Æрæджы Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг, цыран уынаффæ цыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн цы интеграцион процесстæ цæуы, уыдоныл, афтæ ма дзырдтой дыууæ бæстæйы интеграцион аспекттыл дæр.  Мадзалы куысты хайад райстой политиктæ, эксперттæ, 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

 

Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй интеграцион процесс хъуамæ цæуа дыууæ паддзахады ‘хсæн арæзтæрцæуæг бирæнымæц ахсджиаг сразыдзинæдты реализацийы фæстиуæгæн, кæцытæ хъуамæ фæахъаз уаиккой дыууæ бæстæйы æнтыстджын рæзтæн. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, арæзт цы документтæ æрцыд, уыдон руаджы дæр æххæстхъомысæй пайда нæ цæуы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты конструктивон потенциалæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бирæ сразы-дзинæдтæ арæзт æрцыд, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыцы сразыдзинæдты реализацион механизмтæ арæх нæ фæкусынц. Растдæр зæгъгæйæ та, цалдæр азы дæргъы арæзт æрцыд нормативон-барадон базæ, фæлæ йæ сæххæст кæныны хъыгдары, æххæстбæрцæй реализаци кæй нæ цæуы, уый. Æхсæнад сразыдзинæдты реализацийæ фæстиуджытæ куынæ фæуыны, уæд скептион ахаст фæдары интеграцион процессмæ. Æфсæддон фадыджы цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, иууыл фылдæр æмæ хуыздæр фæстиуджытæ уыдонæн ис. Ацы фадыджы æппæт дæр реализаци цæуы рæстæгыл, фæлæ афтæ зæгъæн нæй социалон æмæ экономикон фадыджы сразыдзинæдтæй. Ацы фадгуыты практиконæй ницы архайд æнкъардæуы», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Медиа-центры сæргълæууæг Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны интеграцийы тыххæй куыд загъта, афтæмæй дзурын къаддæр хъæуы, аразгæ та фылдæр, «уал азы дæргъы æгъгъæд у декларацитæн, ныр та æрæвналын хъæуы æвзаджы, ахуырады, культурæйы æмæ æндæр фадгуыты приоритетон иумиагнационалон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынмæ».

РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Джуссойты Алан дæр дыууæ Ирыстоны интеграцийы тыххæй загъта йæ хъуыдытæ: «Дыууæ Ирыстоны ‘хсæн интеграцион процессыл дзургæйæ, бахынцын хъæуы Цæгат Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы сконды кæй ис. Уымæн та, куыд Уæрæсейы Федерацийы иннæ субъекттæн, афтæ ис бæрæг нормативон-барадон базæ æмæ управленийы механизмтæ. Уыимæ ма интеграцийы фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаг бæрæг хицæн кæны ивгъуыд æнусы 90-æм азты уавæрæй. Уый хауы арæнмæ дæр æмæ таможнæмæ дæр. Цалынмæ нæ хуссар арæнтæ хъахъхъæнынхъом нæхæдæг уæм, уæдмæ дзурæн нæй Уæрæсеимæ арæны байгом кæныныл кæнæ та таможнæйы уылты хизыны хатырон режимыл»,- банысан кодта Джуссойты Алан.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты экономикæйы хайады зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны бакæнын хъæуы уæрæсейаг кампаниты филиалтæ. «Хуссар Ирыстоны уыцы фæлтæрддзинадæн хорз фæстиуæг ис, зæгъæм, кампани «Растдон», хуыйæн фабрикæ БТК-4. Уыдон хорз цæвиттон сты уыцы здæхты. Æрæджы ма нæм бакондæуыд сæны завод. Ам дæр гæнæн ис, æмæ нын Уæрæсе баххуыс кæна, æмæ нын Уæрæсемæ нæ сæнтæ æрвитынæн фадат радта. Хуссар Ирыстонæн йæ бон у сараза тынг хорз бæрзондгъæдджын сæнтæ, уыцы нымæ-цы сæудæджерадон сæнтæ дæр».

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хъæууонхæдзарадон продукцийы реализацийæн хорз у Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд уæрæсейаг æфсæддон контингент. Фæлæ уый тыххæй хъæуы уыцы продукцийы стабилонæй æмæ фаг гуырахстæй уадзын.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Вадим цыбыртæй радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадты æмгуыстады тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2008 æмæ 2015 азты бадзырдты бындурыл дыууæ паддзахады хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн арæзт æрцыд бирæ документтæ. Ам дзырд цæуы æфсæддон фадыджы, хæстон-техникон æмкуысткæнынады тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ уæрæсейаг коллегæтимæ дарддæр та куыст цæудзæн Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады социалон гарантитæ сифтонг кæныныл. Ацы нысаны тыххæй къухтæ æрфыстæуыд æфсæддонты пенсион ифтонгады фæткы тыххæй,  медицинон æххуыс бакæныны тыххæй сразыдзинæдтыл. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцыдысты Уæрæсейы æфсæддон ахуыргæнæндæтты нæ службæгæнджыты сахуыр кæныны тыххæй мидведомствойон контракттæ дæр.

Сиукъаты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынадон ведомствоты æмвæзадыл æмархайд у активон, эффективон æмæ бæрзонд æмвæзадыл.

Мадзалы уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны территорийыл транзитон фæндаджы байгомыл дæр. Эксперттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй уыцы фæндагæн бакæнæн нæй, цалынмæ Зæрæмæджы таможнæ ист æрцæуа, уæдмæ. Уыимæ ма бахахх кодтой уыцы фæндаг Хуссар Ирыстонæн зианæй дарддæр пайдæ кæй нæ уыдзæн, уый дæр, ома, фæндагыл æгæр бирæ машинæ кæй цæудзæн, уымæй æвзæрын кæндзæн æндыгъддзинад, нæ æрдзыл, экологийыл дæр æвзæрæрдæм бандавдзæн.

Зæрæмæджы таможнæ сисыны тыххæй Сиукъаты Вадим куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ сисын Уæрæсейы Федерацийы тынг куы фæнда, уæддæр æй нæ сисдзæн, уымæн æмæ УФ Таможнæйон цæдисы уæнг у æмæ уыцы цæдисы уæнг-бæстæтæ цалынмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайой, уый фæстæ та РХИ цалынмæ уыцы Таможнæйон цæдисы скондмæ бацæуа, уæдмæ.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.