Ацæугæ азы  фæстаг мæй у иууыл хуыздæр рæстæг развæлгъау фæстиуджытæ аразынæн, цы азы фæндараст кæнæм, уымæ акæсын æмæ ног азæн прогнозтæ саразын бафæлварынæн. Реалонæй арæзт цы ‘рцыд экономикæйы къабæзты, цахæм тенденцитæ дзы æнкъардæуы, республикæйы разамынады хъусдард, фыццаг рады, цæмæ здæхт цæуы? Ис разæууæлтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны экономикæ дарддæр йæ рæзты фæндагыл цæуа?  Бафæлвардзыстæм ацы темæтыл цыбыр афæлгæст саразын.

 

Инвестпрограммæ – дарддæры рæзты бындур

Уæдæ афтæ, республикæйы рæзты фундаменталон программæмæ ссис 2016-2017 азты республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ (дарддæр Инвестпрограммæ), кæцыйы нысан у республикæйы цæрджыты цардархайдæн комфортон уавæртæ сифтонг кæнын Ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, культурæйы, фæндагон æмæ инженерон хызæгты æмæ æндæр къæбæзты инфраструктурæ нæ сæндидзын кæнгæйæ, дзурæн дæр нæй республикæйы æмбæстæгты дарддæры фæнрныгады рæзтыл.

Зæрдыл лæууын кæнæм, æрмæст 2013 азæй 2015 азмæ рæстæджы Инвестпрограммæйы фæлгæтты реализаци кæй æрцыд 70 мадзалæй фылдæр, кæцытæ здæхт уыдысты куыд Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты, афтæ районты цæрджыты царды гъæд бæрзонддæр кæнынмæ. Арæзт æрцыдысты сывæллæтты цæхæрадæттæ, скъолатæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ æмæ культурæйы уагдæттæ, автомобилон фæндæгтæ, хæрзарæзт æрцыдысты горæты уынгтæ æмæ улæфæн зонæтæ, реконструкци æрцыдысты донифтонгады, газифтонгады, канализацийы хызæгтæ æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Ноджы ма 23 мадзалы хъуамæ реализаци æрцæуой ацы æмæ æрбалæугæ азты.

 

Сæйраг акцент – экономикæйы реалон секторы рæзтмæ…

Æндидзынгæнæн процессты æмрæнхъ активон куыст цæуы адæмон хæдзарады къабæзты рæзты фæдыл, бындур æвæрд цæуы экономикæйы реалон секторы, хисæрмагонд амалиуæгады рæзтæн, æнæ кæцытæй нæй гæнæн активон экономикон рæзт ифтонг кæнын.

Æппæт фæстаг азты Хицауады хъусдард здæхт цыдис республикæйы инвестицион климат хуыздæр кæнынмæ, Уæрæсейы регионтимæ æмгуыстад бæстон кæныны руаджы потенциалон хъуыддагон партнертæ агурынмæ, хисæрмагонд бастдзинæдтæ æмæ фембæлдтытæй дунеон специализацигонд фæзуæттæй спайда кæнынмæ, афтæ ма республикæйы территорийыл инвестици кæнынæн алыгъуызон  префернцитæ аразыны руаджы. Æрæджы æмгуыстады тыххæй бадзырд арæзт æрцыд Владимиры областимæ, бадзырд цæттæ цæуы Воронежы областимæ, уый фæдыл куыст цæуы Липецкы, Ростовы æмæ Белгороды областимæ дæр.

 

… афтæ ма республикæмæ инвестицитæ æрбакæнынмæ

Афтæ, республикæйы архайы льготон фиддонты режим, кæцы хуымæтæгдæр кæны амалиуæггæнджыты архайдыл фиддонтæ æвæрыны хъуыддаг. Инвестицион закъондæттынад фæхуыздæр кæныны нысæнттæн 2014 азы райст æрцыд «Инвестицион архайды тыххæй» закъон, кæцыйы нысан ис æфтиæгтæ æмæ исады тыххæй инвестортæн фиддонтæ 0 проценты онг фæкъаддæр кæнын, инвестицитæй цы къабазы пайда цæуы æмæ сæ бæрц цас у, уымæ гæсгæ.

