«Парламентаризм» у францаг дзырд æмæ нысан кæны «дзурын». Парламент кæм фæзынд, уыцы бæстæйыл нымад цæуы Англис, цыран абоны закъондæттынадон орган йæ фыццаг хуызы фæзынд XIII æнусы райдианы. Парламент йæ мидисмæ гæсгæ у ахæм бынат, цыран адæмы æвзæрст минæвæрттæ уынаффæ кæнынц æхсæнад æмæ паддзахады царды карздæр проблемæтыл. Уый у ахæм уагдон, кæцы, йæ формæ æмæ йæ номмæ нæ кæсгæйæ, æнгæс сты дунейы фылдæр бæстæты.

Ахсджиагдæр политикон, экономикон, хæдзарадон, æфсæддон уынаффæтæ, закъæттæ исыны адæмы хайадист у иууыл зæронддæр традицитæй сæ иу. Уартæ ма паддзахады фæзынды агъоммæ адæмы фылдæр хаймæ хауæг сæйрагдæр фарстатæ скъуыддзаг цыдысты иумæйаг æмбырдты. Уынаффæ кæныны ахæм формæ уыдис гермайнæгтæм, франктæм, скандинавæгтæм, славяйнæгтæм.

Ирæттæм адæмон хицауиуæгады традицитæ фæзындысты рагзаманты, нæ фыдæлтæ-иу куы æмбырд кодтой Ныхасы æмæ куы скъуыддзаг кодтой æнæаргъæвгæ проблемæтæ. Уый иттæг ирдæй зыны Нарты эпосы. Алайнаг паддзахиуæгады рæстæджы кæд сæйраг къухдариуæггæнæг уыд, уæддæр ма уæвыдис æфсæддон демократи дæр. Ирыстон Уæрæсейы скондмæ куы бацыд, уый фæстæ та традицион Ныхастæй дарддæр, бирæ фарстатæ скъуыддзаг цыдысты адæмон æмбырдты æмæ æхсæнадон тæрхондæтты. Революцион рацаразындзинæдты рæстæджы та фæзынд бынтон уникалон орган – Хуссар Ирыстоны Национ совет.

Советон дуджы, куыд æппæт бæстæйы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр æвзæрст цыдысты адæмон депутатты Советтæ. Растдæр ахæм адæмон органы дыууынæм æрсидты цыппæрдæсæм сесси 1990 азы 20 сентябры райста историон уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон областы Хуссар Ирыстоны Демократон Республикæмæ – фæстæдæр дунейы нымад хæдбар паддзахад Республикæ Хуссар Ирыстонмæ рацаразыны тыххæй.

РХИ-йы Парламент ссис ГССР Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутаты Советон бартæ райсæг æмæ РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзухархайæг орган. Уыцы характеристикæтæ йын бæлвырд кæнынц йæ бæрзонд конституцион-барадон статус æмæ уыимæ йæ уæрæх æххæстбартæ, уыдоны нымæцы адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ хъахъхъæныны фæдыл архайд дæр. Уый, фыццаджыдæр, баст у Конституци æмæ закъæттæ исыны фæдыл Парламенты æххæстбартæ реализаци кæнынимæ, кæцыты нысан сты адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ, афтæ ма сæ хъахъхъæныны юридикон гарантитæ.

Закъонфæлдисджыты фыццаг сконд – уыцы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет – кæцы арæзт æрцыд 1990 азы 9 декабры, уыдис алыгъуызон, активон, сæйраджыдæр та иттæг фæндвидар, оптимистон æмæ æнтыстджын. Сæ фылдæр уыдысты адæмон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы активисттæ, уыцы организаци, кæцы равзæрста хæдуагæвæрды, национ уæвынады æмæ гуырдзиаг национализмы ныхмæ лæууыны фæндаг. «Адæмон Ныхас»-ы лидертæн сæ фылдæр бацыдысты Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон æмбырды фыццаг æрсидты скондмæ, уынджы трибунæйы парламентон трибунæйæ баивгæйæ.

