Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты 8-æм фестиваль байгом кæныны церемонийы цытджын уазæджы хуызы æмæ стыр аргъ скодта мадзалы масштаб æмæ ахадындзинадæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Президенты пресс-нымæрдар Гасситы Дианæ.

«Абон у æцæг бæрæгбон, Кавказы хохрагъы дыууæ фарс чи цæрынц, уыцы адæмты культурæйы бæрæгбон. Кавказ æрмæст территори нæу. Уый зæрдæйы уаг у. Уый у æфсымæрдзинады, кæрæдзи æмбарыны, кæрæдзийæн аргъ кæныны зæрдæйы уаг», – банысан кодта Бибылты Анатоли йæ раныхасы.

Уацхæссæджы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ дзуапп дæттынц Уæрæсейы Федерациимæ бæстон интеграцийы нысанæн.

«Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ фидæн азы Хуссар Ирыстон хайад райсдзæн Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты фестивалы. Уæлдайдæр та уымæн, æмæ цыдæриддæр хъæуы, уый нæм ис: ис нæм фæндондзинад, ис фадæттæ, ис, Уæрæсейы Федерацийы разамынады ‘рдыгæй чи цæуы æмæ Хуссар Ирыстон хорзыл кæй нымайы, уыцы курс – интеграци. Растдæр культурон æмæ спортивон мадзæлтты цæудзæн интеграци», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент.

Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты фестиваль уагъд цæуы ныр æстæм хатт. Цæгат Ирыстон фыццаг хатт ссис фестивалы фысым.

Сæйраг мадзæлттæ цæуынц Дзæуджыхъæуы республикон стадион «Спартак»-ы.

Ацы ран уагъд æрцыд бынæттон кондадон кусджыты товарты равдыст-армукъа. Фестивалы уазджытæ уыдысты æппæт цæгаткавказаг республикæтæ – Цæгат Ирыстон-Алани, Ставрополы край, Мæхъæл, Цæцæн, Дагъыстан, Хъæрæсе-Черкеси, Кæсæг-Балхъар кæй сорганизаци кодтой, уыцы равды-стыты. Алы ран дæр сфæлдыстадон кол-лективтæ, адæмон кондады дæснытæ архайдтой сæ националон колорит равдисыныл.

Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты 8-æм фестиваль байгом кæныны цытджын мадзалы хайад райстой мингай спортсментæ, Цæгат Кавказы Федералон зылды хуыздæр сфæлдыстадон коллективтæ, бæхты драмон театр «Нартæ»-йы артисттæ.

Ахæм егъау мадзал уагъд цæуы æрвылаз дæр Цæгат Кавказы Федералон зылды регионты æхсæн хæларадон бастдзинæдтæ райрæзын кæныны, хæдбындур культурæ, адæмон æгъдæуттæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныны, афтæ мæ æнæниз цардыуаг парахат кæныны нысанæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.