РХИ-йы Парламенты депутаттæ Джиоты Инал, Чилæхсаты Георги æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары æххуысгæнæг Сиукъаты Олег хайад райстой Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Адæмон Советмæ депутаттæ сæвзарыны боныл дыууæ азы кæй сæххæст, уый цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Хуссарирыстойнаг делегацийæ дарддæр ма Луганскы Адæмон Республикæмæ æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы, Абхазы æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы минæвæрттæ.

РХИ-йы Парламенты депутат, Экономикæ, чысыл амлиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Инал цытджын æмбырды РХИ-йы Парламенты Сæрдары номæй раарфæ кодта Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг æмæ Адæмон Советы депутатты адæм  куы  сæвзæрстой, уыцы боныл дыууæ азы кæй сæххæст, уый цытæн.

«Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Бар мын радтут æмæ РХИ-йы Парламенты, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт депутатон корпус æмæ сæрмагондæй мæхи номæй раарфæ кæнон сымахæн, Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Адæ-мон Советы депутатты сæвзæрстыл дыууæ азы кæй сæххæст, уый цытæн», – банысан кодта уый.

«Хуссар Ирыстоны адæм сымахимæ иумæ дих кæнынц уæ циндзинад, сæрибардзинад уæ къухты кæй бафтыд, уый фæдыл. Сымах сарæзтат зын, фæлæ раст равзæрст. Мах, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, тынг хорз зонæм сæрибардзинады аргъ. Абон у уæ бæрæгбон æмæ йæ сымах аккагæй нысан кæнут. Фæнды мæ раарфæ кæнын Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон советæн, цæмæй уыдон кусой æмæ исой закъæттæ сæ адæмы фæрныгадæн, æмæ мах, дыууæ бæстæйы парламентаритæ та кусдзыстæм ууыл, цæмæй нæ бæстæты ‘хсæн уа æнгом æмгуыстад æппæт фадгуыты дæр, сæрмагондæй та, экономикон фадыджы. Уый тыххæй ис æппæт тыхтæ, фадæттæ æмæ иууыл сæйрагдæр та – фæндондзинад», – банысан кодта  делегацийы сæргълæууæг Джиоты Инал.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегацийы йæ-химæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Игорь Плотницкий. Фембæлды рæстæджы фæрстæ æруынаффæ кодтой æхсæнпаддзахадон æмгуыстады дарддæры рæз-тыл. РХИ-йы делегацийы сæргълæууæг зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг æмæ Адæмон Советы Сæрдарæн.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.