Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ Барамындтæм гæсгæ паддзахадон хорзæхтæ радта Хъахъхъæнынады министрады, РХИ-йы Парламенты депутаттæ, Таможнæйон комитеты управленийы кусджытæ, Паддзахадон хъахъхъæнынады службæгæнджытæ, Хæстон архайдтыты фæстиуæгæн чи фæсахъатджын, уыдонæн æмæ хицæн æмбæстæгтæн.

Хорзæхтæ дæттыны кадджын церемонийы хæдразмæ бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта йæ хайадисджытæн:

«Мæнæн æнцондæр уаид арфæтæ кæнын Советон æфсад æмæ æфсæддон-денджызон флоты боны цытæн. Фæлæ ныры фæлтæрæй бирæтæ, советон æфсады рæнхъыты кæй не службæ кодтой, уымæ гæсгæ нын ис иу бæрæгбон – хорз бæрæгбон, кæцы у æхсардзинады, хъæбатырдзинад æмæ патриотизмы бон. Уый мах нысан кæнæм æрвылаз дæр 23 февралы», – дзырдта Президент.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæгæнджытæн йæ цæст бауарзта, цæмæй сæ æхсæнгарз райсыны сæр, æрмæстдæр æфсæддон ахуырты рæстæджы йеддæмæ макуыуал бахъæуа. Хуыцау бахизæт, фæлæ, зæгъгæ, куы бахъæуа, уæд та цæттæ хъуамæ уæм нæ адæм æмæ нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ.

Сæрмагонд арфæ ракодта Гарзджын тыхты сылгоймаг службæгæнджытæн, уымæн æмæ уыдон нымад сты адæймагады лæмæгъдæр хайыл. Фæлæ æвдыстой диссаджы хъæбатырдзинады дæнцæгтæ сæ адæм, сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы, равдыстой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы æппæт æууæлтæ.

Бирæ æмбæстæгтæ ис, зæгъгæ, кæцытæ бирæ сарæзтой нæ бæстæйы хæрзæбонæн, фæлæ сын бирæ рæстæджы дæргъы  æмбæлон аргъ не ‘рцыд. Хъыгагæн, цард афтæ у, æмæ бирæ хъуыддæгтæ хатт айрох вæййынц. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ сæ æнувыддзинад байрох уыдзæн адæмæй, бæстæйы къухдариуæгадæй.

Бибылты Анатоли ноджыдæр арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн, йæ цæст бауарзта æнтыстытæ, куыд хисæрмагонд царды, афтæ æхсæнадон куысты. «Патриотон ахаст, бæстæмæ æгæрон уарзты æнкъарæнтæ дарддæр дæр пайда хæсдзысты нæ бæстæ æмæ нæ адæмæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Мадзал адарддæр æхсызгон хабарæй  – Президент Бибылыты Анатоли йæ Барамындмæ гæсгæ паддзахадон хорзæхтæ – майдантæ, Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта йæ хайадисджыты.

Мадзалы кæрон Хæстон архайдтыты фæстиуæгæн фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ Афганистаны хæсты инвалидты æппæтуæрæсейон æхсæнадон организацийы номæй майдан «За верность отчизне» радта Президент Бибылты Анатолийæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.