Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ивгъуыд къуырийы йæхимæ райста æмбæстæгты. Хицауады Сæрдармæ æрбацыдысты  фараст адæймаджы алыгъуызон куырдиæттимæ.

Æмбæстæгтæн сæ куырдиæтты иу хай уыд зæххы фадыг райсыны тыххæй. Куыд зонæм афтæмæй, ацы фарст скъуыддзаг кæны горæт Цхинвалы администраци. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй æмбæстæгты куырдиæттæ æрвыст æрцæуой горæты администрацийы радон коллегимæ.

Куырдиæттæн сæ иннæ хай  уыдысты,  цæмæй финансон æххуыс райсой хос кæныны тыххæй. Арæх ахæм куырдиæттæ æрбарвитынц Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадмæ, афтæ ма Цæстдарæн советмæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ уыдон скъуыддзаг не ‘рцæуынц. Уымæ гæсгæ, æмбæстæгтæ бахатынц паддзахады уæлдæр къухдариуæгадмæ.

«Хъыгагæн, бæрзондквалификациджын медицинон æххуыс цы æмбæстæгты хъæуы, уыдон сты, æрвылмæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуы æххуысы тыххæй, уыдонæй фылдæр. Фæлæ уæддæр хъæуы ссарын фадæттæ, цæмæй адæмæн баххуыс кæнæм», – загъта Пухаты Эрик.

Ходабулы хъæуы цæрæг Хъæцмæзты Батрадз Хицауады Сæрдармæ бахатыд, цæмæй йын тренажорон зал саразынæн баххуыс кæна.

«Хъæууон фæсивæды æнæмæнг хъæуы зал. Бирæты фæнды спорты фадыджы архайын, æмæ тренажерты архайын та у спортивон  тренировкæты зындгонддæр хуыз. Уымæй уæлдай ма, нæ сæрибар рæстæг кæм æрвитæм, уый нын нæй», – загъта Хъæцмæзты Батрадз.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, хицауад кæй архайы массон спорт райрæзын кæныныл, парти «Иууон Ирыстон»-ы æххуысæй арæзт æрцыдысты спортивон фæзуæттæ. Фæлæ уæддæр Пухаты Эрик ныфс бавæрдта, кæй баххуыс кæндзæн тренажерон зал бакæныны хъуыддаджы.

«Фæсивæды тырнындзинад спорты фадыджы хорз у. Уымæ гæсгæ столицæйы æмæ районты арæзт цæуынц спортивон фæзуæттæ. Алы районы дæр ацы фарст лæмбынæгæй скъуыддзаг кæнын нырма зын у, фæлæ мах дæ куырдиат аскъуыддзаг кæндзыстæм нæ фадæттæм гæсгæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Хицауады Сæрдармæ химæрайсты ма уыд зынгæ поэт, журнал «Фидиуæджы» сæйраг редактор Хъодалаты Герсан. Ныхас цыд ирон æвзаджы дарддæры райрæзтыл æмæ республикæйы рагон литературон журналæн  баххуыс кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.