Афтæ ма инвестортæн уæлæмхас разæнгардгæнæн у РХИ-йы Хицауад æмæ УФ-йы Хицауады ‘хсæн «Товартæй базар кæныны режимы тыххæй» 2012 азы 2 марты Сразыдзинад, кæцыйы фæлгæтты бæстæты ‘хсæн архайы æнæпошлинæйон режим, 2014 азæй та, таможнæйон пошлинæтæ нæ фидгæйæ, бæстæйы мидæг пайда кæнынæн ласт цæуынц уæрæсейаг нефтепродукттæ хъæуæг гуырахстты. Уый та фадат дæтты æртаг-сæрдæн æрмæджытæ фæлхасгæнджытæн къаддæр аргъыл уæй кæнынæн. Боны фæткы ис республикæмæ цæуæг газы тыххæй дæр таможнæйон пошлинæтæ сисын.

Уымæй дарддæр ма республикæйы экономикон рæзты министрад бацæттæ кодта, технологион ифтонггæрзтæ æнæпошлинæйæ ласын нысан кæм ис, ахæм Уынаффæйы проект.

Ахсджиаг фактор у уый дæр æмæ фидæны инвестортæн сæ бон кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны экономикон потенциалæн аргъ скæнын йæ коммерцион интерестæм гæсгæ. Уымæн та йын  баххуыс кæндзæн республикæйы «инвестицион паспорт», кæцыйы бæлвырдæй зыны æппæт хъæуæг информаци. Интернеты апарахат кæнынæн йæ виртуалон верси цæттæ уыдзæн 2017 азы февралы.

Куыст цæуы гъæдджын интернет-бастдзинад æрбæстон кæныныл дæр. Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-имæ баныхæсты фæстиуæгæн къухты бафтыд хицæн тарифон пакеттæ æмæ опциты æргътæ фæкъаддæр кæныныл бадзурын. Уый йæ тыхы бацæудзæн, мæйы кæрон куыддæр фыццаг 10 базæйон станцы монтажгонд æрцæуой, афтæ (зæрдыл лæууын кæнæм, мобилон техникон ифтонггæрзты иууылдæр кæй ивы).

Фыццæгæм сентябрæй архайын райдыдта специалон тарифон план «Студенческий», кæцымæ сæ бон у баиу кæнын æрмæст ХИПУ-йы студенттæ нæ, фæлæ медицинон колледжы ахуыргæнинæгтæн дæр. Уымæй дарддæр ма 5 октябрæй ивд æрцыдысты тарифон план «Универсальный»-йы параметртæ дæр æмæ мегабайтты бæрц 900 Мб пакеты фæфылдæр сты 1,5 Гб онг. Октябрæй фæстæмæ ма пайда цæуы ног Интернет-опцитæ «LTE мини»-йæ развæлгъау бафыст Интернет-трафик 10 Гб гуырахстимæ æмæ развæлгъау бафыст Интернет-трафик 50 Гб гуырахстимæ. 1 Мб хиаргъ 34 къапеккæй фæкъаддæр 9 æмæ 4 къапеккмæ æмæ уый та у йæ райдиан аргъы 80 проценты. Клиентты хæрзвадатæн лæвæрд цæуы Интернет-опциты иуæй иннæмæ æгæрон хатты  мæйы дæргъы баиу кæныны фадат. Уый размæ та клиентты æнхъæлмæ кæсын хъуыд, опцийы архайд кæд фæуыдзæн, уымæ.

Уыцы рæстæгæй ма архайын райдыдта республикæйы фыццаг пакетон тарифон план «Универсальный VIP». Мæйы дæргъы 1550 сомæй æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы абоненттæм РХИ-йы территорийыл хызæджы мидæг гæнæн ис дзурæн æнæаргъæй, 150 минуты дзурæн ис «Мегафон»-ы æндæр филиалты абоненттæм æмæ 80 минуты та Кавказы регионы æндæр сотон операторты абоненттæм. Уырдæм ма хауы развæлгъау бафыст интернет-трафик 10 Гб гуырахсты. 1 Мб трафикы гуырахст æмæ пайдагæнджытæн æндæр лæггæдтæ фæкъаддæр сты 55 проценты.

