2018 азы 27 январы Уæрæсейы Федерацийы РХИ-йы минæварад   хайад райста, Ленинград фашистон блокадæйæ куы ссæрибар, ууыл 74 азы боны цытæн цы цытджын-траурон церемони уагъд æрцыд, уым. РХИ-йы адæмы номæй Пискаревы мемориалон уæлмæрды Мад-Райгуырæн бæстæйы монументы раз æвæрд æрцыд венок.

Ленинграды блокадæ райдыдта 1941 азы 8 сентябры æмæ адаргъ ис суанг 900  боны онг. Алыгъуызон зонæдтæм гæсгæ блокадæйы рæстæджы амард 400 сæдæ мин адæймагæй 1,5 милуаны онг. Ленинградаг, Карелиаг æмæ Волховаг фронтты тох кодтой Ирыстонæй рацæугæтæ дыууæ мин адæмæй фылдæр. Уыдонæй фараст адæймагæн лæвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ. Невæйы зæххыл ныгæд æрцыдысты ирыстойнæгтæ 576 адæймаджы. Уыдон фæмард сты блокадон Ленинграды хъахъхъæнгæйæ. Сæ рухс нæмттæ сын арыны тыххæй 2003 азы 7 майы Пискаревы мемориалон уæлмæрды байгом зæрдылдарæн гранитон фæйнæг ахæм фыстимæ: «Ирыстойнæгтæн  – блокадон Ленинграды хъахъхъæнджытæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.