28-29 августы Мæскуыйы цы Дунеон форум уыдис, «Уæрæсеимæ иумæ», зæгъгæ, уый, æнæдызæрдыгæй, уыдис нысаниуæгджын æмæ масштабон мадзал. Фаг у зæгъынæн уый, æмæ йæ хайадисджытæ кæй уыдысты 350-æй фылдæр 97 бæстæйæ. Форумы куысты хайад райстой æмæ дзы раныхас кодтой Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид дæр.

Политологтæ æмæ журналисттæм стыр цымыдис равзæрын кодта, форумы фæлгæтты уыдонæн цы фембæлд уыдис, уый. Эксперттæ иууылдæр куыд  хъуыды кæнынц, афтæмæй Дмитри Медведев Тыбылты Леонидмæ цы хъусдард здæхта, уый уыдис логикон æмæ йын уыдис бамбарынгæнæн.

Уыдоны нымадмæ гæсгæ фыццаг рады уый æмбæрстгонд цæуы уымæй, æмæ дунейы Хуссар Ирыстонæй дарддæр зын ссарæн у æндæр ахæм бæстæ, кæцы тырны Уæрæсемæ æввахс уæвынмæ. Уымæ гæсгæ Дмитри Медведевы сæрмагонд хъусдард Тыбылты Леонидмæ у Хуссар Ирыстон Уæрæсейæн куыд аргъ кæны, уымæн кад кæнын.

Уымæй дарддæр ма Уæрæсейы Федерацийы премьер-министрæн Хуссар Ирыстоны темæ ис сæрмагонд бынаты. Растдæр Дмитри Медведев, Уæрæсейы Президент уæвгæйæ, радта бардзырд Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны операци райдайыны тыххæй æмæ 2008 азы 26 августы йæ къух æрфыста РХИ-йы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй барамындыл. Уымæ гæсгæ, эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы фарсты Дмитри Анатолийы фыртæн йæхимæ сæрмагондæй бирæ цыдæртæ хауы.

Уыимæ иумæ уæрæсейаг политологтæ æмæ журналистты ныхæстæм гæсгæ УФ-йы премьер-министры сæрмагонд хъусдард РХИ-йы Президентмæ бирæ-бæрцæй у УФ-йы разамынады ‘рдыгæй хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæджы бынаты Тыбылты Леониды архайдæн аргъ кæнын. Уыдон зæрдыл лæууын кæнынц, зæгъгæ, Дунеон форум нæу æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ уадзæн бынат, цыран нæй гæнæн, ныхас кæнын дæ кæимæ нæ фæнды, ахæм адæймагимæ ма фембæлын. Ахæм хуызы мадзæлтты нæй официалон делегацитæ. Уымæ гæсгæ Дмитри Медьведевы куы бафæндыдаид, уæд йæ бон уыд æмæ ма фембæлдаид Тыбылты Леонидимæ. Уымæ гæсгæ ацы фембæлды факт æмæ атмосферæ сæхæдæг сты, экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ноджы ирддæр æвдисæн РХИ-йы архайæг Президентæн, куыд адæймаг, афтæ аргъ кæнын Уæрæсейы разамынады ‘рдыгæй.

Зæрдыл лæууын кæнæм, Дунеон форум «Уæрæсеимæ иумæ» кæй сорганизаци кодта фонд «Уырыссаг дуне», кæцы арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины барамындæй 2007 азы. Фонды нысæнттæ сты, уырыссаг æвзаг популяризаци кæнын, кæцы у Уæрæсейы национ исад æмæ уæрæсейаг æмæ дунеон культурæйы ахсджиаг элемент, Уæрæсейы Федерацийы æмæ фæсарæнты уырыссаг æвзаг ахуыргæнæн программæтæн, Уæрæсейы нырыккон царды истори æмæ культурæйы къабæзтæн æххуыс кæнын. Форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы уынаффæ цыдис фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ реализаци кæныныл, Уæрæсейы æддаг-политикон царды ахсджиагдæр фарстыты уыдоны активондæр хайадисты фадæттыл.

Кокойты Альбинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.