Владимиры областы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны администрациты минæвæрттæ къухтæ æрфыстой æмгуыст кæныны сразыдзинадыл. Бадзырд фидаргонд æрцыд Æхсæнадæмон инвестицион форум «Сочи-2016»-ы фæлгæтты. Уый тыххæй фехъусын кодтой УФ-йы РХИ-йы минæварады пресс-службæйы.

Æмгуыст кæныны сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр æмæ Владимиры областы губернатор Светлана Орлова, – бæлвырдæй загътой минæварады пресс-службæйы.

Ацы Æхсæнхицауадон бадзырд здæхт у дывæрсыг базарадон-экномикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыст кæныны ‘рдæм, уыцы нымæцы кондадон-техникон нысаниуæджы, адæмон фæлхасады, агросæудæджерадон нысаниуæджы æмæ царды иннæ фадгуыты хъæуæг  продукци райсыны онг дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ УФ-йы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр цалдæр хатты кæй уыд Владимиры областы, 2016 азы хайад райста Владимиры IV экономикон форумы. Уымæй дарддæр ма 2016 азы сæрды сырæзт Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинады æхсæнад. Йæ саразыны хъæппæрисы хицау та уыд амалиуæггæнæг Павел Антонов.

Экономикон æмгуыст кæнынæй дарддæр ма æхсæнады архайд здæхт уыдзæн Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг уырыссаг æмæ ирон адæмы æхсæн культурон иудзинады ‘рдæм. Амалиуæггæнæг кæны владимираг коллективты гастролтæ ауадзыны фæнд Цхинвалы горæты, йæ хъуыдыйы ма ис бынæттон нывгæнджыты равдыстытæ саразын, афтæ ма Мæскуыйы æмæ Владимиры цæрджыты ирон хуызфысты скъолаимæ базонгæ кæнын дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.