Цæгат Ирыстоны горæт Алагирæй Дзæуджыхъæумæ фæндагæн йæ галиу фарс быдыры ис æнусон бæлæсты къох, æмæ йæ хонынц Хетæджы къох. Этнографион литературæйы ис тынг бирæ æрмæг ацы къохы тыххæй, йæ равзæрды фæдыл ис алыхуызон таурæгътæ дæр. Хетæджы къохы тыххæй фыццаг фыстой А. Шегрен æмæ этнограф Н. Берзенов. Шегрен цы таурæгъ æрхаста, уымæ гæсгæ раджы заманы цардис хъæбатыр, хуыцауæнкувæг лæг, йæ ном — Хетæг. Иухатт куы уыдис, уæд та Хетæгмæ бабырстой йе знæгтæ. Уый алыгъд, Суададжы онг æрбахæццæ. Уым æй йе знæгтæ æрбаййæфтой, Хетæджы ныфс асаст, мæлын йеддæмæ йын хос нал уыд. Раст æм уыцы афон æввахс хъæдæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæлæс: «Хетæг, — хъæдмæ!» Фæлæ хъæд Хетæгмæ дард уыд æмæ ма уый онг бахæццæ уыдаид, уый ныфс æй нæ уыд, æмæ йæм дзуры Хетæг: «Хетæг — хъæдмæ нæ, фæлæ хъæд — Хетæгмæ!» Уæд æцæгдæр хъæдæй иу гæбаз рахицæн æмæ Хетæджы бахызта знагæй, ныртæккæ къох кæм ис, уыцы бынаты. Н. Берзенов та ныффыста ацы таурæгъы æндæр вариант. Раджы заманы, Хетæджы къох ныртæккæ кæм ис, уыцы бынаты уыдис рæсугъд хъæздыг хъæу. Уым цардис, диссаджы алæмæты миниуджытæ кæмæн уыдис, ахæм лæг, хуыдтой йæ Хетæг. Уый, дам, арвыл стъалыты нымæц нымадта йе ’нгуылдзтыл, базыдта-иу, цы уыдзæн, уый, базыдта-иу адæймаджы æмæ хæдзарон фосы мæлæт æмæ а. д. Уымæ гæсгæ йæм адæм цыдысты фæрсынмæ, æнæ уый бафæрсгæйæ хъæуæй цуаны кæнæ балцы ничи цыдис. Афтæмæй Хетæджы руаджы хъæу цардис амондджынæй. Гъе, фæлæ фæстагмæ Хетæг цудын æмæ лæмæгъ кæнын байдыдта, бакуырм ис, йæ диссаджы миниуджытæ сæфын байдыдтой. Раст уыцы рæстæджы адæмыл айхъуыст, зæгъгæ, хъæумæ знаг æрбабырсы æмæ хъæу бынтондæр хъуамæ ныппырх кæна. Знаг хъæумæ куы ’рбаввахс, уæд хъæу бацыдысты зæронд Хетæгмæ æмæ йын загътой, зæгъгæ, стырæй, чысылæй хъæдмæ хъуамæ алидзæм, ды дæр рацу немæ, науæд сæфыс. Уæд Хетæг афтæ зæгъы: мæ бон ницыуал у, базæронд дæн, мæ уæнгтæ мæ нал хæссынц, хъæдмæ ацæуын мæ бон нæ бауыдзæн, фæлæ, хъæд, дæуæн дæхимæ сидын стыр пехуымпар Мæхæмæты номæй — æрцу мæм дæхæдæг æмæ мæ бахиз фыдызнагæй. Хъæд, фехъуысæд дæм мæ лæгъстæ! Уæд, зæгъы, тар хъæдмæ æцæгдæр фехъуыст Хетæджы лæгъстæ. Уый сыстад йæ бынатæй, æрцыд æмæ фервæзын кодта Хетæджы дæр æмæ йæ хъæуы дæр æнамонддзинадæй. Уый фæстæ ма хъæу уыцы бынаты чысыл ацардысты, стæй æндæр ранмæ алыгъдысты.

