Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Тамискы санаторимæ  арвыстæуыд 30 ахуыргæнинаджы. Сывæллæттæн балц сорганизаци кодта  Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад республикæйы æмбæстæгты хатырон категорийæн социалон æххуысы  программæйы фæлгæтты.

«Тамискмæ æрвыст æрцыдысты бирæсывæллонджын æмæ цыбыркъух бинонты сабитæ, сидзæртæ, скъола-интернаты ахуырдзаутæ æмæ се ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у æмæ санаторийы хос кæнын кæмæн хъæуы, ахæмтæ. Ахуыргæнинæгтæ санаторийы баулæфдзысты 12 боны» – фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон рæзты  министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ.

Тамискмæ сывæллæтты арвыстæуыд дыккаг хатт, фыццаг фæлтæр æрвыст æрцыд 20 июны. «Тамиск»-ы хосгæнæн базæ ифтонг у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Хосгæнæн комплексмæ хауынц: минæралон ваннæтæ, цъыфæй хоскæнын, минералон дæттæ нуазынæй хос кæнын, хосгæнæн физкультурæ, массаж, физиотерапи, хосгæнæн диетæ, климатон хоскæнынад, æвæстиат медицинон æххуыс, ультразæлон басгæрст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.