Дыууæ азы размæ горæты 12-æм скъолайы кæрты цы спортивон фæзуат арæзт æрцыд, уый хорзæрдæм бандæвта куыд ахуырдзау сабитыл, афтæ хистæр кары адæймæгтыл дæр. Скъоладзаутæн сæ физкультурæйы уроктæ ахуыргæнджытæ уадзынц уым. Тезгъогæнгæ дзы фенæн вæййы æвзонг мæдты дæр сæ сабитимæ. Спортивон фæзуаты ис алыгъуызон тренажертæ æмæ сыл сæхи фæирхæфсынц, сæйраджыдæр, æрыгон лæппутæ. Бирæ хатт дзы изæрыгæтты æмæ райсомæй раджы ахæм бирæ адæм вæййы æмæ кæрæдзийæн бар дæр нæ фæдæттынц хиирхæфсæнтыл. Ардæм цæуынц æрмæст хъарм бонты нæ, фæлæ зымæджы уазал рæстæджы дæр. Йæ хъуыдытæ зæгъы ацы спортивон фæзуаты тыххæй нæ горæты цæрæг Икъаты Замирæ:

– Æз арæх ацæуын ардæм мæ хъæбулы хъæбултимæ. Уыдон тынг уарзынц уырдæм цæуын, сæхи аирхæфсынц алы тренажертыл дæр. Мæнæн тынг æхсызгон вæййы уыдонмæ кæсын. Тыхæй ма сæ ракæнын хæдзармæ, нал сæ фæфæнды уырдыгæй.

Пухаты Заринæ дæр зæгъы, зæгъгæ, мæ лæппуимæ арæх цæуын уырдæм. Уый афтæ тынг уарзы уырдæм цæуынц æмæ йæ, зæгъгæ, фæкæнын куыд райсомæй, афтæ изæрæй дæр.

Ахæм хъуыдыйыл сты ацы районы цæрджытæ иууылдæр. Уæдæ,  тынг хорз хъуыддаг у,   бирæ рæтты нæм ахæм спортивон фæзуæттæ арæзт кæй æрцыд. Стыр бузныг зæгъынц, ацы хорз хъуыддагыл чидæриддæр батыхстис æмæ йæ сарæзта, уыдонæн иууылдæр.

Дзукъаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.