Азы кæронмæ ивындзинæдтæ æрцæудзæн сæхи мидæг ахæм дзыллон интернет опциты, куыд «Лайт», «Лайт+», «Медиум», «Медиум+»-ы, кæцытæ фадат ратдзысты бахардзгонд интернет-трафикы хиаргъ 30 проценты фæкъаддæр кæнын.

 

Чысыл æмæ астæуккаг бизнес – эффективон экономикæйы бындур

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны тыххæй, кæд фæрæзтæ бирæбæрцæй къух нæ амонынц, уæддæр бынæттон бангтæ æххæст кæнынц амалиуæггæнджыты микрокредиткæнынад дæр. Æрмæст фæстаг дыууæ азы кредитон фæрæзтæ лæвæрд æрцыдысты 187 милуан сомæй фылдæр.

Уымæй дарддæр ма скъуыддзаг цæуы экономикæйы реалон секторы рæзтæн Инвестпрограммæйы æвæрд фæрæзтæй эффективондæрæй пайда кæныны ахсджиаг фарст. Пайда та сæ цæуы паддзахадон æмфинанскæнынады хуызы (ома, реализацицæуæг инвестпроекттæ инженерон, транспортон, энергетикон æмæ социалон инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ реконструкци), хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæн æххуысы фадæттæ рауæрæх кæнынæн.

Цæвиттон, Хуссар Ирыстоны Хицауад 2016 азы райста Уынаффæ, кæцымæ гæсгæ РХИ-йы реализацицæуæг проекттæн паддзахадон æххуыс гæнæн ис æххæст цæуа уставон капиталы хайад исыны, инвестицион кредитты фæдыл процентон ставкæты иу хай бафидыны, кондадон ифтонггæрзтæ самал кæнынимæ баст хæрдзты æмæ зайæгойкуысты къабазы мадзæлттæ реализаци кæныны фæдыл хæрдзты иу хай бафидыны хуызы.

Республикæйы амалиуæгадон æмæхсæнадæн реалон æххуыс бакæндзæн ахæм къахдзæф дæр: Хицауад бакуыста æмæ РХИ-йы Парламентмæ æркæсынмæ арвыста закъоны проект, цыран нысан сты «Амалиуæгадон архайды тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын, кæцытæ фадат ратдзысты 2017 азæй республикæйы хи бюджетон фæрæзты 2 проценты бæрц чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтмæ аздахынæн.

 

Ис хорз фæндтæ инвестицион проектты фæдыл

Райдианы республикæйы къухдариуæгад райста хъæууон хæдзарады, бальнеологи, бынæттон ресурсты гæнæнтæй спайда кæнгæйæ, алыпланон инвестицион проекттæ среализаци кæныны курс.

Абон инвестицитæ æрбакæныны фадыджы цы цæуы?

Райдайæм 2015 азы эксплуатацимæ лæвæрд цы кафе «Vincenzo» æрцыд, уымæй. Уый, фыццаджыдæр, циндзинад æрхаста республикæйы фæсивæдæн. Уыдоны фæндыд, цæмæй сын фылдæр гæнæнтæ уыдаид сæ сæрибар рæстæг æрвитынæн. Проекты аргъ у 38 милуан сомы, уыдонæй инвесторы хисæрмагонд финансон фæрæзтæ уыдысты 5 милуан сомы, иннæ фæрæзтæ та бахаста Инвестицион агентад. Проект среализаци кæныны ‘руаджы фæзынд 30 кусгæ бынаты. «Vincenzo» цыбыр рæстæгмæ ссис фæсивæды æмæ бинонты уарзон улæфæн бынат, цыран ис æппæт уавæртæ дæр баулæфынæн сывæллæттæн дæр æмæ хистæр кары адæмæн дæр.