«Фыццаг фæндаггæрдджытæ» райстой къорд документы, кæцытæ систы бындурон нæ паддзахаддзинадæн. Ныртæккæ быцæутæ цæуы – уыдис нын уæд Конституци æви нæ? Иутæ нымайынц, зæгъгæ, Конституци цахæм хъуамæ уа, ахæм нæм нæ уыд – афтæ дзурыны фадат та сын дæтты уый æмæ уагъд не ‘рцыд æппæтадæмон референдум. Фæлæ, иннæфарсæрдыгæй, Конституци ист æрцыд, куыд кусæгон документ, афтæ æмæ дзы пайда кодтой. Лидертыл дзырд куы цæуа, уæд Сæйраг Советы фыццаг Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Хъуылымбегты Торез, йæ хæдивæгæй та  Цоциты Алан. 1991 азы январы Хъуылымбегты Торезы аскъæфтой гуырдзиаг спецслужбæтæ æмæ афæдзы бæрц уыдис уацары. Уыцы рæстæджы Сæйраг Советы сæргъ лæууыд Гасситы Знауыр.

Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы уый æмæ РХИ-йы Сæйраг Советы фыццаг сессийы райст кæй æрцыд сидт ССР Цæдисы адæмон депутатты VI съездмæ, цыран домдæуыд, цæмæй растыл нымад ма ‘рцæуа Гуырдзыстоны закъон Хуссар Ирыстоны автономи аивыны тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы субъектæй, Хуссар Ирыстоны Автономон республикæйы, афтæ ма ног цæдисон бадзырдыл къухæрфыссæгыл банымайын.

1992 азы 19 январы уагъд æрцыдис Референдум хæдбардзинады æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацимæ баиу кæныны тыххæй. Йæ фæстиуджытæ абон дæр цавæрфæнды политикон уавæрты сты ахсджиаг. Референдумы фæстиуджытæм гæсгæ, уыцы аз майы мæйы райст æрцыд Акт Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Уый уыд Республикæйы нырыккон историйы иууыл ахсджиагдæр документ. 26 ноябры та Сæйраг Советы фæстагдæр сесситæй сæ иуы райст æрцыд уынаффæ Хуссар Ирыстоны Советон Республикæйы ном Республикæ Хуссар Ирыстонæй раивыны тыххæй.

Закъонфæлдисджыты фыццаг сконды ‘хсæн равзæрыд цымыдисон инициативæтæ  – Сæйраг Советы ном Паддзахадон Ныхасæй раивын. Депутат Биазырты Кромвелы фæндоныл сразы сты, фæлæ закъондæттынадон органæн фæстæдæр йæ ном раздахтæуыд.

Закъондæтджыты фыццаг скондмæ æрхауд хицауиуæгады фыццаг кризис дæр. Отставкæйы ацыд Хъуылымбегты Торез æмæ йæ бынатмæ æвзæрст æрцыд Цыбырты Людвиг. Сæйраг Советы Сæрдары бынат бацахсгæйæ, Цыбырты Людвиг фæстæдæр суыдзæн Республикæйы фыццаг Президент.

1994 азы марты РХИ-йы Сæйраг Советмæ уыдысты дыккаг æвзæрстытæ. Уырдæм бацыдысты 35 депутаты Цхинвал æмæ республикæйы æппæт районтæй. 4 бынаты ныууагътой резервы гуырдзиаг хъæуты цæрджытæн, фæлæ сæ уыдон не спайда кодтой. Закъондæтджыты ног сконд бынтондæр хицæн кодта раздæры скондæй, фыццаджыдæр, уымæй æмæ депутатты ‘хсæн нал уыдысты «Адæмон Ныхас»-ы активисттæ. ССР Цæдисыл æнувыд электорат Сæйраг Советы сарæзта фидар коммунистон тых, кæцымæ æрбаиу сты Цыбырты Людвигы æвварсхæцæг хæдбар депутаттæ. Бынтондæр аивтой куысты методтæ æмæ формæтæ. Кæд æмæ фыццаг закъон-дæтджытæ æвзæрст цыдысты гарзджын агрессийы рæстæ-джы æмæ сæ хъуыд наци фервæзын кæнынимæ, хъахъ-хъæнынхъомдзинад æмæ паддзахадон легитимондзинадимæ баст фарстатæ, уæд депутатты ног сконд та йæ архайд арæзта конфронтацийæ бæстонкæнынады процесс райдайынмæ хизæн рæстæджы. Райдыдта активон паддзахадон арæзтады процесс.

