РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд сконд æрæвнæлдтой Уæлахизы Парадмæ репетицитæм, кæцы уагъд цæудзæн 9 майы горæт-хъайтар Цхинвалы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизы 71 азы сæххæсты цытæн.
Парадон къордтæ æмæ æфсæддон оркестры цæттæгæнæн куыст цæуы æрвылбон дæр 13 апрелæй фæстæмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 4 æфсæддон базæйы плацыл.
Парады генералон репетици хæстон техникæйы хайадистæй ацæудзæн г. Цхинвалы Театралон фæзуаты 7 майы.
Æфсæддон парады хайад райсдзысты РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады, Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы, Уæлвæткон уавæрты министрады, Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады, РХИ-йы æмæ УФ-йы Арæнгæрон управленийы дæлхæйттæ.

Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны æфсæддон парадты, сæ уадзыны историйы дæргъы хайад исдзысты Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрады сылгоймæгты парадон къордтæ.
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр инæлар-майор Гасситы Ибрагимы бардзыдмæ гæсгæ парады командæгæнæгæй нысангонд æрцыд РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр инæлар-майор Цъæритты Тамерлан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.