Царды алы професси дæр йæхирдыгонау ахсджиаг æмæ вазыгджын у. Уыдонæй ахсджиагдæртæй сæ иу у Мидхъуыддæгты органты кусæджы дæсныйад, кæцыйы хæс у барвæтк æмæ закъондзинад хъахъхъæнын. Уыцы хъуыддагыл лæуд сты Знауыры районы мидхъуыддæгты управленийы хайад дæр, йæ сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг, дæлбулкъон Собаты Азæмæт, афтæмæй.

Собаты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, хайады архайы криминалон æмæ æхсæнадон милици. Криминалон милици йæ хъус дары комкоммæдæр криминогенон уавæрмæ, ома, давыны, тыхæй бабырсты æмæ æндæр ахæм цаутæ ма æруадзынмæ. Æхсæнадон милицимæ та хауынц фадыгон милиционертæ æмæ æндæр дæлхæйттæ, кæцытæ сæ хъус дарынц æхсæнадон фæтк æмæ фыдракæндон архæйдтытæ ма æруадзынмæ. Уыимæ ма зилынц хъæуты æмæ æн-гом кусынц хъæуты цæрджытимæ,  адæмимæ ныхас кæ-нынц, æвзарынц сын барвæтк халыны фæдыл сæ хъæстытæ. Фыдракæнддзинад иннæ районтимæ абаргæйæ Знауыры районы у къаддæр.

«Районы хайад кадртæй цухдзинад не ‘ййафы. Раздæр нæм уыд Экономикон фыдракæндтæ æмæ наркотикон буарадтæ парахатгæнджыты ныхмæ тохы хайадтæ. Куыстой дзы фæйнæ дыууæ адæймаджы. Фæлæ уыдон ивд æрцы-дысты министрадмæ. Ныртæккæ дзырд цæуы, цæмæй ацы хайадтæ фæстæмæ лæвæрд æрцæуой районтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у хорз хъуыддаг, уымæн æмæ бынаты фыдракæнддзинад равзарын æмæ æрмæджытимæ зонгæ кæнын у хуыздæр. Уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ нæм ацы хайадтæй хъусдард нæ уыд, фæлæ ма йæ уæлдæр куыд банысан кодтон, уымæ гæсгæ районон хайадты куы кусой, уæд хуыздæр у.

Æмбæстæгты, сæйраджы-дæр, милицийы æххуыс фæхъæуы, се ‘хсæн конфликт куы рауайы æмæ сæ бон йæ æрны-выл кæнын куынæ вæййы», – зæгъы Собайы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уы-дон æнгом æмгуыст кæнынц Паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ районы администрациимæ.

Транспортон ифтонгад ис æмбæлон уавæры, нæ тыхсынц уыцы хъуыддаджы. Æрвылмæй дæр хайад ифтонг цæуы æртагсæрдæн æрмæджытæй.

Иумиагæй сисгæйæ, районон хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæджы ны-хæстæм гæсгæ районы территорийыл уавæр у стабилон æмæ фæткыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.