Афтæ ма Цхинвалы районы райдыдта æрдæгфабрикатты, тахынæджы æмæ деликатесстæ уадзыны фæдыл кондадон комплексы арæзтад. Проекты инциатор у арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Растдон» æмæ йæ аргъ та у 157 милуан сомы. Инвесторы хисæрмагонд фæрæзтæ сты 16 милуан сомы. Куыстуаты план цæуы сменæйы 2,5 тоннæйы продукци уадзын, кусдзысты дзы 21 адæймаджы. Кондад фадат ратдзæн хъæууон хæдзарады ахæм здæхт, куыд фосдард райтынг кæнынæн, æмæ бынæттон базар сифтонг кæндзæн хъæуæг экологион æгъдауæй æдас продукцийæ, афтæ ма конкуренци сараздзæн бынæттон базармæ ластцæуæг аналогон продукцийæн.

Цадæггай рæзы экономикæйы аграрон сектор. Цхинвалы районы арæзт цæуы интенсивон хуызы фæткъуыбæлæсты дыргъдон «Ирыстоны дыргъдæттæ» 50 гектары территорийыл, 10 гектар хъомылгæнæн таладонимæ æмæ 2000 тоннæйы дыргътæ æфснайд кæм цæудзысты, ахæм инфраструктурæимæ. Проекты аргъ у 260 милуан сомы, уыдонæй хисæрмагонд фæрæзтæ сты 60 милуан сомы, иннæ фæрæзтæ хæссы Инвестицион агентад. Проект среализаци кæныны руаджы фæзындзæн 50 кусгæ бынаты. Дыргътæ-халсæртты продукци æфснайыны фадат хорз æххуыс фæуыдзæн хъæууон фæллойгæнджытæн, æмæ базарадон маркæ «Ирыстоны дыргъдæттæ» фидæны гæнæн ис æмæ суа дыргъты кондады къабазы Хуссар Ирыстоны бренд.

Уымæй дарддæр ма, æввахс рæстæджы уыдзæн Инвестицион агентады Директорты советы радон рабадт, цыран нæ хъуыдымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцæудзæн хъæууон хæдзарады къабазы инвестицион проект – Знауыры районы  зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Фарн»-æн кредит радтыны фарста, цыран кæндзысты маргъдарды куыст, афтæ ма дзы уыдзæн цалдæр хъæрмуатон хæдзарады, кæцы, æнæдызæрдыгæй, ратдзæн экономикон эффект цæрджыты хæлцадон ифтонгады планы æмæ бюджетмæ хъалонты бацыдтытæн. Проекты аргъ у 26 милуан сомы, уыдонæй 3 милуан сомы сты инвесторы хисæрмагонд капиталон бавæрдтытæ. Проекты ‘руаджы фæзындзæн 21 кусгæ бынаты. Ахсджиаг у уый дæр, æмæ лæггæдты нырыккон æмвæзадимæ кæй рæзы базарадон фæзуæтты инфраструктурæ, афтæ ма хиирхæфсæн индустри дæр. Азы кæрон ма ацы Инвестицион агентад райста уынаффæ Цхинвалы Джиоты Аланы проспекты базарадон-хиирхæфсæн центры арæзтад кæронмæ фæуыны фæдыл финанскæныны тыххæй, кæцы фадат ратдзæн не ‘мбæстæгтæн æрмæст гъæдджын базарадон лæггæдтæ райсынæн нæ, фæлæ ма сифтонг кæндзæн цымыдисон улæфт сывæллæттæн дæр. Фылдæр хатт республикæйы æвзонг цæрджыты бахъæуы алыгъуызон аттракционтæм бакæныны тыххæй Дзæуджыхъæумæ акæнын. Инвестициты иумиаг гуырахст ам у 150 милуан сомы. Уыдонæй инвесторы хисæрмагонд фæрæзтæ сты 60 милуан сомы, иннæтæ хæссы Инвестицион агентад.

