Иуæндæс азы размæ 2006 азы 12-æм ноябры нæ бæстæйы ногдæр историйы æрцыд ахсджиаг цау – уагъд æрцыд реферндум Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Уый размæ 1992 азы январы мæйы та РХИ-йы æмбæстæгтæ референдумы схъæлæс кодтой бæстæйы хæдбардзинады тыххæй, æмæ куыдфæстагмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй.

Ног референдум ауадзын хъуыд уый тыххæй, цæмæй ног политикон уавæрты, фидар æрцыдаид Хуссар Ирыстоны адæмы уынаффæ. Паддзахады уæды сæргълæууæг Кокойты Эдуард æхсæнадимæ йæ иу фембæлды рæстæджы референдум ауадзыны тыххæй афтæ загъта: «Хуссар Ирыстон цæттæ у цæмæй  йæ паддзахады  хæдбардзинад  нымад æрцæуа».

Уыцы рæстæджы уыд иу къорд хицæндзинадтæ. Конституцийæ сбæрæггонд æрцæуа  æмгъуыдмæ гæсгæ, ноябры хъуамæ уагъд æрцыдаиккой РХИ-йы Президенты æвзæрстытæ. Ист æрцыд уынаффæ, цæмæй Президенты æвзæрстыты боны уагъд æрцыдаид хæдбардзинады тыххæй референдум дæр. Уыцы рæстæджы ноджы иу хицæндзинад та уыд ахæм. Цæвиттон, РХИ-йы Президенты æвзæрстытимæ гуырдзиаг хицауад ауагъта «Альтернативон президенты æвзæрстытæ», зæгъгæ ахæм хынджылæггаг хъуыддаг. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийæ рæстæгмæ Тбилисы дæлбар чи уыд, уым хъуамæ æвзæрст æрцыдаид ноджы иу президент, гуырдзыйы фарс чи хæцыдаид, ахæм.

Референдумы размæ æмбарынгæнæн куыст цыд цæрджытимæ. Æхсæнадон организацитæ æмæ политикон партитæн арæзт æрцыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Хæдбардзинады тыххæй референдум æмæ Хуссар Ирыстоны фидæн». Тымбыл фынджы хатдзæгтæм гæсгæ ист æрцыд коммюнике, цыран сæрмагондæй дзырдæуыд: «Абон дунейы сæвзæргæ политикон æцæгдзинады, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм дзуапп хъуамæ радтой ныры дуджы ног æртхъирæнтæ æмæ тæссагдзинæдтæн, уымæй национ æдасдзинад, дарддæры рæзты уавæр æмæ хорз фидæн сифтонг кæнгæйæ. Демократон бындуртæ æмæ не ‘хсæнады традицитæ бафидар кæнгæйæ, РХИ-йы æмбæстæгтæн ноджы иу хатт фæуыдзæн сæ бæстæйы фидæны тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъыны фадат референдумы комкоммæ æмæ сæрибар фæндон равдисгæйæ, æмæ ноджы иу хатт хæдбардзинадмæ фæндаджы равзæрсты растдзинад бафидар кæнгæйæ куыд æдасдзинад, культурæ æмæ æвзаджы рæзт бахъахъхъæныны сæйраг амал, афтæ».

РХИ-йы Централон фæзуаты уагъд æрцыд   Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй референдумы фарсхæцæн митинг. Митинджы раныхас кодтой интеллигенцийы, æхсæнадон организациты, политикон партиты минæвæрттæ, РХИ-йы культурæйы архайджытæ æмæ Гуырдзыстоны мидæггагон районтæй лигъдæттæ. Раныхасгæнджытæ æмхуызонæй банысан кодтой  Республикæ Хуссар Ирыстоны  хæдбардзинады тыххæй референдум æнæмæнгæй ауадзын кæй хъæуы.

2006 азы 23 августы Хуссар Ирыстоны Парламенты рабадты официалонæй фидар æрцыд РХИ-йы Президенты æвзæрстытæ 2006 азы 12 ноябры ауадзыны тыххæй, уыцы иурæстæджы ма æвзæрстытимæ хъуамæ уагъд æрцыдаид референдум дæр Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Уый фæдыл уайтагъд се ‘нæразыдзинад равдыстой Тбилис æмæ йæ ныгуылæйнаг æмцæдисонтæ. АИШ-ы паддзахадон департамент сарæзта хъусынгæнинаг, цыран дзырдæуыд, зæгъгæ, АИШ ралæудзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй референдум ауадзыны ныхмæ. Европæйы Советы æдасдзинады генералон нымæрдар Терри Дэвис фехъусын кодта, зæгъгæ, Европæ нæ банымайдзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй референдумы хатдзæгтæ. Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр сарæзта хъусынгæнинаг, цыран равдыста йе ‘нæразыдзинад Цхинвалы регионы цæуæг процессты тыххæй.

