Нæ горæты фылдæрæй фылдæр кæнынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ æмæ цæрæн хæдзæртты нымæц. Куыд арæзт цæуынц, уымæ йæ хъус дары нæ республикæйы разамынад.

15 октябры дæр та Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти бабæрæг кодта горæты арæзтцæуæг объектты уавæр, кæцытæ арæзт цæуынц Республикæ Хусар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Инспекцион азылды рæстæджы ма Хицауады Сæрдаримæ уыдис РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард. Уыдон уал фыццаг бабæрæг кодтой дзулфыцæн комбинат.

Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцæудзысты рæстæгыл æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз октябры мæйы. Фæлæ ацы арæзтады 31 адæймаджы йеддæмæ кæй нæ кусы, уый тыххæй равдыста йе ‘нæразыдзинад æмæ бафæдзæхста, цæмæй фæфылдæр кæной кусджыты нымæц, кæннæд тас у банысангонд æмгъуыдтæм арæзт куы нæ фæуа, уымæй.

Уый фæстæ бабæрæг кодтой Хъайтарты уынджы цы цæрæнхæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдоны. Ам кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнхъæлмæ фæкæсынц арæзтадон æрмæджытæм, уымæ гæсгæ сын ис чысыл къуылымпыдзинæдтæ. Ам дæр Хицауады Сæрдар равдыста йе ‘нæразыдзинад æмæ бауайдзæф кодта, рæстæгыл кæй нæ батыхсынц æрмæг самал кæныныл, уый тыххæй. Æдæппæтæй дзы кусы 93 адæймаджы. Кусджытæ фылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Куысты графикæй фæстейæ кæй зайынц, уымæ гæсгæ уыдонæн бахæс кодта, цæмæй кусджыты нымæц  фæфылдæр кæной.

Уырдыгæй бацыдысты, Октябры уынджы цы дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары реконструкци цæуынц, уыдонмæ. Ам куыстытæ цæуынц бирæ рæвдздæр. Кусынц дзы 50 адæймагæй фылдæр. Тагъд æрæвналдзысты агъуыст æмбæрзæн куыстытæм, æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ дæр.

Хицауады Сæрдар ма бабæрæг кодта, Дзадтиаты æмæ Фæскомцæдисонты уынгты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый дæр.

Кæронбæттæны Хицауады Сæрдар банысан кодта ахæм азылдтыты нысаниуæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон ахъаз кæнынц, Инвестицион программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц,  арæзтадон куыстытæ цы темптæй цæуынц æмæ, сæйраджыдæр та, сæ гъæд фæхуыздæр кæнынæн.

Дзулфыцæн комбинаты тыххæй дзургæйæ, банысан кодта, йæ бæстыхай бирæ азты дæргъы дзуапп кæй лæвæрдта цæрджыты домæнтæн. Фæлæ базæронд сты йæхæдæг дæр æмæ дзы цы ифтонггæрзтæ ис, уыдон дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ арæзт цæуы ног бæстыхай æмæ йын æппæт уавæртæ дæр уыдзæн гъæдджын продукци уадзынæн. Аразджыты уый бафæдзæхста, цæмæй куысты темптæ фæтагъддæр кæной. Куыд ма загъта, афтæ-мæй йæ ныфс ис октябры мæйы кæронмæ объект арæзт кæй фæуыдзæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы цæрæнуатон арæзтадмæ. Куыстытæ графикæй чысыл фæстийæ зайынц, Хъайтарты уынджы кæрон раздæры авто-транспортон территорийыл цы хæдзæрттæ арæзт цæуы, уыдоны. Фæлæ куыстыты гъæдмæ, контролгæнæг органты хатдзæгтæм гæсгæ фау æрхæссæн нæй, æмæ уый æхсызгон хъуыддаг у. Уый ноджыдæр банысан кодта æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджыты бафæдзæхста, цæмæй арæзтадон куыстыты гъæдмæ сæрмагонд хъусдард здæхт цæуа, уымæн æмæ, зæгъгæ, мах æвдисæн уыдыстæм бакæнгæ куыстыты иу ног æмæ ногæй куыд бахъуыд аразын. Уый та-иу йæ фæдыл сайдта уæлдай финансон фæрæзтæ хардз кæнын.

Октябры уынджы кæрон цы дыууæ фарастуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ реконст-рукци цæуынц, уыдоны куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ сын сæ куыст-мæ фау æрхæссæн нæй. Хицауады Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ ныфс бавæрæн ис, æппæт куыстытæ дæр азы кæронмæ арæзт кæй фæуыдзысты.

Уынгты хæрзарæзтады фæдыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, Дзадтиайы æмæ Фæскомцæдисонты уынгты нырма бирæ бакæнинаг куыстытæ ис. Иннæ арæзтцæуæг уынгты кæронмæ фæхæццæ кæнынц уыцы куыстытæ. Дзадтиайы æмæ Фæскомцæдисы уынгты куыстытæм æрæвнæлдтой фæстæдæр, уыимæ ма зындзинæдтæ уыдис зæххы бын коммуникациты  хæдзæрттæм бауадзыны дæр. Фæлæ уæддæрхъуамæ сцæттæ уой октябры мæйы кæронмæ. Дзадтиайы фыртимæ абаргæйæ Фæскомцæдисонты уынг уæлдай ахсджиагдæр у горæты цæрджытæн. Куы схæзарæзт уа, уæд ууылты цæудзысты фылдæр машинæтæ æмæ уымæй 8 июны уынджы машинæты змæлд фæкъаддæр уыдзæн. Æнæуый дæр 30 азæй фылдæр ацы уынг цалцæг не ‘рцыд æмæ куы схæрзарæзт уа, уæд стыр æхсызгон уыдзæнис, чи йыл цæры, уыцы цæрджытæн. Афтæмæй ацы аз, раздæр горæты цы уынгтæ хæрзарæзт æрцыдысты, уыдонмæ бафтдзысты ноджыдæр 11 уынджы. Æмæ уый та фадат дæтты горæты цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, комфортон уавæртæ сын цæрынæн аразынæн. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у æхсызгон хъуыддаг.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, мах лæуд стæм раст фæндагыл, Инвес-тицион программæ реализаци кæнын фадат дæтты цæрджыты царды æмвæзад, сæ фæрныгад бæрзонддæр кæнынæн.

Хъуылымбегты Доменти ма куыд банысан кодта, афтæмæй бирæ пълæнттæ ис фидæн азмæ дæр. Уыцы аз та хъуамæ арæзт æрцæуой 12 уынджы. Уыдоны фæдыл ныртæккæ цæттæ цæуы проектон сметæйон документаци.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.