Инвестицион агентадмæ ма æркæсынмæ ис, Дзауы районы авгты мидæг дон æмæ лимонад уадзыны фæдыл проект, (проекты инициатор у арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Натурплант»). Проекты хынцыд цæуы мæйы мидæг иу милуан авджы уадзын æмæ 35 кусгæ бынаты саразын. Проекты аргъ у 88 милуан сомы. Инвесторы хисæрмагонд бавæрдтытæ сты 33 милуан сомы. Ацы перспективон здæхтыл куыст цæудзæн дарддæр дæр, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны минералон хосгæнæн дон зындгонд у йæ пайдайы миниуджытæй, æмæ хъæуæг у республикæйæн æддейæ дæр.

Республикæмæ цæуынц бæрзонд технологитæ дæр, кæцытæ абон бирæбæрцæй бæрæг кæнынц экономикæйы рæзты перспективæтæ. Бынæттон ресурсты бындурыл базальтон таг уадзыны фæдыл фыццаг бæрзондтехнологон куыстуат ис æркæсынмæ Инвестицион агентады. Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстон хъæздыг у базальты гуырæнтæй æмæ мах ныфс ис, размæ кæй ацæудзæн, уымæй. Проекты развæлгъау аргъ у 200 милуан сомы. Базальтон таг у хъармы уникалон изоляцигæнæн æрмæг, ацы фадыгæй пайда кæнынц уæрæхæй – бæстыхæйтты фасад хъарм кæнынæй райдайгæйæ наутæ аразыны онг. Йæ уадзын адæмæн у æдас æмæ пайда экономикон планы, – хъæрмады энергийы стыр гуырахстæй, кæцы куыстгонд цæуы йæ кусыны процессы, гæнæн  ис спайда гæнæн хатæнты, хъæрмуæттæ схъарм кæнынæн.

Ныридæгæн фондз егъау уæрæсейаг компанийы цæттæ сты куыстуаты продукци æлхæнынмæ, æмæ йæ уæй кæныны базар ноджы фылдæр кæндзæн. Уый та нысан кæны, республикæйы бюджетмæ хъалонты ахыгъдтытæ кæй рæздзысты. Ног кондад куысты бынæттæй сифтонг кæндзæн 50 адæймаджы бæрц, æмæ уый æрмæст фыццаг этапы. Рæзты векторы ис ахæм перспективон здæхт, куыд бальнеологи. Дзауы районы Къодибыны хъæуы курорт (проекты инициатор у арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Ир-Исток») санитарон-курортон  хос кæндзæн сондоны-радонон ваннæтæй æмæ хосгæнæн цъыфæй. Куы сырæза, уæд дзы уыдзæн 30 кусгæ бынаты. Проекты аргъ у 45 милуан сомы, инвесторы хисæрмагонд фæрæзтæ сты 23 милуан сомы. Къодибыны хъæуы дæттæ рагæй фæстæмæ зындгонд сты сæ хосгæнæн миниуджытæй æмæ гæнæн ис суой фыдыбæстæйон курортологийы хуыздæр бынат.

 

Ис ахæм проекттæ дæр, кæцыты æххæстæй финанс кæнынц хицæн инвестортæ

Бæстæйы экономикæмæ сæрмагонд капитал æрбакæныны фæдыл республикæйы къухдариуæгады архайдтытæ райдыдтой æнтыстытæ хæссын. Владимиры уагъдцæуæг егъау экономикон форумы фæзуæтты Владимиры областы бизнес-æмæхсæнады минæвæрттимæ бадзырдты фæстиуæг ссис республикæйы доны потенциалæй спайда кæнын. 2017 азы марты мæйы Бæгъиаты суары заводы бындурыл йæ куыст райдайдзæн минералон дон авгын тарæйы уадзыны фæдыл хахх, кæцыйы тыххæй фæндон бахаста арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Владимирский стандарт».  Йæ аргъ  50 милуан сомы кæмæн у, уыцы ног кондадæн  йæ рауагъды хъомысад сахаты дæргъы уыдзæн 6 мин авджы æмæ дзы уыдзæн 40 кусгæ бынаты.