Фыццаджыдæр закъондæтджытæ серьезонæй æрæвнæлдтой Конституцимæ. Арæзт æрцыд Конституцион къамис, йæ проектыл та йын æруынаффæ кодтой æппæт адæм. Уымæй дарддæр ма дыккаг сæвзæрст депутаттæ райстой æмбæстагдзинады, паддзахадон символикæйы тыххæй закъæттæ æмæ æндæр дæлзакъонон акттæ. Уыцы рæстæджы куыст цыдис  разамынады парламентон формæйæ президентонмæ рахизыныл. Æмбæлон ивындзинæдтæ бахастæуыд Конституцимæ. Ахæм позицийæн уыдис йæхи ныхмæлæуджытæ дæр, кæцытæ нымадтой, зæгъгæ, нæ æхсæнадæн историон æгъдауæй æмбæлон нæу разамынды президентон формæ.

1996 азы 10 ноябры æппæтадæмон æвзæрстыты фæстиуæгæн æвзæрст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент. Уый ссис Цыбырты Людвиг, кæцы райста æвзарджыты хъæлæстæн сæ 55 проценты. Сæйраг Советы ном раивд æрцыд Парламентæй, йæ ног сæрдарæй та æвзæрст æрцыд Дзугаты Къоста. Æртыккаг парламентон æвзæрстытæ уыдысты 1999 азы 12 майы. Парламенты скондмæ æвзæрст æрцыдысты 29 депутаты (гуырдзиаг анклавтæ та сæ квотæтæй не спайда кодтой). 8 депутаты уыдысты Цхинвалы иумандатон округæй, æртыгæйттæ,  Цхинвал, Дзау æмæ Знауыры районтæй, иу та Ленингоры районæй. Челехсаты Хъазбег уыд æппæтирон змæлд «Стыр Ныхас»-æй, Тедеты Сослан – Фæсивæдон цæдисæй – Гобозты Вячеслав æмæ Плиты Алымбег – парти «Фыдыбæстæ»-йæ, авд депутаты та Коцты Станиславы сæргълæудæй æвзæрст æрцыдысты Компартийæ. Ног сæрдар æвзæрст цыдис дыууæ фæуæлахизуæвæг партитæ – РХИ-йы Компарти æмæ «Фыдыбæстæ»-йы минæвæрттæй – Коцты Станислав æмæ Гобозты Вячеслав. Фæуæлахиз фыццаг æмæ уый бирæбæрцæй уыд закъонбæрцон, уымæн æмæ коммунисттæ æвзæрстыты райстой хъæлæсты 50 процентæй фылдæр.

Фыццаг бонтæй фæстæмæ куыст цыд ног Конституцийы текстыл. Конституцион къамисы куыст æркодта уымæ, æмæ бирæ компромиссты фæстæ 2001 азы 8 апрелы ист æрцыд РХИ-йы æртыккаг Конституци. Уыцы Парламент, зæгъæн ис, сæвæрдта рекорд ауадзгæ сесситæ æмæ Парламенты Президиумы рабадтыты нымæцæй. Æртыккаг æрсидт Парламентмæ æрхаудысты ног президентон æвзæрстытæ, цыран фæуæлахиз Кокойты Эдуард.

2004 азы 23 майы уыдысты цыппæрæм æрсидт Парламенты æвзæрстытæ. Уыдон уагъд цыдысты æмхæццæ системæмæ гæсгæ. Депутатты нымæц баззадис 29-æй. Æвзæрстытæм бацыдысты цыппар политикон партийы –  парламентон змæлды «ветерантæ» – РХИ-йы Компарти æмæ социалистон парти «Фыдыбæстæ», афтæ ма дыууæ æрыгон партийы – республикон политикон парти «Иудзинад» æмæ «Адæмон парти». Партиты нымæц фæстæдæр фæкъаддæр æртæйы онг – ЦÆК æвзæрстыты хайад исынæй аиуварс кодта парти «Фыдыбæстæ»-йы. Разæй цыдис парти «Иудзинад». Йæ архайд активонæй райдайгæйæ, иу азмæ ссис хъомысджын политикон парти. Парламенты Сæрдар ссис «Иудзинад»-æй кандидат Гасситы Знауыр. Ацы æрсидты Парламент йæ архайды рæстæджы райста нæ историйæн ахсджиаг документтæ. Æмæ ма зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны ныхмæ кæй уыдис дыууæ агрессийы –  2004 æмæ 2008 азты.

