РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли «Уацамонгæ»-йы орденæй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæфон-космикон тыхты Дард авиацийыл командæгæнæг, инæлар-лейтенант Сергей Кобылашы.

2008 азы августы Сергей Кобылаш командæ кодта 368-æм размæбырсæг авиаполкыл. Цхинвалы хуссары гуырдзиаг хæстон колоннæйыл атакæ æххæст кæныны рæстæджы йын йæ Су-25 фехстой хæсгæ зенитон комплексы дыууæ ракетæйæ, кæцыйы фæстиуæгæн нал скуыстой йæ дыууæ змæлынгæнæджы дæр. Тæхæг рахызт пикейæ æмæ хæдтæхæг акодта цæрæн хæдзæрттæй куыд гæнæн уыд, афтæ дарддæр æмæ стæй парашютимæ йæхи раппæрста хæдтæхæгæй. 2008 азы октябры мæйы уый райста Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы хъайтартæ, кæцытæ райстой бæрзонд нæмттæ ирон адæмы бахъахъхъæныны тыххæй, сты Хуссар Ирыстоны хъайтартæ дæр.

«Сергей Кобылаш  комкоммæ хайад иста, Уæрæсе Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны фæдыл уынаффæ куы райста, уыцы цауты. Сыгъдæг зæрдæйæ нымайын афтæ, æмæ Уæрæсейы хъайтартæ, кæцытæ ахæм бæрзонд нæмттæ райстой Хуссар Ирыстоны тыххæй, аккаг сты, цæмæй уой Ирыстоны хъайтартæ дæр. Сæ хъайтардзинад  у нæ уæлдæр хорзæхы аккаг дæр», – загъта Президент, инæлар-лейтенант Сергей Кобылашæн «Уацамонгæ»-йы орден дæтгæйæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.