ПАО «Иннотехнологии» фæндон бахаста згъæры иттæг дырысæй бакусыны къабазы проект. Уым уыдзæн 30 кусгæ бынаты. Проекты реализацийы æмгъуыд у 2017 аз. 2017 азы уалдзæгмæ ма уæрæсейаг-китайаг фирмæ «Усю-Имплекс Лимитед» план кæны завод «Эмальпровод»-ы цехты бындурыл фæсарæйнаг хæдтулгæтæн сойджын æмæ уæлдæфон фильтрты кондад бакæнын. Проекты аргъ у 60 милуан сомы æмæ куыстуаты байгом уыдзысты 40 кусгæ бынаты. Фирмæйы продукци ацæудзæн импортмæ æмæ уый дæр фæахъаз уыдзæн кондадон сектор æрнывыл кæнынæн æмæ паддзахадон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæ баххæст кæнынæн.

Капиталы бавæрдтытæ куы банымайæм, уæд сæрмагонд инвесторты  æмæ Инвестицион агентады фæрæзты иумиаг суммæ уыдзæн 1 миллиард 330 мин сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорзæрдæм бандавдзæн Хуссар Ирыстоны иумиаг экономикон рæзтыл, уымæй дарддæр ма ратдзæн уæлæмхас 250 ног кусгæ бынаты.

Æппæт уыцы райдиантæ, уадз нырма кæд бирæнымæц æмæ бирæпланон не сты куыд нæ фæндид, афтæ, уæддæр ис зæгъæн, экономикæйы реалон секторы рæзтæн ис бындурон импульс.

 

Сæйраг хъусдард – аграрон сектормæ

Республикæйы къухдариуæгады приоритетон хæс ма у, хæлцадон æдасдзинады фарстытæ аскъуыддзаг кæнын, афтæ ма фыццаг рады лæууынц хъæууон хæдзарады къабазы инвестпроекттæ дæр.  Амалджын æмбæстæгтæй бирæтæ абон цæттæ сты сæйраг хъусдард аграрон сектормæ саразынмæ. Хъæуы фæллойгæнджытæ фæнд кæнынц сæндондарды рагон традицитæ сæндидзын кæнын. Æрæджы Хъæууон хæдзарады министрады активон хайадистæй Республикæ Хъырыммæ стажировкæмæ ацыдысты æвзонг фермертæ-сæнæфсиргуыстгæнджытæ.

Чысылгай æндидзынц зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ. Уымæн ирд æвдисæн у Зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Фермер» Елтъурайы хъæуы. Уыцы ран бынæттон фермер сывæрдта кондады къахыл экологион æгъдауæй сыгъдæг туаг-æхсырон хæлцад. Фермерæн йе ‘ххуысы хай бакодта хицауад, йæ кондад рауæрæх кæныны сæраппонд уымæн рахицæнгонд æрцыд 4,5 млн. сомы бæрц, æмæ абоны онг та йæ хæдзарады ставдкъах фосы нымæц сырæзт 25-æй 96 сæры онг.

Паддзахад æххуыс кæны хъæууон хæдзарады кусджытæн тауинаг æрмæгæй: арæзт æрцыд тауинæгты фæсауæрц. Уый фермерты сифтонг кæндзæн хæрзгъæд тауинæгты æрмæгæй æввахс дыууæ азмæ. Афтæ ма æрмæджы æххуыс цæуы дыргъ куыстгæнджытæн сæ уæййæгтæн æнæмæнгхъæуæг документаци саразыны æмæ йæ республикæйæн æддæмæ аласыны сæраппонд.

