Республикæ Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы 2008 азы  августы 26 бон – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй йæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон – фыст æрцыд сызгъæрин дамгъæтæй, уыцы бон ирон дзыллæйæн у иууыл нысаниуæгджындæр æмæ ахсджиагдæр бæрæгбон, æмæ йæ хуссайраг ирæттæ ныр æстæм хатт нысан кæнынц уæрæхæй. Бæрæгбон уазджытæй фидауы æмæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад райстой æфсымæрон республикæтæй æрцæуæг делегациты уæнгтæ дæр.

Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны сæраппонд Цхинвалмæ æрцыд цæгатирыстойнаг делегаци Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты РЦИ-йы Парламенты æмæ Хицауады уæнгтæ.

Райдианы уал Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы, кæцы Хуссар Ирыстонмæ официалон балцы æрцыд фыццаг хатт.

Тыбылты Леонид арфæйы ныхæстæ загъта цытджын уазæгæн, æмæ банысан кодта, æхсызгон ын кæй у  Хуссар Ирыстоны адæмæн ахæм нысаниуæгджын бон рæстæг кæй ссардта æмæ кæй æрцыд бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй Ирыстоны хуссар хаймæ.

«Абон махимæ кæй дæ æмæ хуссарирыстойнаг адæмимæ иумæ хайад кæй исыс ахæм ахсджиаг бæрæгбонон цауы – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны цытджын бæрæгбонон мадзæлтты, уый нын тынг æхсызгон у», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент куыд загъта, афтæмæй уый Ирыстоны нæ дих кæны Хуссар æмæ Цæгатыл.

«Мах иу адæм стæм æмæ нын ам уæ уынд кæддæриддæр æхсызгон вæййы», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид.

Битарты Вячеслав дæр раарфæ кодта Тыбылты Леонидæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл 8 азы кæй сæххæст, уый цытæн æмæ банысан кодта, абон бæрæгбон кæй у æрмæст Хуссар Ирыстоны адæмæн нæ, фæлæ – æнæхъæн Ирыстоны адæмæн.

«Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, бирæ дыркъуым фæндæгтыл рацыдысты. Æмæ абон Республикæ у хæдбар, нымад паддзахад. Хуссарирыстойнаг адæмимæ иумæ цин кæнынц Цæгат Ирыстоны адæм дæр.

Махæн нæ бон куыд уа, афтæ дарддæр дæр архайдзыстæм æмæ æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй Ирыстоны адæмы ‘хсæн иудзинад ноджы фидардæр кæна», – банысан кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав.

* * *

Уый фæстæ Тыбылты Леонид фембæлд цæгатирыстойнаг делегацийы æппæт скондимæ.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, РХИ-йы Президенты Администрацийы  Къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан.

Тыбылты Леонид уазджытæн куы раарфæ кодта, уый фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстонæй не ‘фсымæрты æххуысы фæр-цы, кæцытæ нын æххуыс кодтой нæ уæззау æмæ зын рæстæджыты, республикæ рахызт йæ размæцыды ног æмвæзадмæ.

«Абоны бон Хуссар Ирыстонæн стыр æппæтадæмон бæрæгбон у Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон. Ахæм бон не ‘фсымæртæ нæ фарсмæ куы ‘рбалæууынц, уæд бæрæгбонтæ нысан кæнын æхсызгон вæййы, уымæй бæрæгбонтæ свæйынц ирддæр æмæ хъæлдзæгдæр. Нæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй исут, уый æз нымайын  нæ æнгом ахастыты рæзтыл. Уыцы ахастытæ уыдысты æмæ ноджыдæр уыдзысты, мах уымæ тырнæм», – загъта Тыбылты Леонид.

Сæрмагонд арфæйы ныхæстæ Тыбылты Леонид загъта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславæн.

«Республикæмæ де ‘рцыдмæ мах æнхъæлмæ кастыстæм, æмæ мæнæн тынг æхсызгон у, абоны бон кæй равзæрстай, кæй æрцыдтæ, æмæ Хуссар Ирыстонæн стыр нысаниуæгджын бæрæгбоны хуссарирыстойнаг æфсымæртимæ иумæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсын кæй аскъуыддзаг кодтай. Мах цал хатты фембæлæм, уал хатты бахахх кæнæм, иу адæм кæй стæм æмæ кæддæриддæр кæрæдзийы фарсмæ кæй хъуамæ лæууæм,  уыцы факт», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Президент банысан кодта, 2008 азы августы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны сырдон æрбабырсты рæстæджы дæр æмæ уый размæйы азты дæр Цæгат Ирыстоны æххуыс æмæ фарсхæцынад.

