2018 азы РХИ-йы Парламенты Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитет цы куыст бакодта, уый тыххæй йæ сæрдар Тедеты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй рæстæг куыд цæуы, афтæ фæзыны иуæй-иу закъæттæм ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ комитет аивгъуыйгæ азы бакуыста цалдæр ахæм закъоны проектыл.

«Нæ комитет ивындзинæдтæ бахаста Республикæйы æмбæстæгтæн цæрæнуат радтыны фæдыл цæрæнуатон политикæмæ. Цæимæ баст уыдысты ахæм ивындзинæдтæ? 2008 азы августы хæсты фæстæ ныппырх ис бирæ муниципалон цæрæнуат, бирæ цæрæнуат æрцыдис приватизацигонд. Цæмæй æмбæ-стæгты ацы категорийы фарстатæ бæстон æрцыдаиккой, уый тыххæй горæты администрацийы инициативæйæ Хицауад бахатыд Парламентмæ ахæм фæндонимæ, цæ-мæй ивындзинæдтæ хаст æрцæуа «РХИ-йы æмбæстæгтæн цæрæнуат дæттын æмæ йæ хынцыны къабазы цæрæнуатон политикæйы тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ», – загъта Тедейы фырт.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, закъонмæ ахæм ивындзинæдтæ бахæс-гæйæ, фæтк æвæрд æрцыд цæрæнуатон къабазы æмæ адæмæн проблемæтæ нал уыд сæ фатерты сæхи ныффыссыны хъуыддаджы.

Ныппырхгонд цæрæнуат сæндидзын кæныны фарсты фæдыл Комитеты бахъуыд арæзтады къабазы бархалынадтæм хауæг закъоны сног кæнын.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг уыдис «РХИ-йы капиталон арæзтады объектты реконструкци æмæ капиталон цалцæг кæныны къабазы бархалынадты фæдыл административон бæрндзинады тыххæй» Закъоны ног редакцийæ райсын.

Закъоны райст ма, йæ хъуыдымæ гæсгæ уымæн хъуыдис, æмæ 2008 азы августы хæсты фæстæ республикæйы райдыдта ныппырхгонд цæрæнуаты æндидзынад æмæ цæмæй арæзтады цахæмфæнды бархалынадæн дæр ныхкъуырд лæвæрд æрцыдаид, уый тыххæй ист æрцыд ацы закъон.

«Раздæр нæм архайдта æндæр закъон, фæлæ бавдисгæ закъоны инициатортæ хъæуæгыл банымадтой ацы закъоны ног редакцийæ райсын», – загъта комитеты сæргълæууæг.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл, парламентон къамисы куысты фæдыл дзургæйæ, Тедеты Руслан банысан кодта, зæгъгæ, комитеты хицæн уæнгтæ аивгъуыйгæ азы архайдтой къамисы куысты.

«Гуырдзыстонимæ арæн бæлвырд кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны хицæн районты цæрджытæм æвзæрдис фарстатæ, паддзахадон арæн кæуылты хъуамæ ацæуа, уый фæдыл. Ацы фарстайы фæдыл Парламенты Сæрдары номыл райстæуыд сидт. Ацы сидт æрвыст æрцыд парламентон политикон партиты лидертæм дæр æмæ уый фæстæ уынаффæ райстæуыд, цæмæй арæзт æрцæуа, республикæйы паддзахадон арæны фарстатыл чи куса, ахæм къамис», – загъта Тедейы фырт.

Уый куыд загъта, афтæмæй къамисы скондмæ бацыдысты 13 депутаты, фæлæ йæ куысты сæйраг уаргъ æрхауд йæ комитеты уæнгтæм æмæ сæ куыст фесты аивгъуыйгæ азы кæрон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæны фарстатыл бирæ азты дæргъы куыст нæ цыдис.

«Хъыгагæн, РХИ-йы хæдбардзинад банымайынæй фæстæмæ ацы фарстатыл æм-бæлон куыст нæ цыдис æмæ ныр паддзахадон арæны хахх бæлвырд кæнын куы райдыдтой, уæд фæзындысты бæрæг проблемæтæ. Алчидæр зоны, иуæй-иу хъæуты не ‘мбæстæгты хæдзæрттæ кæй баззадысты Хуссар Ирыстоны арæнæн æдтейæ. Афтæмæй та уыдоны адæм æрвыстой сæ цард, закъонон æгъдауæй сыл фидаргонд сты», – загъта комитеты сæргълæууæг.

Тедеты Руслан ноджыдæр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны арæнты фарста иттæг актуалон кæй у æмæ комитет дæр йæ сæйраг куыст кæй кодта ацы здæхты.

Республикæ Хуссар

 Ирыстоны Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.