Нæ царды сæмбæлæм диссаджы хæларзæрдæ адæймæгтыл, уыдон цыфæнды стыр пайдатæ куы фæхæссынц æхсæнадæн, уæддæр сæхи размæ никуы фестауынц, сæхицæй никуы феппæлынц. Фæлæ сын уæддæр адæм саргъ кæнынц сæ лæггæдтæн. Ахæм хæларзæрдæ æмæ хæрзæгъдау адæймаг у йæ дæсныйады иттæг хорз специалист, уæрæх профилы дохтыр  Къуылыхты Звяд  Славикы фырт дæр.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, дохтыры професси Хуыцауæй ратгæ у. Хуыцауæй ратгæ у дохтыры курдиат Къуылыхты лæппуйæн дæр. Уый райгуырд Дзауы поселочы 1976 азы. Фæстдæр йæ ныййарджытæ сæ царды уавæртæм гæсгæ æрцардысты Гуры. Звяд ахуыр кодта Гуры уырыссаг астæуккаг скъолайы. Фæлæ лæппу 8-æм кълас каст куы фæцис, уæд та йæ ныййарджытæ æрцардысты Ростовы æмæ уый дæр ацы горæты каст фæцис астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл. Уый фæстæ 1995 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Ростовы паддзахадон медицинон университеты. Фæлæ та йæ фыццаг курс каст фæуыны фæстæ бахъуыд йæ ахуыр Тбилисы медицинон университеты хосгæнæн хъуыддаджы факультетмæ раивын. Ам дæр та йæ хорз ахуырæй цæстæвæрæн фæцис куыд йæ ахуыргæнджытæн, афтæ йе ‘мкурсонтæн дæр. Ацы медицинон университет каст фæцис 2002 азы сырх дипломыл. Æвзонг дохтырæн кæд йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг цыдысты, кæд æй урæдтой университеты хосгæнæн хъуыддаджы кафедрæйы лекцитæ кæсынмæ, уæддæр æхсæв йæ фынты дæр йæ фыццаг къахдзæфтæ цы Райгуырæн Ирыстоны зæххыл акодта, уый уыдта.

Æмæ 2002 азы йæ къухты бафтыд йæ фæнд сæххæст кæнын, куыддæр йæ ахуыр фæцис, афтæ æрыздæхт йæ Фыдыбæстæмæ æмæ кусын райдыдта Знауыры районон рынчындоны акушер-гинекологæй. Æмæ ныр 19 азы дæргъы цæстуарзон æххуыс кæны тыхст уавæры бахауæг адæмæн. Ацы тагъд иваг дунейы рæстæгимæ æмдзу кæнын хъæуы, бирæ хатт хъуамæ йæ разæй дæр фæуай, науæд дын дæ архайды, уæлдайдæр та медицинон къабазы нæ уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Уый бахынцгæйæ, ацы аз онлайн-режимы ахуырæй Къуылыхты лæппу райста æртæ дипломы – иумиаг профилы дохтыры, Тагъд медицинон æххуысы æмæ педиатры дæсныйæдты фæдыл дипломтæ. Æртæ дипломы дæр райста Мæскуыйы медицинон уæлдæр ахуырадон уагдæттæй. 2017 азы та квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ рацыд Санкт-Петербургы Джанелидзейы номыл институты. Æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл. Цасдæр рæстæджы бакуыста республикон соматикон рынчындоны исæн хайады терапевтæй дæр.

Знауыры рынчындоны кусгæйæ уайтагъд йæ хорзы ном айхъуыст æрмæст ацы районыл нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйыл дæр. Хос кæнынмæ йæм цыдысты æмæ ныр дæр цæуынц Хуссар Ирыстоны алы къуымтæй. Уый бирæ ныййарджытæн баххуыс кодта хъæбулы уарзт банкъарын. Звядæй райгонд сты йæ коллегæтæ æмæ пациенттæ иууылдæр. «Звяд у тынг хорз адæймаг æмæ тынг хорз дохтыр. Йæ коллегæтæ йын кад кæнынц  се ‘ппæт дæр. Ныртæккæ кусы Ленингоры районы, фæлæ йæм æнхъæлмæ кæсæм æнæрхъæцæй мах, йæ коллегæтæ, кæд æрбаздæхдзæн, уымæ», – загъта Знауыры рынчындоны дохтыр-невропатолог Бэла Таубе.