Бирæ депутаттæ бацыдысты хæдхъахъхъæнынады къордтæм. Се ‘хсæн уыдысты, уæлдæр хæстон хорзæх «Уацамонгæ»-йæ хорзæхджын чи ‘рцыдысты, ахæмтæ. 2008 азы августы хæсты рæстæджы басыгъд Парламенты бæстыхай, куынæг æрцыдысты ифтонгадтæ, архивтæ… Цасдæр рæстæджы закъондæттынадон органæн йæ бон нæ уыд нормалонæй архайын. Стæй йын иу уæладзыг рахицæн æрцыд Контролон-нымайæн палатæйы бæстыхайы. Уавæртæ зынгæ фæкъуындæгдæр сты, фæлæ куыст æрбæстон æмæ сæйраг планон куыст æххæст æрцыд. Уый уæд, æмæ-иу депутатты куы бахъуыд æндæр функцитæ æххæст кæнын – гуманитарон æххуыс дих кæныны фæдыл комитетты кусын, æндидзынады фæдыл алыгъуызон къамисты сконды уæвын, бирæнымæц делегациты исын. Æмбæрстгонд у, ахæм уавæрты æвзæрстыты агъоммæ æххæстгъæдджын куыст кæнын зын кæй уыд. Æмæ серьезон цухдзинæдтæ кæй не ‘руагъдæуыд, уый дæр нымайын хъæуы æнтыстыл.

2009 азы 31 майы Хуссар Ирыстоны уыдысты фæндзæм æрсидт республикон Парламентмæ æвзæрстытæ. Ацы æвзæрстыты хæдхуыздзинад уый мидæг ис æмæ ног закъондæттынадон орган æвзæрст æрцыдис, Республикæ дунеон банымад куы райста æмæ суверенон паддзахад куы ссис, уыцы уавæрты. Фыццаг хатт æвзæрстытæ ацыдысты пропорционалон системæмæ гæсгæ. Афтæмæй Парламент арæзт цыд фæдфæдылонæй – мажоритаронæй æмхæццæ системæмæ, стæй та партион номхыгъдтæм гæсгæ æвзæрстытæм. Афтæ рауад æмæ Хуссар Ирыстоны парламентон арæзтады алцыдæр сфæлвæрдтой, ис абарæн, хуыздæрыл цы ис банымайæн æмæ цæуыл хъæуы æрлæууын. Алы æвзарæн системæйæн дæр ис йæхи хорздзинæдтæ æмæ ахæм уавæрты хъæуы равзарын, бынæттон уавæрты дзы хуыздæр кæцы уыдзæн.

Фæндзæм æрсидт Парламентмæ æвзæрст æрцыдысты 34 депутаты. Уыдонæн се ‘рдæг уыдысты парти «Иудзинад»-æй. 9 депутатон бынаты фесты Адæмон партийы, 8 та – коммунистты. Къухдариуæггæнæг функцитæ Парламенты дих кæнгæйæ, нысан æрцыдысты ног парламентаризмы хицæн хиæдтæ. Компромиссы фæстиуæгæн Парламенты Сæрдар ссис коммунист Коцты Станислав, кæд закъондæттынадон æмбырды партийæн къаддæр бынæттæ уыдис, уæддæр. Уыдоны фæцис иу парламентон комитет. Парти «Иудзинад» бацахста Парламенты Сæрдары æртæ хæдивæджы бынæттæ æмæ ма ноджы 4 парламентон комитеты. Иннæ цыппар комитеты сæргъ слæууыдысты Адæмон партийы минæвæрттæ. Парламенты мидæг сырæзт æртæ фракцийы. Æмæ сын бирæ фарстаты фæдыл иугъуызон хъуыды кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ проблемон уыд æмзонд уынаффæ райсын.

Бирæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, депутаттæн бирæ саразын бантыст. Уæлдай тынгдæр фæактивондæр æхсæнпарламентон архайд, фыццаджыдæр та УФ-йы Паддзахадон думæимæ. РХИ-йы Парламенты депутаттæ бацыдысты алыгъуызон æхсæнпарламентон баиугæндты скондмæ æмæ сæ куысты истой активон хайад. Райст æрцыдысты ахсджиаг закъæттæ. Политикон-барадон аргъ лæвæрд æрцыд 2004 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийæн.