Хицæнæй мæ фæнды банысан кæнын Хуссар Ирыстоны районты миграцион процессы æвæрццаг тенденцитæ. Иуæй-иу фыддзурджыты ныхмæ йæ зæгъын, адæм здæхын райдыдтой хъæутæм. РХИ-йы Паддзахадон статистикæйы хыгъды куыд нысаногонд у, афтæмæй 2016 азы 1 июлмæ, ома азы фыццаг æмбисы дæргъы республикæмæ æрцыдысты 578 адæймаджы, ацыд – 69. Цхинвалы районмæ æрцыд 223 адæймаджы, ацыд – 25. Знауыры районмæ æрцыд 61 адæймаджы, ацыд – 13 дæймаджы. Ахæм уавæр ис иннæ районты дæр. Æмæ уыдон канд æрцæуæккæгтæ не сты, фæлæ республикæйы бынæттон цæрджытæй ногæй йæ райгуырæн бæстæйы æрцæрын кæй фæнды, уыдон.

Сæ раздæры бæстон цæрæнуæттæм æрыздæхынмæ адæмы тырнындзинад баст у республикæйы районты инфрастуктурæ кæй рæзы, ома дзы рæстмæ царды уавæртæ арæзт кæй цæуынц, уыимæ. Æрмæст фæстаг азты дæргъы Хуссар Ирыстоны айтыгъдæуыд 200 км электрохæххытæ, уыцы нымæцы дæрддаг хъæутæм дæр, афтæ ма айгæрстæуыд 120 км, республикон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фæндæгтæ, æмæ иу уыйбæрц та хуырвæндæгтæ. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцыд хъæуты газификаци скæныны астæуккагæмгъуыдон программæ. 3-5 азы дæргъы республикæйы газæй ифтонг æрцæудзысты 180 хъæуы æмæ сыл бахардз уыдзæн 2, 5 млрд сомы. Президент Тыбылты Леониды хæслæвæрдмæ гæсгæ Хицауады ‘рдыгæй баныхæстæ цæуы ПАО «Газпром»-имæ, æмæ уый чизоны йæхимæ рйаса программæ сæххæст кæныны финансон бæрндзинад.

 

Экономикæ нымæцтæй

Цавæр у Республикæйы экономикон размæцыд фæстаг азты дæргъы? Æркæсæм кæцыфæнды бæстæйы экономикæйы уавæр æвдисæг чи у, уыцы макроэкономикон æвдисинæгтæм.

РХИ-йы Экономикон рæзты министрадмæ Уæрæсейæ æрхуынд специалисттæ æмæ экспертты сконды аргъмæ гæсгæ, экономикæйы фадыджы нæй иунæг къабаз дæр, размæцыды нысæнттæ кæм нæй.

Райсæм 2015 азы Хуссар Ирыстоны рæзты сæйраг раиртæстыты бæрæггæнæнтæ. Уыдон уагъд цыдысты ахæм сæйраг бæрæггæнинæгты бындурыл, куыд сыгъдæг мидæггагон продукт (дарддæр СМП), экономикæйы æфтиаг, паддзахадон бюджеты сæйраг бæрæггæнты æвдисæйнæгтæ, демографи, цæрджыты куыстифтонгдзинад æмæ а.д.

Зæгъæм СМП 2014-2016 азты уыд 130,8%. Размæцыд фиппайдæуыд экономикæйы æппæт къабæзты дæр, фæлæ фылдæрбæрцæй ифтонг цыд архайды ахæм хуызты фæрцы, куыд кондад (2,1 хатты), арæзтад (1,05 хатты), базарад (1,3 хатты).

Цыфæнды паддзахады дæр хисæрмагонд æфтиæгты рæзт у экономикон рæзты фидар æвдисæн. Уый фæдыл дзурæн ис нæ республикæйы сæраппонд дæр, фæстаг азты æфтиæгты рæзт хынцгæйæ. 2015 азы зонæнтæм гæсгæ республикæйы Паддзахадон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгты хай 2013 азимæ абаргæйæ сырæзти 81,66%.

Администрацикæнынад дæр фадат радта бюджетмæ æппæт æфтиæгты æрбацыд фæфылдæр кæнынæн.

