РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты» сæраппонд майданæй схор-зæхджын кодта Хуссар Ирыстоны областон адæмон депутатты 20-æм æрсидт советы депутат Гæбæраты Вадимы.

Гæбæраты Вадимæн бæрзонд хорзæх лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад рæзын кæныны хъуыддаджы йе стыр сæрмагонд лæггæдты тыххæй, республикæйы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинады фидардæр кæныны фæдыл активон архайды æмæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты сæраппонд.

Бибылты Анатоли Гæбæраты Вадимы бабæрæг кодта хæдзары. Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, æмбæлон Барамындыл йæ къух æрфыста 2018 азы августы мæйы, фæлæ йæ бафæндыд, цæмæй йын майдан радтаид сæрмагондæй йæхæдæг. «Ды бирæ сарæзтай Хуссар Ирыстонæн. Республикæйæн уæззау рæстæджыты хайад истай бирæ бадзырдон процессты, хъахъхъæдтай райгуырæн зæхх», – загъта Президент.

Йæ рады, Гæбæраты Вадим арфæ ракодта паддзахады сæргълæууæгæн йæ лæггæдтæн ын кæй саргъ кодта, уый тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ алы æмæ алы азты Гæбæраты Вадим кæй куыста Республикæ Хуссар Ирыстоны цардархайды æндæр æмæ æндæр фадгуыты къухдариуæггæнæджы бынæтты. Куыста горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы бынаты, у Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.