытæн. Мæ цæст уын уарзы фарн, æнæниздзинад, фæндвидар, уæ царднывæндтæ сæххæст кæныны фæндагыл æмæ уæхиуыл æууæнк».

«Республикæйы къухдариуæгад, Президент сæйраг бынаты æвæрынц  ахуырады къабазы рæзты фарстытæ, – банысан кодта министрты кабинеты сæргълæууæг. Уымæ гæсгæ Хицауад дæр æмæ профилон структурæтæ дæр аразынц æппæт дæр, цæмæй нæ сывæллæттæ ахуыр кæной нырыккон скъолаты æмæ исой гъæдджын зонындзинæдтæ: арæзт цæуынц ног скъолатæ æмæ сабидæттæ, уыдон ифтонг цæуынц æнæмæнгхъæуæг ифтонгад æмæ дзаумæттæй, уыцы нымæцы районты дæ. Нæ амондæн, Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр уыд рухстауджыты хорз традицитæ æмæ хорз ахуыргæнджытæ, абон уыцы традицитæ лæвæрд цæуынц фæлтæрæй фæлтæрмæ».

Уый ма банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы æххуысы нысаниуæг республикæйы рæзты алы къабазы, уыцы нымæцы ахуырады фадыджы дæр.

«Мах дарддæр дæр кусæм нæ стратегион партнер Уæрæсеимæ алы къабазы дæр не ‘мцæдисон ахастыты рæзтыл, æмæ уыдонæрдыгæй дæр арæм æмбарындзинад нæ цардæн æнæмæнгхъæуæг æппæт фарстыты дæр. Стыр Уæрæсейы фæрцы махæн абон ис сабыр æмæ фæрнджын уавæрты нæ сабиты хъомыл кæныны, социалон-культурон нысаниуæджы объекттæ аразыны фадат æмæ мæн ныфс ис, дарддæр дæр нæ ахастытæ арфдæр æмæ фидардæр кæй кæндзысты», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Бирæ хъарм ныхæстæ уый загъта Цхинвалы скъола-интернаты номыл, уымæн æмæ йæхæдæг дæр кæддæр уыд йæ хъомылгæнинаг.

«Æз æмбарын æмæ аргъ кæнын уе ‘ппæты фыдæбонæн дæр, уымæн æмæ сымах сывæллæтты канд ахуыр нæ кæнут, фæлæ сыл аудут æхсæвæй-бонæй», – банысан кодта уый, æмæ ахуырадон уагдоны коллектив æмæ хъомылгæнинæгтæн загъта йæ хорз фæндиæгтæ ног  ахуыры азы цытæн.

Йæ раныхасы Хицауады Сæрдар банысан кодта 6-æм скъолайы æмæ гимназ «Альбион»-æн дæр æнтыстытæ. Сæ ахуырдзаутæ кæддæриддæр æвдисынц хорз фæстиуджытæ иууыл уæлдæр æмвæзадыл уагъдцæуæг интеллектуалон ерысты рæстæджы.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.