Адæймагæн æрмæст йæ иу мидбылхудт дæр кæуылты у, цас æхсызгондзинад дзы банкъарæм, раст цыма нæ тыхыл тых бафты, фæныфсджындæр вæййæм, афтæ фæхатæм нæхи. Æмæ ахæм комулæфт цы адæймагæй рантысы, уый нын свæййы æввахсдæр, зæрдæйæн — адджындæр. Ахæмты нымæцмæ хауы нæ горæты Æфсæнвæндагоны уынджы цæрæг Хуриты Рези дæр. Фырбуцæн æй иутæ хонынц йæ чызгон мыггагæй, Хурион, зæгъгæ. Хуры фенд адæймагæн куыд æхсызгон вæййы, афтæ фæвæййынц, ацы сылгоймаг æввахс кæй цуры алæууы, адджынæн кæимæ аныхас кæны, уыдон дæр. Худæндзаст, фæлмæн æмæ рæвдаугæ дзыхы ныхас — уыдон сты йæ адæймагон иууыл хуыздæр миниуджытæ. Ныр ыл 74 азы цæуы, фæлæ дзы иу схуыст ныхас дæр ничи зоны, сыхæгтæй алкæимæ дæр цæры хæлар æмæ адджынæй æмæ йын уыдон дæр стыр аргъ кæнынц. Рези райгуырд æмæ байрæзт Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы. Ацы хъæуы хъомыл кæнгæйæ, йæ зæрдæйæн адджын сси ирон газет, йæ чысылæй фæстæмæ ба-уарзта мыхуыры дзырд æмæ йыл абоны онг дæр нæ сивта йæ зæрдæ. Æрвылбон дæр сæм Белоты хъæуæй постхæссæг хаста посты æрвитæггæгтæ æмæ постхæссæджы фæ-зындмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст Хуриты чызг дæр. Фæстæдæр æрцыд горæт Цхинвалмæ, ам йæ цард сиу кодта йæхиау куыстуарзаг æмæ æгъдауджын лæппу Бекъойты Елиозимæ. Дыууæ уды кодтой æхсæнадон-пайдайон куыст, хъомыл кодтой сæ дыууæ чызг æмæ иу лæппуйы дæр.

Фæлæ цыфæнды рæстæджы дæр Хурион ирон газетыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ныр-тæккæ дæр газет «Хурзæрин»-ы фæзындмæ фенхъæлмæ кæсы тынг зæрдиагæй æмæ йын йæ алы номыр дæр бакæсы сæрæй кæронмæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын газеты алы автор дæр у зынаргъ, фæфыссынц царды ахсджиаг фарстатыл æмæ йæм сæвзæрын кæнынц стыр цымыдис. «Хурзæрин» хорз æвдисы йæ фæрстыл, нæ республикæйы цы цаутæ цæуы, уыдон, дзуры адæмон хæдзарады хицæн æмæ хицæн къабæзты æнтыстытæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, цухдзинæдты иувæрсты кæй нæ ахизы, кæд дзы критикон уацтæ арæх нæ вæййы, уæддæр. Хурион канд йæхæдæг æнувыд нæу ирон мыхуырыл, уымæй нæу раппæлинаг, фæлæ ма йæ уарзын кæны кæстæртæн дæр. Ирон мыхуыры боны цытæн мах дæр арфæ кæнæм ацы зæрдæхæлар сылгоймагæн. Уадз, ноджыдæр бирæ азты йæ къухмæ исæд ирон газет æмæ йын фарны хабæрттæ хæссæд.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.