Æхсæзæм æрсидт РХИ-йы Парламентмæ æвзæрстытæ ацыдысты стыр политикон активондзинады уавæрты. Бæстæйы уæлдæр закъондæттынадон органы уæвын фыццаг хатт сæ фæндон равдыстой 15 партийы, фæлæ дзы Парламентмæ бахауд æрмæстдæр цыппар: «Иугонд Ирыстон» (20 депутатон бынаты) «Дзыллæты иудзинад» (6 бынаты), Адæмон парти (4 бынаты), «Ныхас» (4 бынаты). Парламентмæ фыццаг хатт нæ бахаудысты коммунисттæ. Нæ йæм бахаудысты парти «Иудзинад»-ы минæвæрттæ дæр, кæцытæ фылдæр бынæттæ ахстой раздæры Парламенты. РХИ-йы Праламенты Сæрдарæй æвзæрст æрцыд республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы лидер Бибылты Анатоли.

Ныртæккæ Парламенты архайы фараст комитеты: закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл; æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл; хъахъхъæнынад æмæ æдас-дзинады фæдыл; бюджет æмæ хъалонты фæдыл; сæудæджерад, арæзтад, транспорт æмæ бастдзинады фæдыл; экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл; национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл; социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл; фæсивæды хъуыддæгты, спорт æмæ туризмы фæдыл. Уыдонæй дарддæр ма арæзт æрцыдысты ахæм къамистæ, куыд мандатон, нымайæн, регламенты фæдыл, депутатон этикæйы фæдыл æмæ секретариат. Афтæмæй, РХИ-йы Парламенты Президиумы ис 16 депутаты.

Æхсæзæм æрсидт РХИ-йы Парламент фæуд кæны йæ куыст æмæ банысан кæнын хъæуы, парламентаритæ сæ куыст кæй бакодтой æнтыстджын æмæ гъæдджынæй. Депутаттæ иууыл активондæр хайад исынц æппæт паддзахадон æмæ æхсæнадон мадзæлтты. Парламенты сессийы ратификаци æрцыд иттæг ахсджиаг документ – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд. Райст æрцыдысты стыр нысаниуæджы закъæттæ. Бæрзонд æмвæзадмæ схызт æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад.

Æнæбанысангæнгæ нæй ахæм ахсджиаг факт дæр æмæ ацы æрсидты Праламентмæ кæй æрхауд йæ историон бæстыхаймæ раздæхыны амонд, кæцы ногæй сæндидзыдта 2008 азы августы хæсты фæстæ. Нысан цæуынц ноджы æндæр серьезон рацаразындзинæдтæ. Фыццаджыдæр, куыст цæуы депутатон корпусы æрхайд æдзухон бындурмæ ракæныны фарстыл. Уымæй дарддæр ма РХИ-йы Парламентмæ радон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты æмхæццæ, мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ.

Ныры æрсидты Парламентæн ма характерон уый у, æмæ йæ рæстæджы раивд æрцыд йæ Сæрдар. Президентон æвзæрстыты фæуæлахизуæвæг Бибылты Анатолийы бынатмæ бахызт йæ иупартион Гасситы Петр.

25 азы дæргъы æппæт æрсидтыты Парламенты депутаттæй уыдысты 200 адæймагæй фылдæр. Адæмы æвзæрст адæймæгтæ-иу систы иууыл аккагдæртæ, стыр авторитет кæмæн ис æмæ стыр аргъ кæмæн кæнынц. Се ‘хсæн уыдысты академиктæ, зонæдты доктортæ æмæ кандидаттæ, алыгъуызон премиты лауреаттæ. Бирæтæ дзы хæссынц кадджын нæмттæ, сты ордентæ æмæ майданты кавалертæ. Зæгъæн ис, иууылдæр, афтæ уа, æви уфтæ, цасдæрбæрцæй уыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад къухты бафтын кæныныл тохгæнджытæ. Фæлæ, сæйраджыдæр, алы депутат дæр тырныдта, цæмæй дзуапп дæтта адæмы æвзæрст адæймаджы статусæн, намысджынæй æххæст кæна, цы стыр хæстæ йыл æвæрд цыдис, уыдоны, бæрзонддæр кæна бæстæйы уæлдæр закъондæттынадон органы авторитет æмæ нысаниуæг.

9 декабрь нымад цæуы хуссарирыстойнаг парламентаризмы боныл. Ныр ыл цæуы 28 азы. Уыцы рæстæджы къухты бирæ бафтыд. Нæ республикæ цыбыр историон рæстæджы рацыд хæдуагæвæрд сбæлвырд кæнынæй дунеон банымадмæ æмæ уым уæзгæ бавæрд ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентæн.

Харебаты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.