Мæнæ дзы цы дзуры Знауыры поселочы цæрæг, ацы районы тæрхондоны сæйраг специалист Пухаты Дзерассæ: «Звяд у тынг хорз адæймаг, куыд сыхаг æмæ куыд дохтыр, афтæ дæр. Уый у уæрæх профилы специалист. Æгæрыстæмæй, хос кæны æвзагæй дæр. Афтæ ма у тынг фæлмæнзæрдæ, хуымæтæджы æмæ интеллигентон адæймаг. Тынг æхсызгон нын у, нæ уарзон дохтыры ном нын кæй ссардтат, уый. Стæм адæймаг разындзæн, знауырæгтæй йын йæ телефоны номыртæ чи нæ зоны. Дæ тыхсты рæстæджы йæм суткæйы дæргъы цафонфæнды дæр бадзур. Цалынмæ бон кæна æмæ куыстмæ æрбацæуа, уæдмæ дын бацамондзæн цы аразын хъæуы æмæ цы хостæ баназын æмбæлы, уыдæттæ. Рынчыны уавæр вазыгджын куы вæййы, уæд та йæм æрбацæуы цафонфæнды дæр. Уæлдай бузныг та дзы сты ацæргæтæ æмæ чысыл сабитæ кæмæн ис, уыцы ныййарджытæ».

«Звядæй знауыраг цæрджытæ иууыл-дæр сты тынг райгонд. Бирæ адæмæн баххуыс кодта куыд акушер-гинеколог, куыд педиатр, куыд терапевт, афтæ. Цахæм курдиаты хицау хъуамæ уай æмæ медицинæйы къабазы цалдæр профилы иттæг хорз сахуыр кæнай æмæ æххуыс кæнай тыхст адæймæгтæн. Тынг ыл фæдис кæнæм, уыйбæрц зонындзинæдтæ райсын йæ бон куыд ссис, ууыл. Иу ныхасæй, уый у районы цæрджыты уарзон адæймаг. Иу дæр дзы æвзæрæй ницы зæгъдзæн, алы адæймагмæ дæр ын ис аудгæ æмæ уæздан ахаст.  Нæ дуджы ахæм адæймæгтыл арæх нал æмбæлæм», – загъта Знауыры поселочы цæрæг, тæрхондоны 1-аг категорийы специалист Икъоты Валя. Ацы сылгоймæгтæ ма куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Звяд ныр цалдæр мæйы кусы Ленингоры районы Цъинагары медицинон амбулаторийы æмæ йæм уыдон дæр æнхъæлмæ кæсынц фæстæмæ æрбаздæхынмæ.

Звяд йæхæдæг куыд банысан кодта, афтæмæй йæм бахатыд РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад, цæмæй Цъинагары зонæйы хъæуты медицинон амбулаторийы куыст æмбæлон уагмæ æркæна æмæ уый дæр сразы ис сæ домæныл. Афтæмæй 2020 азы 1-æм июлæй абоны онг кусы Цъинагары хъæуы медицинон амбулаторийы сæргълæууæгæй.

Абоны онг уал йæ къухты бафтыд амбулаторийæн ЭКГ, ингаляторы аппараттæ самал кæнын. Бæрæг фæхуыздæр сты лæггæдты æмвæзад æмæ хос кæныны хъуыддаг. Йæ къухдариуæгадæй скъуыддзаг æрцыдысты организацион фарстытæ. Медицинон лæггæдтæ кæны Цъинагары зонæйы  авд хъæуæн – Орчъосан, Цъинагар, Абреу, Гдулет, Æхслеб, Монастьер æмæ Дзукъаты хъæуты цæрджытæн.