Уыимæ Уæрæсейы референдум ауадзыны тыххæй уынаффæмæ равдыстой æмбаргæ ахаст. 15 сентябры Мæскуыйы мэр Юрий Лужков фембæлд республикæйы къуъдариуæгадимæ æмæ фехъусын кодта референдум ауадзыны фарс кæй хæцы, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ фехъусын кодтой Гуырдзыстоны спецслужбæты архайды активондзинады тыххæй. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзæрстыты хæдразмæ Гурмæ æрбакондæуыд Гуырдзыстоны сæрмагонд дæлхæйтты 100 æфсæддон службæгæнæджы. Хъæлæс кæныны боны размæ Цхинвалы сæрмæ ратахт рогмоторон хæдтæхæг æмæ æрæппæрста листовкæтæ Хуссар Ирыстоны альтернативон президент Санахъоты Димитры фарс рахæцыны  тыххæй.

Референдум уадзыны рæстæджы журналисттæн байгом æппæт æнæмæнгхъæуæг ифтонгадæй æххæст пресс-центр. РХИ-йы Президенты æвзæрыстыты æмæ референдумы куыстой 17 бæстæйы 200 хъусдарæджы бæрц. Æвзæрстыты мониторинджы дунеон институты хаххыл Хуссар Ирыстоны куыстой 11 бæстæйы хъусдарджытæ, уыцы нымæцы Польшæ, Венесуэлæ, Иордани, Албани, Косово, Герман, Швеци, Латви, Австри, Беларуси æмæ Испани. Хъусдарджыты хуызы республикæйы куыстой Уæрæсе, Украинæ, Хæххон-Къарабахы Республикæ, Аб-хаз, Приднестровье æмæ Сомихстоны ми-нæвæрттæ.

РХИ-йы Президенты æвзæрстытæ æмæ хæдбардзинады тыххæй референдум уагъд æрцыд 2006 азы 12 ноябры. Æдæппæтæй республикæйы районты æмæ сæйраг горæты байгом   75 æвзарæн фадыджы. Ноджы æхсæз æвзарæн фадыджы та конд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны. Æвзæрстыты æмæ референдумы хайад райсыны тыххæй хъуыд хуссарирыстойнаг мидæггагон паспорт.  Хъæлæс дæттæн нæ уыд уæрæсейаг кæнæ гуырдзиаг паспортимæ.

Хъæлæс дæттыны процесс ацыд æнæ хъаугъатæй. 2006 азы 14 ноябры Централон æвзарæн къамис фехъусын кодта референдумы кæройнаг хатдзæгты тыххæй: «Сусæг хъæлæсæппæрсты номхыгъдтæм хаст æрцыдысты 55163 адæймаджы. Уыдонæй хъæлæскæныны хайад райстой 52443 адæймаджы, ома 95,1%. Референдуммæ рахæсгæ фарст, зæгъгæ, «Разы дæ ды, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон бахъахъхъæна хæдбар паддзахады ныртæккæйы статус æмæ йæ банымайа дунеон æмæхсæнад», уый пайдайæн æвварс схъæлæс кодтой 52 378 адæймаджы, ома, 99,88%, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой 60 æмбæстаджы, кæнæ 0,12%. Референдум ауадзыны фæдыл бæрæг фиппаинæгтæ нæ уыд дунеон хъусдарджытæм. Референдумы хатдзæгтæ нæ банымадтой нæдæр Гуырдзыстон, нæдæр йæ ныгуылæйнаг æмцæдисонтæ. Фæлæ, ууыл ничи хъуыды кодта: Хуссар Ирыстоны адæм сæ ныхас загътой! Уый хыгъд, Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад равдыста йæ хъуыды, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны референдумы хатдзæгтæ ма банымайын раст нæу. «Искæйы зæрдæмæ цæуы æви нæ, фæлæ мах  хъуыддаг ис демократон процедурæты руаджы Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибар фæндондзинад равдисынимæ», – дзырдæуыд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Департаменты комментариты.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.