Афтæмæй уыцы бæлæсты къох Хетæджы цытæн схуыдтой Хетæджы къох. Хъæд ссис дзырдхъæд. Иу къалиу лыг кæнын дæр дзы нæ фæтчы. Æгæрстæмæй дзы хъæддаг дыргътæ тонын дæр нæ фæтчы. Ацы фæтк чи фехала, къохæй къалиу дæр чи рахæсса, уый, дам, бакуырм вæййы.

Хетæджы номыл бæрæгбон кæдмæ æййафы, уый фæдыл алыхуызон хъуыдытæ ис литературæйы. Б. Мункачи Хетæджы стырбон кæнæн хоны июны фыццаг хуыцаубон. Къарджиаты Бекызæ та июны мæйы хоны Хетæджы мæй. 1991 азы бæрæгбон сарæзтой 17 июлы. Хетæджы къохы хуызæн чысыл къохтæ Цæгат Ирыстоны дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр бирæ хæххон хъæуты ис, уыдонмæ дæр цæуынц бынæттон цæрджытæ кувынмæ, Хетæджы къохмæ куыд цæуынц, афтæ. Ацы чысыл къохты хонынц æндæр æмæ æндæр нæмттæ: Сау хъæдтæ (ома, тар хъæд) Сау дзуар, Дзуары хъæд æмæ а. д. Уыдон иууылдæр уыдысты кувæндæттæ. Бирæты мидæг дзы уæлмæрд дæр сарæзтой бынæттон цæрджытæ. Ацы чысыл къохтæ уыдысты дзырдхъæдтæ — бæлас кæнын дзы нæ фæтчыдис. Уыдон номыл бæрæгбонты æргæвстой гал, фыс, уæрыкк (къух куыд амыдта, афтæ), куывтой, цæмæй сын сæ къохы бахъахъхъæной фыдæй, фыдгæнæджы фæрæтæй. Къохы сугтæй-иу спайда кодтой æрмæст стырбоны кувинæгтæ цæттæ кæнынæн. Иуæй-иу информаторты хъуыдымæ гæсгæ, Хетæджы бон кодтой июлы фыццаг хуыцаубоны, мæнæугæрдæнты фыццаг бонты. Йæ таурæгъ ын зоны алчи дæр. Хонынц æй Хетæджы къох, Хетæджы бын, Хетæджы дзуар, Хетæджы Уастырджи, сылгоймæгтæ та — Тымбылхъæдыдзуар, Лæгтыдзуар. Ирон адæм цæуынц йæ бынмæ кувынмæ.

Лæгтыдзуары кувæндонмæ Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ, сылгоймаг никуы цыд, нæфæтчиагыл нымад уыд уый сылгоймагæн. Фæлæ хæсты рæстæджы Ирыстоны фæсте лæг нал баззад, бирæ хæдзæрттæй лæг рацæуæг нал уыд, иууылдæр уыдысты хæсты быдыры. Уæд ирон мад сфæнд кодта Лæгтыдзуары кувæндонмæ цæуын, йæ бæлццæттæн уым табу кæнын, ирон сылгоймаг сфæнд кодта Лæгтыдзуары хъæды бæрзондмæ ныллæгæй бакувын, йæ зонгуытыл лæугæйæ, цæмæй Ирыстоны æнæдарæгæй, усбындарæй ма баззайа.

Зæрæдтæ куыд дзурынц, афтæмæй раздæр уыцы кувæндонмæ ирон адæм дæрддзæфгомау сæ дзабыртæ раласгæйæ цыдысты бæгъæмвадæй табугæнгæ. Уый сæ дзуары фæтк уыд нæ фыдæлтæн. Æнæуаг ныхас, æнæгъдау ми никуы уыд ацы уаз ран, æрмæстдæр — кувгæ, заргæ, хъæлдзæгдзинад.

Цыбырты Людвиг, «Ирон бæрæгбонтæ»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.