Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ суверенитет кæй ба-нымадта, уымæй уæрæсейаг къухдариуæгад равдыста æнахуыр фæндвидардзинад. Уæрæсейы уæды Президент Дмитрий Медведевы уынаффæ цæрæнбонтæм баззайдзæн алы ироны мысынады дæр рæстдзинады æвдисæндарæй. Уыцы бон адæм бамбæрстой, сæ хъизæмæрттæ æнæхъуаджы нæ фесты.

Хъодалаты Хансиат, ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг:

Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уымæй сарæзта раст къахдзæф. Нæ райгуырæн зæххыл цæрыны бары тыххæй мах бафыстам стыр аргъ: 19-æм азы æргом хæстон ныхмæлæуд, ныппырхгонд экономикæ, мингай æнæаххос амæттæгтæ… Уыцы тугæйдзаг бонты фæбæрзонддæр дзыллон информацийы фæрæзты нысаниуæг, кæцы оперативонæй парахат кодта раст информаци, æмбæстæгтæн фæндаг амыдтой раст политикон архайдтытæм. Хуссар Ирыстон у хъайтарон республикæ. Уæрæсе у не стыр ныфс. Æмæ мах хъуамæ не ‘рвылбонон царды дæр бæлвырд кæнæм уыйбæрц амæттæгтæ æнæхъуаджы кæй нæ фесты, уый. Хъуамæ махæй алчидæр архайа нæ райгуырæн хæстæфхæрд Ирыстонæн исты хорзы бацæуыныл. Хъуамæ чысылнымæц ирон адæм уой æнгом æмæ иу зондыл хæст. Афтæ куы уа, уæд нæ фидæн уыдзæн рæсугъд æмæ бæллиццаг. Уыцы амондджын бон мæ никуы ферох уыдзæн.

Остъаты Алан, драматург, фыссæг:

Мæ царды  мын ацы цау уыд иууыл æхсызгондæр. Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны адæм цалдæр сæдæ азы дæргъы дæр никуы фехъуыстой уымæй нысаниуæгджындæр хабар. 8-æм августæй бирæ нæ рацыд, æмæ нын ахæм хорз хабар фехъусын уыд æнæнхъæлæджы. Республикæйы æмбæстæгтæ сæ циндзинад æвдыстой алыгъуызонæй, иутæ бæрæгбонон æхст кодтой, иннæтæ автозгъорст сарæзтой ирон æмæ уырыссаг æртæколорон тырысатимæ. Адæм ногæй æхстытæ куы фехъуыстой, уæд иуæй-иутæ фæтарстысты, зæгъгæ, цы хабар та у? Хæдбар бæстæйы хъæуы раст цæрын, махæй алкæмæн дæр – фæнды министр уа, фыссæг, хуымæтæджы кусæг, алчидæр йæ хæс хъуамæ æппынкъаддæрæй 50 проценты æххæст кæна. Уæд размæ цæудзыстæм. Абоны онг арæзт бирæ æрцыд, фæлæ нырма хъæуы ноджы фылдæр саразын.

Гасситы Махар, нæ горæты цæрæг: 26-æм август у Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы иууыл нысаниуæгджындæр бон. Гуырдзыстоны фидыдадмæ кæй æркодта, уымæй Уæрæсейы Федераци ссис стабилондзинады гарант Хуссар Ирыстоны зæххыл, афтæ ма нæ республикæйы прогрессы æмæ дидинæфтыды фæндагыл не ‘мцæдисон æмæ æххуысгæнæг дæр.  Раст цыма знон уыд, уыйау мæ зæрдыл лæууы, УФ-йы уæды президент Дмитрий Медведев куы фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй, уæд горæты цæрджытæ иууылдæр куыд рахызтысты уынгтæм кæрæдзийæн раарфæ кæныны тыххæй. Мах бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрстам Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы дæргъвæтин азты. «Град» æмæ авиабомбæты срæмыгъдтыты гуыппытæ чи нæ фехъуыста, уый нæ зоны хæст цы у, уый  нæ никуы бамбардзæн. Абон цæрæм нымад паддзахады æмæ нæ хъуамæ алчидæр архайа нæ бæстæйы алы къабæзты дæр рæзын кæныныл. Уадз, дидин æфтауæд нæ хæстæфхæрд Ирыстон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.