Ахсджиаг цы у, уый хисæрмагонд амалиуæгадæй архайын кæй фæнды, уыдон нымæц кæй сырæзт. РХИ-йы Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты зонæнтæм гæсгæ, 2015 азы бахынцыд æрцыд 287 чысыл куыстуаты, ома 2014 азимæ абаргæйæ уыдоныл бафтыд 39. Ацы ран рæзты темп у 116%.

Фиппайдæуы, иуцасдæр кæй фæкъаддæр сты, хыгъды чи ис, уыцы æгуыст адæмы нымæц. РХИ-йы Цæрджыты куыстифтонг кæныны комитеты зонæнтæм гæсгæ 2015 азы 2014 азимæ абаргæйæ, уыдонæй фæцух ис 203 адæймаджы. 2016 азы фыццаг æмбисы, 2015 азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ та – 179 адæймаджы. Æцæгæй республикæйы куыстифтонг адæмы нымæц фылдæр у, фæлæ ис ахæм æмбарынад, куыд «конверты мызд». Уымæй пайда кæнынц иуæй-иу куыстифтонггæнджытæ, цæмæй ма фидой пенсион фондмæ хъалонты службæмæ сæ фиддонтæ, æмæ а.д.

Экономикæйы фадыджы кусджыты нымæцмæ куы ‘ркæсæм, уæд уыдон сты 20920 адæймаджы. Уый у 2015 азы ацы æмгъуыдимæ абаргæйæ 3352 адæймаджы фылдæр, æмæ дзурæг у, экономикæйы ацы къабазы цардызмæлды тыххæй.

 

Нæ адæм фылдæр кæнынц

РХИ-йы Паддзахадон статистикæйы зонæнтæм гæсгæ 2015 азы нæ адæмы нымæц уыди 53 618 адæймаджы, уый та 1042 адæймаджы фылдæр у 2014 азимæ абаргæйæ.

2016 азы 9 мæйы дæргъы миграцион нымæцтæм куы ‘ркæсæм, уæд кусæг мигрантты нæ хынцгæйæ РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады паспортон-визæйон службæйы управленийы зонæнтæм гæсгæ ис ахæм уавæр: республикæйы бæстон сæхи ныффыстой 2031 адæймаджы, сæхи сфыстой æрмæст 414 адæймаджы. Цæстуынгæ у цæрджыты нымæц фылдæр кæныны ‘рдæм змæлд кæй цæуы. Адæм здæхынц сæ цæрæнуæттæм, æмæ уый хорз нысан у.

 

Дарддæр дæр цæуыл кусæм, уый ис

Иумæйагæй ныфсдæттæг æвдисæйнæгтæм куынæ кæсæм, уæд ын æнæ зæгъгæ нæй, фидар экономикон рæзт сифтонг кæныны тыххæй нырма бирæ саразинæгтæ кæй ис. Хъæуы ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ схизын кæнын хæдзарадон архайды æппæт къабæзты дæр, дæсгай азты фæстейæ цы баззадыстæм, уый раййафгæйæ.

Фæлæ уыимæ иумæ бæлвырд у, ацы азты дæргъы къухы кæй бафтыд стыр куыст бакæнын республикæйы цардархайды æппæт фадгуыты дæр: фæхуыздæргонд æрцыд инфрастутктурæ, ног хæрзгъæд æмвæзадмæ ист æрцыд  экономикæйы фадгуыты закондæттынадон базæ, фидар бындур арæзт æрцыд экономикæйы реалон секторæн, биноныггонд æрцыдысты æмгуыстады ахастытæ уæрæсейаг регионтимæ, Уæрæсейы хъуыддагон æмæхсæнадимæ, æмæ æндæртæ. Æмæ нын бантысдзæн ноджы фылдæр, кæд æмæ Республикæйы алы цæрæг дæр фæллой кæна йæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн, бæрнон кусæг у æви хуымæтæджы æмбæстаг, йæ зæрдæмæ ацы хъуыды райсгæйæ, ома размæ стыр къахдзæф акæнæн ис æрмæстдæр иумæйаг хъаруты фæрцы.

РХИ-йы Хицауады Официалон сайт 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.