РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны министрад Цхинвалы цæгатварс аразы ног ведомствойон æфсæддон полигон. Ног объект арæзт цæуы, ныртæккæ цы полигонæй пайда цæуы, ома, “Дзарцъем”-ы полигон, уый æндæр ранмæ рахæссыны тыххæй РХИ-йы Президент, РХИ-йы  Гарзджын Тыхты Уæлдæр командагæнæг Тыбылты Леониды уынаффæмæ гæсгæ.

«Æндæр бынатмæ полигоны рахаст баст у, æввахс хъæуты цæрджытæ кæй хъаст кæнынц, уыимæ», – банысан кодтой ведомствойы.

Объекты инфраструктурæйы арæзтад бабæрæг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Уый бынаты федта, æрæзтадон куыстытæ куыд æмæ цы темптæй æххæст цæуынц, уый.

«Полигон ифтонг уыдзæн нырыккон иммитацион фæрæзтæй, кæцытæ фæахъаз уыдзысты  ахæм уавæр саразынæн, уымæй максималонæй æввахс уа хæстон уавæртæм», – бамбарын кодтой ведомствойы.

Пресс-службæйы минæвары ныхæстæм гæсгæ, арæзт цæуынц алыгъуызон ахуырадон объекттæ.

«Уыдоны ‘хсæн – ахуырадон бынæттæ автоматæй, æхсæн хæцæнгарзæй, БТР, АГС, танкты ныхмæ гранатæхсæнтæй  æхсыны фæлварæнты тыххæй. Полигоны ма арæзт æрцæудзæн ахуыргæнæн бынæттæ æхсыны бындуртæ æмæ фæтк ахуыр кæнынæн, æхсæнгæрзты материалон хайы, инструктаж æмæ æхстыты райхалыны тыххæй, фистæг æфсады хæстон  машинæтæй  ахуыргæнæн-иммитацион гранаттæ æхсын ахуыр кæнынæн, тренировкæты нормативтæ æххæст кæнгæйæ. Полигоны ма уыдзысты централон пункт, хæстон хæлцады пункт», – радзырдта пресс-службæйы минæвар.

Ног полигон фæахъаз уыдзæн алы сезоны дæр æмæ цыфæнды боныгъæды дæр хæстон цæттæдзинады мадзæлттæ гъæдджын æмвæзадыл ауадзынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.