«Мах не ‘ппæт дæр хорз зонæм, 8 азы размæ нæ зæххыл цы цаутæ цыд, уыдон. Уыцы цауты фæстиуæгæн гæнæн уыд мауал уыдаид Республикæ Хуссар Ирыстон. Фæлæ нæм Гуырдзыстон, хæст нæ расидгæйæ, куы æрбабырста, уæд нæм æххуысмæ æрцыд нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерацийæ. Фондз боны дæргъы Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтæ нæ Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджытимæ иумæ агрессоры æркодтой сабырдзинадмæ, нæ адæм æмæ нæ республикæ аирвæзтысты скуынæгæй. Уыцы аз 26 августы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр къухдариуæгады  барамындæй Хуссар Ирыстон нымад æрцыд хæдбар паддзахадæй. Уыцы бонæй фæстæмæ мах цæрæм сæрибар бæстæйы, Уæрæсейы фæрцы хорз темптæй æндидзын кæнæм республикæйы», – загъта Тыбылты Леонид.

Битарты Вячеслав дæр раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонидæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн, республикæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны стыр бæрæгбоны цытæн.

«Ды йæ куыд банысан кодтай, афтæ мах иу адæм стæм. Афтæ рауад æмæ абон мах дих кæны паддзахадон арæн, фæлæ уæззау рæстæджытæ куы æрлæууы, аст азы размæ – 2008 азы Хуссар Ирыстоны куыд уыд, уæд мах алы хатт дæр кæрæдзийы фарсмæ уæхски-уæхск æрлæууæм», – загъта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав.

Битарты Вячеслав дæр банысан кодта, Уæрæсейы Федераци 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр æмæ уый фæстæ дæр Хуссар Ирыстоны сæндидзын кæны-нæн цы æххуыс кæны, уый ахсджиагдзинад.

«2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхты фæрцы цыбыр рæстæгмæ агрессор тыхæй æрконд æрцыд сабырдзинадмæ æмæ фæтк æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны. Уый фæстиуæгæн не ‘фсымæртæй бирæты цард æрцыд хъахъхъæд. Уый тыххæй мах кæддæриддæр бузныг стæм Стыр Уæрæсейæ. Абон уынæм республикæ æнтыстджынæй размæ куыд цæуы, куыд рæзы йæ инфраструктурæ,  Уæрæсейы Федераци æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн йæ социалон-экономикон æмæ политикон фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дæр. Леонид Харитоны фырт, куыд Президент æмæ куыд дæ адæмы, республикæйы патриот, афтæ æппæт уыцы хъуыддæгты дæ хайбавæрд дæр тынг стыр у.

Дæуæн æмæ  мæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн зæгъын фæнды дарддæры рæзт, сабырдзинад, алы хæдзары дæр фарн æмæ амонд цы уа, ахæм фæндиæгтæ», – загъта Битарты Вячеслав.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид æмæ Битарты Вячеслав ныхас кодтой социалон-экономикон æмæ культурон фадгуыты иумиаг проектты реализацийы тыххæй дæр.

Фембæлды кæронбæттæн Тыбылты Леонид цытджын уазджыты схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй:

Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хæйтты ‘хсæн интернационалон бастдзинæдтæ рæзын кæныны хъуыддагмæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боны цытæн  Хæлардзинады Орденæй хорзæхджын æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав; Хæлардзинады Орденæй ма хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег дæр; «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты боны цытæн» майданæй хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Арæзтад æмæ Архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Хуссар Ирыстоны рог атлетикæйы президент Икъаты Русланбег; РЦИ-Аланийы Парламенты Националон политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл  комитеты Сæрдар Козаты Сослан; РЦИ-Аланийы Парламенты Бюджет, хъалонтæ, сæрмагонд исад æмæ кредитон организациты фæдыл комитеты Сæрдар Хæдæрцаты Асланбег.

Уый фæстæ дыууæ æфсымæрон республикæты сæргълæуджытæ, бæрæгбонон мадзæлтты хайадисджытимæ иумæ ацыдысты, 90-æм азты Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты цы мемориалон уæл-мæрд сырæзт, уырдæм æмæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой кувæндоны раз.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.