4 июны Мæскуыйы байгом дунеон форум «Парламентаризмы рæзт». Йæ фæлгæтты уагъд цæуынц пленарон рабадтытæ, тематикон секцитæ æмæ тымбыл фынгтæ.

Форум æрæмбырд кодта дунейы 70 бæстæйы бæрц хицауиуæгады закъондæттынады органты минæвæртты.

Йæ куысты хайад исы РХИ-йы Парламенты делегаци дæр, йæ сæргъ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, афтæмæй.

Форумы уынаффæ цæуы бирæ алыгъуызон актуалон фарстатыл, цыран активон хайад исынц нæ Парламенты делегацийы уæнгтæ. Раныхас дзы кæндзæнис Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Боны фæткы сты экономикæйы нормативон бæстонкæнынады ахсджиагдæр здæхтытæ, терроризм æмæ фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæныны механизмты хиæдтæ, нымæцон дуджы æхсæнадон-политикон къабазы инновацион барадон бæстонкæнынады рæзты æмæ æндæр фарстатæ». Афтæ ма делегаттæ хайад райсдзысты тымбыл фынгты ахæм темæтыл: «Уæрæсе æмæ Африкæйаг цæдис. Æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады перспективæтæ», «Æхсæнпарламентон æмархайд Уæрæсе-Латинаг Америкæ. Æмгуыстады æмæ рæзты перспективæтæ», «Дзыллон информацийы фæрæзты закъондæттынадон ифтонгад: æдасдзинад æмæ ныхасы сæрибардзинад».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.