Цины ӕнкъарӕнтимӕ æмбæлынц сӕ ногазон бӕрӕгбоныл Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ дӕр. Сабитӕн сӕхи къухтӕй рӕсугъд фӕлыст назбӕласы алыварс ӕрбамбырд сты скъоладзаутӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ хурау худынц, сты бӕрӕгбонвӕлыст ӕмӕ сӕм адӕймаг кӕсынӕй не ‘фсӕды. Уæдмæ сӕм фӕзынд бӕрӕгбоны мадзаламонӕг Хуыбецты Камиллӕ ӕмӕ райхъуыстысты йӕ арфӕйы ныхӕстӕ. Стӕй ӕрсидт скъоладзаутӕм ӕмӕ сӕ фӕрсы, цахӕм бӕрӕгбон у, зӕгъгӕ. Уыдон дӕр ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп кӕнынц, Ног азы хъӕлдзӕг бӕрӕгбоныл кӕй ӕмбӕлынц. Уый фӕстӕ сӕххӕст кодтой кафт, зарыдысты зарджытæ.  

Ног аз нымад цӕуы Мысты азыл ӕмӕ ацы роль ӕххӕстгӕнӕг Гаглойты Камиллӕ дæр бӕрӕгбоны хайадисджытӕн раарфӕ кодта. Уый фӕстӕ скъоладзаутӕм ӕрсидт, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уагъд ӕрцӕуой йӕ разамындӕй. Фӕлӕ ууыл ахуырдзаутӕ не сразы сты ӕмӕ сӕм уӕд фӕзындысты Митын Дада ӕмӕ Митын Чызг, се ‘ххӕстгӕнджытӕ та уыдысты Мӕлдзыгаты Аслан ӕмӕ Саулохты Аннӕ. Фӕстӕдӕр Мыст расидт конкурс ӕмӕ сӕ аив хъазтӕй сæхимæ ӕркӕсын кодтой бӕрӕгбоны хайадисджыты. Митын Дада раппӕлыд Мыст, Уыры ӕмӕ хъазты иннæ хайадисджытӕй, ахӕм цымыдисон номыр кӕй сӕххӕст кодтой, уый тыххӕй. Сывӕллӕттӕ ма зарыдысты ногазон зарджытӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл, сӕххӕст кодтой кӕфтытӕ дӕр. Хуыздӕр йӕхи чи равдыста, уыдон лӕвӕрттӕй барӕвдыдта Митын Дада. Мадзалы фӕстӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны сабитӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ райстой ногазон лæвæрттæ.

                                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.