Йе ‘рцыды фыццаг бонæй фæстæмæ уый фæндаг ссардта алкæйы зæрдæтæм дæр. Мæнæ дзы цы дзуры Абреуы хъæуы цæрæг Габеты Юля: «Рынчынæн, дам, йæ дзырды сæр йæ низы кой вæййы. Адæймагыл та  куыд фылдæр азтæ цæуы, афтæ йæ уонг кæны лæмæгъдæр, фылдæр кæнынц йæ низтæ дæр, æмæ йæ уæд бар-æнæбары бахъæуы дохтыры æххуыс. Ацы хъуыддаджы та стыр нысаниуæг ис, уый дын рæстæгыл раст диагноз куыд сывæра, уымæн. Ныртæккæйы уæззау æмæ знæт царды, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæй, уæлдайдæр та ацæргæтæй æмæ дзы мацы срисса. Мæныл дæр азтæ сæ уæззау фæд æруагътой æмæ мæ арæх бахъæуы дохтыры æххуыс. Цъинагары амбулаторимæ Къуылыхты лæппуйы æрцыд махæн Хуыцауæй æрхауæгау у. Æрæджы мæ зæрдæ срыст æмæ йæм фæдзырдтам. Уый уай-тагъд мæ уæлхъус æрбалæууыд, лæмбынæг мын сахуыр кодта мæ низы хатт æмæ мын бакодта медицинон æххуыс. Ахæм лæмбынæг хъусдард мæм аздæхта, раст цыма йе ‘ввахс хион уыд йæ разы, уыйау. Иу дзырдæй, баззадтæн дзы стыр райгондæй», – загъта Дзукъаты хъæуы цæрæг Дзукъаты Надя.

21-æм октябры æхсæвы дыууæйы æрдæгыл Орчъосаны уæвæг уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæджы чысыл лæппу тынг фæтыхст, цæмæйдæр  фæхъæстæ. Райсомы 7 сахатыл фæдзырдтой Звядмæ. Уый йын медицинон хо Дриаты Мзияимæ бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ сывæллоны уавæр фæхуыздæр. Фæлæ та цасдæр рæстæджы фæстæ йæхи æвзæр банкъардта. Уæд æй Звяд, тагъд æххуысы медицинон хо Быценты Белæ æмæ шофыр Дудайты Александр раластой Цхинвалы сывæллæтты рынчындонмæ. Фæлæ та сын сывæллон фæндагыл дæр бавзæр ис. Уæд та йын Звяд бакодта экстренон æххуыс æмæ йæ стабилон уавæры бахæццæ кодтой сывæллæтты рынчындоны исæн хайадмæ. Иу суткæ уым арвитыны фæстæ æрыздæхтысты Орчъосанмæ æмæ нырма дæр сты Къуылыхы фырты хъусдарды бын. Сывæллоны мад Екатеринæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый стыр бузныгæй баззад Звяды цырд æмæ арæхстджын архайдæй. Загъта, зæгъгæ, уый куынæ уыдаид, уæд йæ хъæбулы уавæр куыд уыдаид, уый бæрæг нæ.

Абреуы хъæуккаг Габеты Раисæ дæр стыр бузныг у Звядæй. «12 боны размæ æр-дæгæхсæв мæ туджы æлхъывдад тынг схызт æмæ мын уыд инсульт. Æрбакодтой мæм ацы хорз адæймаджы. Сарæзта мын кардиограммæ æмæ мын рафыста хостæ. Алы бон дæр мæ бæрæг кодта æмæ мæ дыууæ къуыримæ мæ къахыл слæууын кодта. Тыхджын хорз адæймаг у. Ахæм дохтыр нæм никуы ма уыд», – загъта уый.

Ацы уацы автор дæр йæхи амондджы-ныл нымайы, ахæм диссаджы адæймаг æмæ курдиатджын дохтыримæ кæй базонгæ ис, уый тыххæй. Комбæсты цæрджытæ йæ иууылдæр бакодтой хи æфсымæры, хи хъæбулы уарзт æмæ сæ иууылдæр фæнды, цæмæй  ам баззайа кусгæйæ, фæлæ куыд базыдтам, афтæмæй махмæ ис рæстæгмæ.

Æнæнизæй нын бирæ фæцæр. Дæ ныфс нын бирæ уæд!

УАЛЫТЫ Зоя,

Цъинагар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.