«Прокуророн хъусдард организаци æмæ æххæст кæнын, коррупцион бархалынæдты фæдыл уголовон хъуыддæгтæ сбæрæг кæнын, коррупцион бархалынæдты профилактикæ, уыцы нымæцы прокуратурæйы органты дæр коррупцийы ныхмæ архайдтыты фæдыл закъондæттынады анализ» – ахæм темæйыл æрæджы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæты минæвæрттæн æмгуыстады программæйы фæлгæтты уагъд æрцыд тымбыл фынг.

Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, йæ хæдив-джытæ, горæт æмæ районты прокурортæ, барадхъахъхъæнæг органты, паддзахадон æдасдзинады комитеты,  Юстицийы министрад æмæ Контролон-нымайæн палатæйы минæвæрттæ.

Уæрæсейы фарсæрдыгæй ацы куысты хайад райстой Коррупцийы ныхмæ архайды закъондæттынад æххæст кæнынмæ хъусдарды фæдыл управленийы сæргълæууæджы хæдивæг – уголовон-процессуалон æмæ оперативон – фæдагурæн архайдмæ хъусдарды фæдыл хайады сæргълæууæг Сергей Иванов æмæ коррупцион æмæ æндæр бархалынæдтæ профилактикæ кæнын, службæйон басгæрстыты управленийы хайады хистæр прокурор Дмитри Катков.

«Коррупцион фыдракæндты фæдыл уголовон хъуыддæгтæ сбæрæг кæныны тыххæй прокророн хъусдард организаци æмæ æххæст кæнын», – ахæм темæйыл доклад саразыны агъоммæ Сергей Иванов бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг коллегæтæн, тымбыл фынджы куысты хайад кæй исы æмæ сын ахсджиаг фарстатыл уынаффæ кæныны фадат кæй ис, уый тыххæй.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ коррупцион фыдракæндтæм хъусдард здахынц æрмæст сæ управленийы кусджытæ нæ, фæлæ æндæр дæлхæйтты кусджытæ дæр. Цæмæйдæриддæр æмбæрстгонд уа кæцы фыдракæндтæ сты корруп-цион æмæ кæцытæ та нæ, уый фæдыл Генералон прокуратурæ æндæр цымыдисгæнæг уагдæттимæ бакуыста коррупцион здæхтмæ хауæг фыдракæндты критеритыл. Уый ма дзырдта коррупцион здæхты хъуыддæгтæм хъусдард здахыны æууæлтыл, зæгъгæ, уыдон практикон æгъдауæй æндæр здæхты хъуыддæгтимæ сты æмхуызон. Хъусдард аздахын хъæуы провокацитæ, гæртæмттæ исыны факттæ рабæрæг кæнынмæ.

Йæ раныхасы уый дзырдта фæдагуырды гъæд æмæ æууæлтыл.

«Коррупцион фыдракæндтæ цы зиан æрхастой, уыцы фæрæзтæ æрбаздахыны фарст фæстаг æртæ азы дæргъы карзæй лæууы Уæрæсейы, кæд дзы размæцыды нысæнттæ ис, уæддæр. Уымæй дарддæр бакуыстам исад рабæрæг кæныны стратегийыл. Азæй азмæ фылдæр кæны, коррупцион фыдракæнды руаджы цы зиан æрхастæуыд, уый фæстæмæ æрбазда-хыны æмвæзад, æмæ уый та тынг ахсджиаг у. Иумæйагæй сисгæйæ, паддзахадмæ мах æрбаздахæм миллиардтæ», – дзырдта уый.

Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы прокуратурæты ‘хсæн бафысгæ сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдты фæлгæтты уыдон Уæрæсемæ арвыстой 47 уголовон хъуыддаджы. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстонæн сæйраг у бахардзгонд финансон фæрæзтæ æрбаздахын.

Коррупцион здæхты фыдракæндтæ сбæрæг кæныны хъуыддаджы прокуророн хъусдард ор-ганизаци кæныны фæдыл дзырдта Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Битеты Сергей. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы коррупцийы ныхмæ тох актуалон ссис 2008 азы августы хæсты фæстæ. Уымæн æмæ Уæрæсейы руаджы нæ бæстæйы æрæвнæлдæуыд æндидзынады процессмæ æмæ бирæ чиновниктæ уымæй хъавыдысты сæхи схъæздыг кæнынмæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ бирæ фирмæтæ регистраци цыдысты Хуссар Ирыстоны. Дыууæ-æртæ мæйы бакусыны фæстæ уыдон бæрæг финансон фæрæзтимæ фесæфтысты нæ республикæйы территорийæ.

Битеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, уыдон тыххæй УФ-мæ цы уголовон хъуыддæгтæ æрвыст æрцыд, уыдоны фæдыл æвзæры бæрæг проблемæтæ. Уымæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы алы субъекттæм цæуын æмæ фæдагурæн мадзæлттæм хъус дарыны фадæттæ нæй уыдонæн. Æмæ уымæй бирæтæ пайда кæнынц.

Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Генералон прокуратурæ æмæ Фæдагурæн комитетимæ æмархайд æмæ фембæлдтытæй нæ кусджытæ исынц стыр фæлтæрддзинад æмæ куыст гъæдджын æмвæзадмæ хизы.

Ацы ран Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор стыр аргъ скодта, Мидхъуыддæгты министрады базæйыл Хуссар Ирыстоны цы иумиаг Информацион-координацион центр арæзт æрцыд, уымæн. Ныртæккæ уым фадат ис алыгъуызон экспертизæтæ æмæ иртасæнтæ уадзынæн. Æмæ бирæбæрцæй ахъазгæнæг у фæдагуырды рæстæг фæкъаддæр æмæ финансон фæрæзтæ экономи кæнынæн.

Дмитри Катков та йæ хуссарирыстойнаг коллегæты базонгæ кодта прокуратурæйы органты бархалынæдты профилактикон мадзæлттимæ, ацы органтæм службæмæ исыны принциптимæ, куысты нырыккон техникон уавæртæй пайда кæнынимæ, кæцыты руаджы куыст цæуы бирæ рогдæр æмæ тагъддæр.

«Хуссар Ирыстоны закъондæттынадæн анализ кæнын у коррупцийы ныхмæ архайд», – ацы докладимæ тымбыл фынджы хайадисджыты базонгæ кодта генпрокуроры хæдивæг Багаты Магомед.

Тымбыл фынджы ахадæн куыс-тæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг стыр аргъ скодта мадзалы куыстæн. Банысан кодта, ахæм фембæлдтытæн кæй ис хорз фæстиуæг æмæ кæй ахъаз кæнынц куысты гъæд бæрзонддæр кæнынæн. Уымæн æмæ нæ уæрæсейаг коллегæтæ кæдфæнды дæр махæн кæнынц стыр æххуыс.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.