Сывæллæттæ схъомыл кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Уыдон сты нæ царды дидинтæ. Ныййарджытæ æмæ сывæллæтты ‘хсæн æнгом ахастытæ хъуамæ уа. Уыдонмæ уæлдай хъусдард аздахын хъæуы, æнахъомы кары куы уой, уæд.

Дзырд дæр ыл нæй, сывæллонæн иууыл æввахсдæр æмæ уарзондæр у мад. Уый сывæллоны царды ахсы иууыл стырдæр бынат.

Ныры дуджы хъомылады методтæ ахсджиаг бынат дæттынц фыдæн дæр. Фыд, куыд нæлгоймаг, афтæ нымад у хæдзардарæгыл. Уый нæ нысан кæны, æмæ сывæллоны хъомылады къаддæр хайад иса.

Сывæллæттæ цы хæдзары вæййы, уым вæййы арæх афтæ: фыд куыстæй æрбацæуы, сывæллон æм балидзы, цингæнгæ йыл атыхсы. Фыд ыл уæлæнгай баузæлы æмæ фæлладгъуызæй бацæуы хатæнæмæ. Кæй зæгын æй хъæуы,  уымæн бамбарæн ис, уæззау куысты фæстæ сывæллонимæ хъазын, æцæгæйдæр, зын у, фæлæ ам дзырд цæуы элементарон хъусдардыл. Куыдфæнды фæлладæй дæр фыд хъуамæ ссара чысыл рæстæг, цæмæй бацымыдис кæна йæ сывæллоны царды цаутæм. Уымæй сымах психологон æгъдауæй æрбаввахс кæндзыстут уæ сывæллоны.

Сывæллæттæ хъомыл кæныны хъуыддаджы ныййарджытæй алкæмæн дæр ис йæхи функцитæ. Уыдон алыгъуызон сты, фæлæ баххæст кæнынц кæрæдзийы. Æрмæст дæр мад æмæ фыды иумæйаг хъомылады фæрцы схъомыл вæййы гармонион гоймаг. Мады уарзондзинад, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæкæрон у. Мад йæ сывæллонæн дæтты хъармдзинад, уæздандзинад, рæвдыд æмæ уарзондзинад.

Сывæллон йæ ныййарджыты ‘рдыгæй куы æнкъара уарзондзинад, аудындзинад æмæ йæ куы хата, тыхæй йын ницы хъарынц, уæд йæ хъомыл кæныны рæстæг ацæудзæн лæгъз, æнæ къуыхцытæй. Фæлæ куы æнкъара, никæй хъæуы, ничи йæм йæ хъус дары, уæд свæййы хъæбæрзæрдæ, хиуарзон, суцца.

Фыд æмæ сывæллоны проблемæ алы хатт дæр уыди зæрдæрисгæ. Абоны боны дæр ахсджиагдæр проблемæтæй у сæ иу. Тынг арæх æнахъомтæн йæ ныййарджытимæ вæййы ныхмæдзыдтæ, æмæ сæ фæстиуæг вæййы мæгуырау. Иуæй-иу ныййарджытæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц стыр æхцатæ бакусын. Ферох сæ вæййы, сæ фыццаградон хæс кæй у сæ сывæллæттыл аудын, уый. Бæрзонд технологиты дуджы æнахъомты тынгæй тынгдæр сæхимæ æлвасынц компьютерон хъæзтытæ æмæ фильмтæ, уыдонмæ æмхиц сывæллон уыны алы æвзæрдзинæдтæ дæр.

Уæлдай нæу,  чызг уа æви лæппу, – дыууæтæн дæр фыд цæвиттойнаг вæййы, фæзмынц ын йæ алы фезмæлд, йæ цыдтытæ æмæ хидарыны уаг. Лæппуты цæсты фыд æхсарджын у, цъындцæстæй дæр ыл æууæндынц, æмæ ма хъуамæ базивæг кæнат, уæ фырты уемæ рæстæг æрвитын куы фæнда, уæд.

Сывæллоны йæ фыд куынæ æмбара, уæд уый йемæ арæх кæй не ‘мбæлы, уый аххос у. Ахæм рæстæджы бахъæуы мады æххуыс, æрмæст æй сывæллон хъуамæ ма базона, фыдæн йемæ ахастдзинæдты проблемæ кæй ис æмæ йæ искæй æххуыс кæй хъæуы, уый.

Сывæллон хъуамæ æмбара, фыдмæ хъусын кæй хъæуы, тыхджын кæй у æрмæст уый тыххæй нæ, фæлæ ма фыд æппæт дæр кæй зоны, уый тыххæй дæр.

Арæх тезгъо кæнут сывæллонимæ, зæгъæм, акæнут æй дуканимæ, исты мадзалмæ, цæут иумæ спортивон ерыстæм. Зæгъæм, стадионмæ футболмæ бакæсынмæ. Фыд арæх куы фæцæуы йæ сывæллæттимæ ахæм бынæттæм, уæд сæ ахастытæ дæр фæхуыздæр вæййынц. Сывæллонимæ спортивон хъæзтытæй хъазгæйæ, архайут, цæмæй йæ ма рамбулат стыр хыгъдæй, уæ тыхтæ ма ‘взарут уыдоныл, архайут, цæмæй схæлар уат æмæ уæ уый æцæгæлоныл ма нымайа. Хи ирхæфсыны рæстæджы сывæллоны хъæуы æмгар, серьезон ситуациты та æххæст кæнут фыды роль. Рæстæг куыд цæуа, афтæ кæрæдзийы хуыздæр базондзыстут, бамбардзыстут æмæ уе ‘хсæн фæкъаддæр уыдзæн дæрддзæг.

Сывæллонæн радзурын хъæуы, æвзæр цайдагъдзинæдтæй бахизынмæ йæ кæй хъавут, уый тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уыцы цайдагъдзинæдты æвæрццаг моменттæ дæр. Сывæллоны сахуыр кæнут «нæ» дзурын. Ахстджиаг у, цæмæй йын бинонты ‘хсæн дæр уа уыцы бар. Уæд ын æнцондæр уыдзæн йе ‘мгæртты ныхмæ фæлæууын дæр, зæгъæм ын, афтæ чи дзуры тамако бадым, зæгъгæ, уыдон.

Сывæллоны алы проблемæйы дæр хъæуы зæрдæмæ æввахс райсын. «Уыдон дæ проблемæтæ сты, ды ныр стыр дæ», зæгъгæ, – ахæм дзуапп ын æххуыс нæ, фæлæ йын гæнæн ис ахъаз кæна алыгъуызон дæлдзиныггонд æнкъарæнты рæзтæн, йæхицæн аргъ мауал кæна, уымæн.

Сывæллоны ахуыр кæнут, проблемæтæ куыд скъуыддзаг кæнын хъæуы, кæй нæ хъæуы сæ иувæрсты цæуын, уый. Æмæ  кæд йæ бон сæ аскъуыддзаг кæнын нæу, уæд ын баххуыс кæнут.

Фыд йæ уарзондзинад равдисынмæ æрмæст сабат-хуыцаубоны нæ, фæлæ хъуамæ алы хатт дæр уа цæттæ. Сывæллон ныййарæгæн аргъ кæндзæн, се ‘хсæн æууæнкдзинад куы уа, уæд. сывæллоны ‘рдыгæй уарзондзинад та цыфæнды куыстæй зынаргъдæр у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.