Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды хъæппæрис – Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном – Алани раздахыны фæдыл æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд брифинг. Хайад дзы райстой ахуыргæндтæ – историктæ.

Мадзаламонæг Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг йæ хайадисджыты базонгæ кодта фарсты историимæ:

«2015 азы декабры информацион фæрæзтимæ пресс-конференцийы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта, Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном радтынмæ цæттæ кæй сты. Уыцы хъæппæрис райзæрдæйæ райстой æхсæнад дæр.

Ацы ахсджиаг фарстыл æруынаффæ кæнын у абон æмбырды нысан дæр».

Историон зонæдты кандидат, профессор Гаглойты Юри Президенты ацы хъæппæрис банымадта рæстагыл æмæ æнæмæнгхъæуæгыл. Уымæй дæр хынцын хъæуы уый, æмæ нæ бæстæйы ном æнгæс хъуамæ уа Ирыстоны цæгат хаимæ, уымæн æмæ дыууæ республикæ дæр сты иу территорийон сконды хай.

«Нæ ныры республикæйы ном аивын паддзахад «Хуссар Ирыстон-Алани»-йæ уыдзæн рæстæгмæ, уымæн æмæ Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттæ баиу уæвынæн историон æгъдауæй æнæрцæугæ нæй», – дзырдта Юри. Дарддæр уый мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта термин «Алани»-йы рагисториимæ. Ацы ныхас, зæгъгæ, фæзынд  I-аг æнусы.

«Ацы этнонимы варианттæ ма сты роксалантæ, языгтæ, ястæ. Уыдон фæзындысты раздæр. Фæлæ уый нæ нысан кæны  æмæ ирон адæмы истори алантæй, кæнæ нæ эрæйы райдиантæй райдыдта. Аланты размæ ма иууыл къаддæр ис мин æмæ æрдæг азы. Зонады раст зонæнтæм гæсгæ ацы процесс райдыдта нæ эрæйы агъоммæ, кæмдæр II-аг æнусы бæстыастæуæй.

Зындгонд ахуыргонд, фольклорзонæг, этнограф æвзагзонæг, археолог Всеволод Миллер йæ куыстыты бафидар кодта скифаг-алайнаг равзæрды æцæгдзинад. Уый афтæ фыста, Кавказ æмæ цæгат сауденджызгæрон ирон æвзаг хæсджытæ иуылкъаддæрæй цардысты Чырыстийы райгуырдæй мин азы размæ. Уый фидар кæнынц генеологион скифаг æмæ этнологион таурæгътæ, Кавказ æмæ цæгат сауденджызгæрон гидронимикæ æмæ топонимикæ. Дарддæр уыдон сты дæсгай скифаг-алайнаг параллелтæ, сæрмагонд æмæ этникон нæмттæ, кæцытыл цæуы дыууæ æмæ æрдæг мин азы бæрц.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат дæр РХИ-йы Президены ацы хъæппæрис нымайы иттæг растыл. Нæ бæс-тæ æмæ нæ нæ адæмы историон ном сæндидзын кæнын историкты хъуыдыйы ссардта йæ бынат. Нæ историон мысынад-мæ, историон номмæ æрыздæ-хын æнæмæнг хъуыддаг у.

«Бæстæйы Президенты хъæппæрисыл райгондæй сæмбæлдысты экспертон æхсæнад дæр. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уагъд æрцыд экспертон совет æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, специалисттæ, Ирыстоны Хуссар æмæ цæгат хайæ минæвæрттæ, цыран ацы идеяйы фарс уæрæхæй рахæцыдысты», – дзырдта Джиоты Мурат.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ дзырд «Алани» хъуамæ уа хуссарирыстойнаг бæстæйы номы. Фæлæ уый хыгъд «Республикæ Хуссар Ирыстон» хъуамæ уæвынад кæна бæстæйы номы, уымæн æмæ дунеон æмæхсæнадæн, æддагон бæстæтæн 25 азæй фылдæр зындгонд стæм афтæмæй. Уымæй дæр, Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани хъуамæ нысан кæна афтæ, æмæ иу бæстæ Аланийы хай кæй стæм.

Джиоты Мурат ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахуыргæндтæ-историктæй иу дæр нæ дызæрдыг кæны, хуссарирыстойнаг паддзахады номы æмба-рынад Аланийы фæзынд.

Зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт дæр Хуссар Ирыстон аивыны фарст банымадта хуссарирыстойнаг паддзахады историон ахсджиаг моментыл.

«Республикæ Хуссар Ирыстон» хъæуы раивын, æрмæстдæр, паддзахад «Алани»-мæ. Мах хъæуы спайда кæнын рæстæгæй. Цы хъуамæ бакæнæм, сом куы фæзына Республикæ Мæхъæл-Алани, кæнæ Хъæрæсе-Черкеси-Алани.

Республикæйы ном аивыны фарст хуссарирыстойнаг паддзахады историйы у ахсджиаг момент», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон хъуамæ хуыйна «Республикæ Алани», зæгъгæ, «Республикæ Хуссар Ирыстон» нæ паддзахады номы уæвынад куы кæна, уыцы хъуыдыимæ дæр разы дæн, фæлæ мæнæн мæхи хъуыды ис.

Историон цыртдзæвæнты фарстыл дзургæйæ, Роберт банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны археологион цыртдзæвæнтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ агурджытæм.

«Махæн арæзт ис Республикæйы культурон бынты   объектты реестр. Уыцы реестры нын ныртæккæ ис 275 æнæраиртæст археологион æмæ хайгай этнологион цыртдзæвæнтæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Брифинджы рæстæджы информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой бæс-тæйы ном аивыны фæдыл историон моменттæм, идеологон цæстæнгасæй цы хъæуы аразын, уымæ, æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæм. Уыдонæн лæмбынæг дзуаппытæ скодтой историктæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.